Чи зоны, худæг дæр у, фæлæ, куыддæр фехъуыстон, рухс федта Хъазиты Мелитоны стыр зонадон куыст «Ирон литературæйы истори»-йы фæндзæм том, афтæ мæ зæрдыл æрбалæууыдысты Асаты Реуазы зарæджы ныхæстæ: «Оу, мæнæ та радио ног уац æрхаста…» Афтæмæй ацы уац радио не ‘рхаста. Нæдæр зарджыты сæр у. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм зонадон куыст сфæлдисын стыр фыдæбæттæ, бирæ æнæвдæлон азтæ æмæ æгъуыссæг æхсæвтæ арвитын домы, уый та иунæг мур дызæрдыггаг дæр нæу.

Чингуытæн æрмæст сæ гуырахстыл куы ахъуыды кæнæм, – хизынц 500 фæрсты онг, – уæд уый дæр у нымаинаг. Ахæм гуырахстджын чингуытæ сфæлдисын мæнæ нæу, уæлдайдæр, конкретон фысджыты тыххæй сæ конкретон уацмыстыл. Уымæйдæр дæ, кæй цард æмæ сфæлдыстадыл фæнда дзурын, уыцы фысджытæм дын нæ астæуккаг, стæй уæлдæр ахуыргæнæндæтты ирон нывæфтыд литературæйы программæ куы æхгæна дæ фæндаг, алы фыссæджы сфæлдыстад райхалыны тыххæй дын куынæ рæстæг дæтта, куынæ дын дзурæн уа.

Ацы чиныгмæ автор бахаста, нæ нывæфтыд литературæйы, уæлдайдæр, поэзийы рæзты ахсджиаг бынат чи æрцахста, нæ дзырдаивад нын бæрзонд чи систа, сæрыстыр кæмæй стæм, уæлдайдæр, иустæмтæй фæстæмæ нырма не ‘хсæн чи цæрынц, уыцы фæлтæры – ивгъуыд æнусы æхсайæмазонты тыхджын æмæ дардыл сфæлдыстад.

Автор нæ поэзийы уыцы дугæн цы аргъ кæны, цы цæстæнгасæй йæм кæсы, уый бæрæг у чиныджы дæлсæрæй – «Ирон поэзийы сыгъзæрин рæстæг», зæгъгæ. Уымæн æмæ, фæндзайæм азты ирон аив литературæ ногæй йæ райдайæны фидар фæндагыл куы æрлæууыдис, уæд йæ хъомысджын рæзтæн æхсайæм азтæ фесты стыр æххуыс, кæд уæды фысджытæн æнцон кусæн нæма уыдис, сæ разы бирæ кæнгæ цæлхдуртæ уыд, размæ къахдзæф кæнын сæ нæ уагътой, уæддæр.

Чиныджы автор фыццаг сæры зæгъы: «Ирон литературæйæн, уæлдайдæр, поэзийæн, раздæры Советон Цæдисы æппæт адæмтау, йæ рæстæджы æрлæууыд сыгъзæрин рæстæг, æцæг амондхæссæн, адæймаджы уд сыгъдæггæнæг рæстæг. Йæ равзæрдæй фæстæмæ кæд йæ риуы æмбæрц цыдис размæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ хъæздыгæй-хъæздыгдæр кодта æмæ йæм тынг стыр фидæн æнхъæлмæ каст, уæддæр ыл 30-æм азтæй фæстæмæ ныккодта тугуарæн, æмæ йын 50-æм азтæм нал уыдис йæхимбæрц слæууыны фадат». Йæ ныхас бафидар кæныны тыххæй цæвиттон хæссы Дзуццаты Хадзы-Мураты хъуыдыйæ: «Ирон фысджытæй стыр æмæ арф курдиат кæмæ уыд, уыдонæй бирæтæ сæхи зонгæ-зонын снывонд кодтой… идеологийы рæстдзинадæн, сæ иугай, хицæн уацмыстыл сын куынæ дзурæм, уæд æмткæй се сфæлдыстад бындуронæй снывæстой социализмы реализмы домæнтæ æмæ догмæтæм гæсгæ, æмæ уымæй, зæгъæн ис, сæхи бабын кодтой».

Мелитон алы хатт дæр йæ ахсджиаг хъуыдытæ, йæ размæуæвæг литераторты цæвиттонтæй кæй бафидар кæны, уый чиныгкæсæгæн хуыздæр фадат дæтты, цæмæн нæ уырна йæ ныхас. Уыимæ авторы фæрцы базонæм, иу кæнæ иннæ фыссæджы уацмысты тыххæй æмткæй литературæйы хъуыды, йæ нысаниуæг, аивады йын цы бынат ис, уыдæттæ. Æмæ уый нæ бон нæ бавæййы алы монографийы.

Зæгъæм, Мелитон йæ монографи «Нафи»-йы (2015) спайда кодта æртæсæдæйы онг, номхуындæй – 287 цæвиттонæй, æмæ уыцы фæлтæрддзинад уынæм йæ ацы зынгæ æмæ ахадгæ монографийы дæр.

Монографи йæхæдæг конд у фараст сæрæй æмæ дзы ис авд, гуырахстæй къаддæр монографийы. Ома, иу монографи сæйраджы конд у авд монографийæ. Ныхас цæуы авд æхсайæмазоны цард æмæ сфæлдыстадыл бæстонæй. Афтæмæй уыдоны иууыл иумæ цы литературæйæ спайда кодта, уыдонæн сæхи бакæсын дæр алкæй бон нæ бауыдзæнис. Зæгъæм, æрмæст Хъодзаты Æхсары тыххæй фæцыбыргонд монографийы пайда кæны, йæхи загъдау, 145 информацигуырæнæй. Æмæ нын уыдон ацы «Истори»-йы авторы хъуыды кæнынц дарддæр, йæ фарс хæцгæйæ.

Афтæ зæгъæн ис æхсайæмазонты дзырддзæугæдæртæ Малиты Васо, Скифирон, Æлборты Хадзы-Умар, Джыккайты Шамил, Ходы Камал æмæ иннæты тыххæй дæр. Спайдагонд литературæйы фæрцы зонгæ кæнæм, дзырд цы фысджыты сфæлдыстадыл цæуы, уыдонмæ сæ дуджы, стæй абоны литературон цæстæнгас дæр.

Автор йæ зонындзинæдтæ нæ бахæлæг кодта, нæ литературæйы сыгъзæрин рæстæг цы дуг хоны, уыцы рæстæджы ирон поэзи дунеон поэзийы æмвæзадмæ сисыныл чи бацархайдтой, нæ уыцы хуыздæр поэтты аивадон уацмыстæ зонадон æгъдауæй рафæлгъауыныл æмæ, ахæм кады аккаг цæмæн систы, уый адæмæн равдисыныл.

Чиныджы æргомæй уынæм, Нигер афтæ куы дзырдта:

Ой, цы мыртæ уыд мæ риуы!..

Ой, цы хæзна уыд мæ сæры!..

Фæлæ арв зымæг нæ нæры,

Булæмæргъ хъызты нæ цæры –

Уæд æрмæст ыстонг сырд ниуы… –

уыцы рæстæг раджы кæй фæцис, ирон поэзи бирæ фыдæвзарæнты фæстæ йæ къахыл куы слæууыд, уæд æй æхсайæмазонты хуыздæртæ ноджы лæджымбæрц кæй систой, уый. Æмæ зæрдæйæн æхсызгон у, уыдæттæ Мелитон æхсайæмазонты сфæлдыстады кæй бæлвырд кæны зонадон æгъдауæй. Уымæн æвдисæн у, кæрæдзиимæ сæ абарыны тыххæй чиныджы автор арæх кæй ахизы æфсымæрон адæмты æхсайæмазонты сфæлдыстадтæм дæр. Уымæ гæсгæ йын чиныгкæсæг йæ ныхасыл æууæнды тынгдæр.

Чиныджы бæрæгæй зыны, автор цы поэтты сфæлдыстадыл дзуры, уыцы æхсайæмазонтæн Ирыстон комгай, къуымгай дих кæнинаг кæй нæу, фæлæ йæм кæй дардтой æмæ дарынц хъæбулы ахаст. Уымæн зæгъы: «Сæ размæ, дæсгай азты раздæр, фысджытæ нæ, адæм сæ зæрдæтæм цы судзаг хъуыддæгты тыххæй нæ уæндыдысты ныдздзурын, мæлæты тас сын чи хаста, æнæ уыдон æхсайæмазонтæн цард царды ад нæ кодта… Уыдон, сæ размæйы фæлтæрæн цы нæ бантыст, уыцы хæстæ сæхимæ истой æхсарджынæй.

Хъодзаты Æхсар нæ куырыхон хистæр Гафезы хъуыды: «О, дыууæ Иры, хъауджыдæр уæ нæй», – дарддæргæнгæйæ ныфсджынæй уымæн загъта:

Мæ иу цонг ам ис, иннæ та – Цæгаты.

Дыууæ Иры, мæ сау дыууæ цæсты,

æнæ сымах æз боны рухс нæ хатын,

æнæ сымах мын амонд нæй зæххыл.

 

Æрджынарæгæй Згъудеры къуыбыртæм

фæндыры тагау у мæ уд нывæст.

Ныгъуылынц кæмттæ,

раст цыма хъуыдытæ,

чызджы зæрдæйау суадæттæ – æмбæхст.

 

О хæхтæ, æз сæрыстыр дæн сымахау,

сымахау мæм цыдæр нæртон тых и.

Дыууæ Иры – дыууæ базыры.

Маргъау

æнусты сæрты амондмæ тæхын!

Авторæй нæ ферох сты, ирон аив литературæйы ахуыргæнæн программæтæм чи нæ бахаудтой, фæлæ æхсайæм азты нæ поэзийы жанры æппынæдзух чи куыстой, уыцы поэттæ дæр. Сæ цард æмæ сфæлдыстадыл, чиныгкæсæг сæ куыд бамбара, афтæ дзырд цæуы чиныджы сæрмагонд, «Литературæйы зиууонтæ», зæгъгæ, ахæм сæры.

Авторы хъуыды у бæлвырд æмæ фидар: «Ирон поэзийы æхсайæмазонтæн кæд сæ фыццаг фæлварæнтæ ныфсджын, фæлæ нырма фæлвых уыдысты, уæддæр сæ райдайæнæй скъæфта зæрдæ. Цæмæн, уый нын æнæдызæрдыгæй сыгъдæг æмæ цæстуарзонæй фенын кодта, фæсте кæй фæуагътой, уыцы æгъатыр рæстæг».

Чиныг æцæгдæр царды айдæн кæй у æмæ ирон поэзийы æхсайæмазонты сфæлдыстады Ирыстоны цард æмткæй ирдæй кæй зыны, уый уынæм Хъазиты Мелитоны «Ирон литературæйы истори»-йы 5-æм томы. Уымæ гæсгæ ацы чиныджы рухсфенд нæ литературон ахуырады у цины хабар æмæ цинагыл та цин кæнын æмбæлы.

Дзебысаты Гуло

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.