Зынаргъ хæлæрттæ!

Айсут иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Æддагон развæдсгæрсты службæйыл 17 азы сæххæсты цытæн!

Æддагон развæдсгæрсты службæ æххæст кæны ахсджиаг функцитæ Республикæ Хуссар Ирыстоны национ интерестæ, бæстæйы суверенитет æмæ национ æнæхъæндзинад хъахъхъæныны фæдыл.

Хуссарирыстойнаг развæдсгæрсты рæнхъыты службæ кæнынц æцæг æфсæддонтæ, æхсарджын æмæ цæсгомджын профессионалтæ.  Не ‘мзæххонты æдасдзинад æмæ æнцойад фидарæй ифтонг кæнгæйæ, сымах алыхатт дæр адæмы æмæ бæстæйы къухдариуæгады æууæнкдзинад фыдæнхъæл нæ фæкæнут, сымах цы информаци райсут, уый ахъаз кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады æмæ æддагон политикæйы фарстыты стратегион уынаффæтыл бакусыны бындурæн.

Бузныг уын уæ цæсгомджын æмæ намысджын куысты тыххæй. Ныфс мæ ис, уæ бæрзонд профессионализм æмæ хæсмæ æнувыддзинад уын фадат кӕй ратдзæн дарддæр дæр нæ зæххыл сабырад бахъахъхъæны фæдыл æппæт уæ разылæууæг хæстыл эффективонæй фæтых уæвынӕн.

Ацы нысаниуæгджын бон уын мæ цæст уарзы æнæниздзинад, энерги, уды хъæддыхдзинад, стыр æнтыстытæ Фыдыбæстæйæн лæггад кæныны хъуыддаджы, сабырад æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

БИБЫЛТЫ Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.