ДЗЮДО

РЦИ-Аланийы спортивон æхсæнад «Динамо»-йы чемпионаты æнтыстджынæй сæхи равдыстой Знауыры районы дзюдойы скъолайы хъомылгæнинæгтæ. 34 кг уæзы категорийы ерысты сыгъзæрин майдан рамбылдта Джиоты Артур. Уый 34 кг уæзы категорийы акодта цыппар тохы æмæ сæ алкæцыйы дæр фæуæлахиз. Ноджы ма иу сыгъзæрин майдан та бафтыд Къозонты Русланы къухты. Уый та хæцыд 25 кг уæзы категорийы. Чемпионаты бронзæйон призер та ссис Гаглойты Инал (34 кг).

«Нæ хъомылгæнинæгтæ хорз сæхи равдыстой. Сæрмагондæй мæ фæнды рахицæн кæнын Джиоты Артуры. Æрдæгфиналы йæ ныхмæлæууæг уыд Архонкайы минæвар. Финалы та хæцыд беслæйнаг спортсменимæ. Уыдонимæ ма фембæлд раздæр уагъдцæуæг ерысты. Уæд сыл фæуæлахиз Артур æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон хъавыдысты реванш райсынмæ. Фæлæ сын нæ рауад», – банысан кодта тренер Гæджиты Алан.

Спортсменты бацæттæ кодтой тренертæ Гæджиты Алан æмæ Плиты Роин.

 

ССИС ЕРЫСТЫ УÆЛАХИЗДЗАУ

Хуссарирыстойнаг спортсменкæтæ æртæ майданы рамбылдтой ленк кæнынæй г.Рузайы уагъдцæуæг турнир “MAD WAVE CLASSIC”-ы. Ерысты уæлахиздзау ссис Уалыты Даянæ. Уый фыццаг бынат бацахста баттерфляй стилы 200 метрмæ ленк кæнынæй. Ацы стилы ма 100 метрмæ ленк кæнынæй та Даянæ ссис дыккаг. Хуссарирыстойнаг командæйæн æртыккаг майдан та æрхаста Бикойты Анастасия. Уый пьедесталы æртыккаг къæпхæнмæ схызт брассæй 200 метрмæ ленк кæнынæй.

 

ШАХМАТТÆ

РЦИ-Аланийы Шахматты федераци ауагъта хæрзаудæн турнир. Ерысты хайад райста хуссарирыстойнаг æвзонг спортсмен Къодоты Андрей. Уый йæхи равдыста хорз. Цы 9 парти ахъазыд, уыдонæй фæуæлахиз 7 фембæлды. Уый фæрцы æрæмбырд кодта 7 очкойы æмæ бацахста æртыккаг призон бынат.

Спортсмены тренер у Саулохты Георги.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.