Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта Æддагон развæдсгæрсты службæ æмæ cын раарфæ кодта, службæйы сырæзтыл 16 азы кæй сæххæст, уый цытæн.

Паддзахады сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта Æддагон развæдсгæрсты службæйы сæрмагонд скондæн бæрзонд профессионализм æмæ сæ хæстыл æнувыддзинады тыххæй, афтæ ма сын йæ цæст бауарзта æнтыстджын куыст республикæйы æдасдзинад бæрзонд æмвæзадыл ифтонг кæныны сæраппонд.

«Бæрæгбон алы хатт дæр у циндзинад, фæлæ бæрæгбонты фæстæ лæууы стыр куыст Хуссар Ирыстон æмæ йæ адæмы паддзахадон æдасдзинад сифтонг кæнын. Куыст у уæзау, кæцы домы республикæйы оперативон уавæр, регионы иумæйагæй, дунейы геополитикон процессты фæдыл зонындзинæдтæ, ведомствойы раз цы хæстæ æвæрд цæуынц, уыдон скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы стратегион фæндæгтæ аразын. Бузныг уын уе службæ, уæ намысджын куысты æмæ уды хъæддыхдзинады тыххæй. Æнæгуырысхойæ зæгъæн ис, сымах уæ хæстæ кæй æххæст кæнут», – загъта Бибылты Анатоли. Йæхи фарсæрдыгæй, Æддагон развæдсгæрсты службæйы къухдариуæггæнæг Уарзиаты Алексей банысан кодта службæйы куысты æвæрццаг динамикæ, æмæ ныфс бавæрдта, Æддагон развæдсгæрсты службæ дарддæр дæр кæй кусдзæн республикæйы къухдариуæгад æмæ адæмы æууæнкдзинад ма фесафыныл. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.