МУЗЕЙЫ – СНОГГОНД ХАЙАД

Нæ национ музейы цы бирæ æндæр æмæ æндæр хайадтæ ис, уыдонæй сæ иу у æрдзы хайад. Уый ивы йæ фæлындзынад дæр æмæ йæ мидис дæр. Ам музеймæ æрбацæуджытæ зонгæ кæндзысты нæ республикæйы цæрæгойты æмæ зайæгойты дунеимæ.

Музейы директор Зассеты Мераб куыд зæгъы, афтæмæй ам раздæр дæр уыдис ахæм хайад, фæлæ арæзт уыдис талф-тулфтæй, стæй сæхи тыхтæй. Ныр музейы кусджытæ бакуыстой, цæмæй дзы цы экспонаттæ уыдис, уыдоны сног кодтаиккой, уыимæ ма куыстой, цæмæй фылдæр æмæ алыгъуызондæр кодтаиккой. Ног азы размæ рахицæн æрцыдысты æхцайы фæрæзтæ ног экспонаттæ самал кæныны тыххæй. Хайад рауæрæх кæныныл, йе ‘рмæджыты йын æмбæлон уагмæ æркæнын æмæ сæ равæрыныл, бакуыстой реставратор Багаты Феликс æмæ дизайнер Дыгъуызты Мария.

Экспозицийыл, зæгъæн ис, куыста коллектив иууылдæр, кæд сын фæрæзтæ фаг нæ уыд, афтæ ма кæд бынат дæр æххæстæй фадат нæ дæтты, уæддæр. Зассейы фырт куыд зæгъы, афтæмæй тырныдтой, цæмæй экспозици рауадаид æххæст æмæ уыцы-иу рæстæджы эстетикон дæр. Ныртæккæ цæттæ сты экспозицийы сæйраг хæйттæ. Цæстыты раз сыстынц хæхтæ, стæй уым цы цæрæгойтæ æмæ мæргътæ цæрынц, уыдон. Аив фæлыст у хайады цар дæр æмæ афтæ зыны, цыма æцæгæйдæр, бахаудтæ æрдзы хъæбысмæ.

Директоры ныхæстæм гæсгæ хайады дарддæр дæр фылдæр кæндзысты йæ экспонаттæ. Ацы хайад йæхимæ æлвасдзæн музеймæ æрбацæуджыты, уæлдайдæр та фæсивæды.

Ацы хайады фæстæ, Зассеты Мерабы ныхæстæм гæсгæ, æрæвналдзысты археоло-гийы хайад срæвдз кæнынмæ дæр. Уый ноджы хъуамæ суа цымыдисондæр, уымæн æмæ уыцы экспонаттæ дзурæг сты нæ фыдæлты рагон историйыл. Нæ фыдæлты рагон истори та махæн цымыдисон у кæддæриддæр. Дарддæр сæ зæрды ис «Знауыр-Цхинвал», ахæм хайад æрбакæнын, уый фæстæ сын планмæ хаст сты «Советон дуг», «Спортивон æнтыстытæ», «Аивады æнтыстытæ» æмæ ирон адæмы пехуымпар Хетæгкаты Къостайы тыххæй хайадтæ саразын. Уыцы хайадтæ се ‘ппæт дæр уыдзысты цымыдисон нæ адæмæн. Уымæн æмæ сæ фенæн уыдзæнис нæ адæмы истори, сæ культурæ æмæ Ирыстоны разагъты лæгты тыххæй хъæуæг æрмæджытæ.

ТЫНДЗЫНЦ КУЫСТÆГТЫЛ

Нæ горæты Хъайтарты уынджы кæрон цы дыууæ бирæуæладзыгон хæдзæрттæ аразынц, уым кусджытæ кæнынц æмызмæлд, сты æнæвдæлон. Объекттæй сæ иуæн арæзт цæуынц сæ балкъæттæ. Æвæрд сыл цæуы пластикон рудзгуытæ. Уыдон ласт цæуынц цæттæйæ Мæскуыйæ. Аразы сæ фирмæ «Æвзонг патриот» æмæ сæ æмбырд та кæнынц ам, бынаты, фирмæйæн йæхи кусджытæ. Объект аразджытæ ифтонг сты кусæгдыхæй дæр. Арæзтадон куыстытæ æххæст кæны «СТМ-ЮГ». Ныртæккæ кæнынц бæстонгæнæн куыстытæ, бахизæнты æвæрд цæуы плиткæ.

Куыстытæ рæвдз цæуынц дыккаг объекты дæр. Ам кæнынц мидæггагон куыстытæ, сæрдынц къултæ, арæзт цæуы хъармгæнæн системæ, фатерты астæрдтæ, æвæрд сыл цæуынц плиткæтæ.

Арæзтады фадыджы хистæр Гуырцъыты Эльбрус куыд зæгъы, афтæмæй дыууæ объекты дæр эксплуатацимæ хъуамæ лæ-вæрд æрцæуой ацы аз августы мæйы.

Кусджытæ канд мидæггагон куыстытыл нæ тындзынц, фæлæ ма архайынц, йæ кæрт ын схæрзарæзт кæныныл дæр. Æрбаластой хуыр, цæмæй йын фæуæлдæр кæной йæ кæрты æмвæзад. Ам арæзт æрцæудзæнис спортивон фæзуат, сывæллæттæн хъазæн фæзуат, кæрт æрцæудзæн аив фæлыст.

БУЗНЫГ «ИУГОНД ИРЫСТОН»-æн

2008 азы августы тугкалæн хæстæй кæд 10 азы бæрц рацыд, уæддæр бирæтæн  сæ хæдзæрттæ арæзт, цалцæг не ‘рцыдысты æмæ хъизæмайраджы цард кæнынц. Катайгæнгæ æрвитынц сæ бонтæ.

Ацы хъуыддаг бахынцыдта политикон парти «Иугонд Ирыстон» æмæ социалон программæйы фæлгæтты дарддæр дæр æххуыс кæны, йæ цæрæнуат æдзæллаг уавæры кæмæн ис, уыцы цæрджытæн. Уыдон та цъус не сты. Æрдæг азмæ партийæн бантыст 60 хæдзары æмбæрзт раивын. Æрæджы та уыдон раивтой Сабаны фырты уынджы 7-æм хæдзары æмбæрзт. Хæдзары æфсин Бæззаты Фатимæ куыд зæгъы, афтæмæй хæсты рæстæджы тынг бахъыгдард ис сæ хæдзар. Ныппырх сты рудзынгæй, дуарæй. Ныскъуыдтæ сты хæдзары къултæ. Алыгъуызон снарядтæй ныппырх, ныххуынчъытæ ис сæ хæдзары æмбæрзт. Фæлæ хæдзар цæмæй сцалцæг кодтаиккой, уый сын нæ уыд æмæ дзы цардысты, афтæмæй. Къæвдабонты æддейæ куыд уарыд, афтæ мидæгæй дæр. Цыхцырджытæм-иу раскъæф-баскъæф кодта йæ мигæнæнты. Раст сын уыцы 2008 азы райгуырдис чысыл хъæбул дæр æмæ афтæмæй тухæнтæ кодтой. Фатимæ ахуыргæнæг у æмæ кæд йе ‘мкъай дæр кусгæ кодта, уæддæр, хæдзары æмбæрзт сцалцæг кæнын сæ бон нæ уыд. Сæхи тыхтæй хæдзары  бацалæджытæ кодтой, раивтой йын йæ рудзгуытæ. Æмбæрзт раивыны тыххæй та бахатыд парти «Иугонд Ирыстон»-ы къухдариуæгадмæ. Сæххæст бинонты бæллиц, раивтой сын сæ уæлхæдзар æмæ сæ цинæн кæрон дæр нæй.

– Стыр бузныг республикæйы Президент Бибылты Анатолийæн. Уый у æцæгæйдæр мæгуыры рис чи æмбары, ахæм адæймаг. Уадз, Хуыцау ын радтæт ахæм тых æмæ æппæт зындзинæдты сæрты дæр куыд ахиза, бантысæт ын йæ адæмы сæраппонд бирæ хорз хъуыддæгтæ саразын, – зæгъы Фатимæ.

Æмæ канд Бæззаты Фатимæ нæ баззад райгондæй. Нæ горæты Руставелийы уынджы цæрæг Зæгъойты Аланæн дæр ацы бонты раивтой йæ хæдзары æмбæрзт.

«Æгæрон бузныг дæн æз дæр нæ республикæйы разамынадæй. Йæ рæстæджы æз бирæ инстанцитæм фæхастон мæ хъаст, фæлæ мæ ницæмæ æрдардтой. Ныр мæм æрбарвыстой кусджыты бригадæ æмæ йæ уайтагъд ацарæзтой. Уый у мæгуыр лæгæн стыр æххуыс», – загъта Зæгъойы фырт.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.