Зымæгон райсом. Мит фæлдзæгъдæнтæ кæны, афтæ араст дæн, Цхинвалы районы Къостайыхъæуы ног фермерон хæдзарады куысты фæстиуджытæ базонынмæ. Ныххæццæ дæн хъæуы бынмæ, æмæ мын æвæд миты цæуын фæзындæр, фæлæ тынг дæр нæ тагъд кодтон. Æнхъæлдтон, нырма æгæр раджы уыдзæн æмæ фæллойгæнæг адæймаджы йæ фынæйæ куыд бахъыгдарон.  Фæлæ мæ хъуыды фæивтон, куыддæр хæдзарады цурмæ баввахс дæн, афтæ. Цуанæтты хъæлæбамæ мæ цурмæ æрбаввахс къæсхуыртæ нæлгоймаг æмæ мæ бахуыдта йæ цæрæн бынатмæ. Пецы арт гуыр-гуырæй судзы æмæ йæм мæхи баввахс кодтон. Цалдæр бедрæйы мидæг дæттæ хъарм кæнынц, цæмæй фосæн рæстæгыл бахæрын кæна.

Уый уын Хъабанты Хъазбеджы хæдзарады кой ракæнынмæ хъавын. Цалдæр хатты ацы хæдзарады кой рачындæуыд, фæлæ бонæй бонмæ йæ къухы æфты хуыздæр фæстиуджытæ, æмæ та уæд уыдон кой æнæмæнг ракæнын фæхъæуы. Хæдзарад а-фæззæджы рæстæгыл æмæ цыбыр æм-гъуыдты байтыдта 12 гектары фæззыгæнд мæнæу. Байтыдтæн ныртæккæ иууыл хуыздæр у зымæгон урс хъæццул, стæй уалдзæджы та адардзысты цъæх-цъæхид. Цæмæй знаггадæй хызт уой, фæззæджы йæ тыллæг уа бæркадджын, уый тыххæй алыгъуызон уырынгонты ныхмæ уалдзæджы бахæсдзæн маргхимикаттæ. Байтыдты фæзуат ноджы фæфылдæр уыдзæн уалдзæджы, уæд та 20 гектары байтаудзæн хъæбæрхор. Цы байтауа, уыцы хæрзгъæд тауинаг ын у цæттæ. Хæдзарадæн зæрдæрухсгæнæн фæстиуджытæ ис стурвосдарды къабазы дæр. Цы 5 хъуджы йæм ис, уыдонæй уал райста дыууæ фаззон роды, æдæппæт уал ын сты 5 æмæ тагъд рæстæджы иннæ дæр ныззайдзæн. Цотыл цæуы цалдæргай мæйтæ, æмæ сæ уындæй рухс кæны зæрдæ. Фысты нымæц та йæм хæццæ кæны 60 бæрцмæ. Уыдон  дæр райдыдтой цот кæнын – ис уал æм 15 уæрыччы. Зындæр у хуыдарды куыст, бирæ тых æмæ хъару домы, фæлæ Хъабаны фырт нæ тæрсы зындзинæдтæй æмæ йын ацы къабазы дæр ис раппæлинаг фæстиуджытæ. Абоны онг уал хæдзарады ис 55 хуыйы, дзæргъытæ та йæм ис 6. Хъабаны фырт куыд загъта, афтæмæй хæдзарады нымадæуы 50 хъыбылы, ис æм хуыгистытæ дæр.

Райсом æмæ изæры зылдтыты рæстæджы хæдзарады куыстимæ куы зонгæ кодтон, уæд фосмæзилæгæн иу уысм дæр æрулæфт нæ уыд, йæ зылдтытыл-иу бахъуыд дыгай сахаттæй фылдæр. Фæлæ зæгъын хъæуы, бонрæфты дæр иу ран кæй нæ бадт. Цæвиттон, хæрæгуæрдоныл æрбаласы дон, уый та уымæн, æмæ йæм нырма уагъд нæй доны хахх. Нæ йæм уыд уагъд рухсы хахх дæр æмæ уыцы хъуыддаг æрбæстон кæныныл амæйразмæ батыхст. Афтæ у хъæууон фосдарæджы æрвылбонон куыст æмæ фыдæбон, фæлæ уыдон мурмæ дæр нæ дары, куыстæй зæрдæ куы рухс кæна, уæд.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.