Бæрæг куыд у, афтæмæй цæрджыты ПЦР аразынмæ ныр рынчындонмæ бацæуын æмæ уым рады лæууыны сæр нал хъæуы. Уый тыххæй фæдзурын хъæуы телефоны мæнæ ахæм номыртыл – 810-60-96, Тагъд æххуысы бригадæ, бынатмæ бацæугæйæ, сараздзæнис тест. Югосетпотребнадзоры лабораторийы дыууæ боны æмгъуыдмæ сараздзысты иртасæнтæ æмæ дзуапп ратдзысты, пациент вирусæй рычын у æви хуымæтæг гриппæй. Кæд æмæ адæймаг уæлæнгай рынчын у, уæд æй сæвæрдзысты хыгъды æмæ йæм хæдзармæ йæ хъус дардзæнис фадыгон дохтыр. Уæззау рынчынтæн саразынц компьютерон томографи æмæ кæд рæуджытæ  хъыгдард вæййынц 25 процентæй уæлæмæ, уæд æй арвитынц «Сырх зонæ»-мæ. Ам рынчын райсы æмбæлон медицинон æххуыс æмæ куы сæнæниз вæййы коронавирусæй, уæд æй арвитынц хæдзармæ, æмбæлон инструкци йын ратгæйæ. Рынчын уый фæстæ дæр хъуамæ уа медикты хъусдарды бын.

Фæстаг бонты рынчынты нымæц нæ къаддæр кæны. Хатт бахъæуы волонтерты æххуыс. Хъыгагæн, дæрддзæф районтæй кæй æркæнынц, уыдонæй бирæтæн хиуæттæй семæ ничи вæййы.

«Волонтертæ æдзух нæ вæййынц «Сырх зонæ»-йы. Æххуыс нæ куы бахъæуы, уæд сæм телефонæй бадзурæм æмæ уадид нæ фарсмæ балæууынц. Фаронимæ абаргæйæ, кæд афтæ тыхст нал стæм, уæддæр нæ медперсонал, сæйраджыдæр, сылгоймæгтæ сты. Физикон тых кæм бахъæуы, уым та нæлгоймæгтæ сарæхсынц. Раст зæгъгæйæ, махыл, медперсоналыл дæр хорз æндавынц  волонтертæ. Уыдон нæ фарсмæ куы вæййынц, уæд нын æнцондæр вæййы», – зæгъы рынчындоны сæй-раг дохтыр Быценты Индирæ.

Хъыгагæн, мæлыны цаутæ дæр арæх вæййы. Æмæ уый æрмæст кардзыд адæймæгты ‘хсæн нæ, фæлæ ас-тæуккаг кары чи ис, ахæмты ‘хсæн дæр. Уæззау рынчын-тæ æрвыст æрцæуынц республикæйæ æндæр медицинон уагдæттæм.

Бирæ хатт суткæйы мидæг COVID-æй рынчынты нымæц схизы 100 адæймаджы онг, фæлæ уый хыгъд иу суткæмæ чи сдзæбæх æмæ хыгъдæй ист чи æрцыд, уыдоны нымæц дæр къаддæр нæ вæййы. Практикæ куыд æв-дисы, афтæмæй вакцинæ арæзт кæмæн æрцыд, уыдон стæмдæр хатт рынчын кæнынц, куы фæрынчын вæййынц, уæд та йæ рогдæрæй сфæразынц.

Быценты чызг ма зæгъы, зæгъгæ, хатт иуæй-иу рынчынты бахъæуы психолог дæр æмæ йæ æрбахонынц, уый рынчынтимæ аныхæстæ кæны æмæ уыдон дæр æрсабыр вæййынц.

Вакцинаци кæнынмæ не ‘мбæстæгтæ куыд цæуынц, уый тыххæй та нын горæты поликлиникæйы сæргълæууæг Санахъоты Тамарæ афтæ радзырдта:

«Куыд зонæм, афтæмæй нæ республикæйы коронавирусы ныхмæ вакцинаци аразын райдыдтой 2021 азы майы мæйæ. Уыцы азы кæронмæ вакцинæ арæзт æрцыд 1800 адæймагæн. Уыдонæй 600 адæймаджы сарæзтой «Спутник лайт», иннæтæ та – «Спутник V», –  зæгъы уый.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй райдианы арæзтой вакцинæ «Сутник V», фæлæ сæ стæй фæстæдæр Уæрæсейы Федераци сифтонг кодта «Спутник лайт»-æй дæр. Санахъоты Тамара ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй уымæ цы зонæнтæ ис, уыдонмæ гæсгæ вакцинæ иу адæймаг дæр æвзæр нæ ахаста. Алчи дæр сæ ис фадыгон дохтыры цæстдарды бын. Кæд æмæ исчи рахъаст кæны йæ уавæрæй, уæд ын саразынц анализтæ. Вакцинæ чи саразы, уыдонæн лæвæрд æрцæуы сертификат. Нысан дзы цæуы антителаты нымæц. Ацы сертификат кусы Цæгат Ирыстоны, Уæрæсейы, Мæскуыйы.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.