Хуссар Ирыстоны Знауыры поселочы 1989-2008 азты Фыдыбæстæйон хæсты цы хъæбатыр лæппутæ фæхъуыд, уыдоны номыл мемориалы алфæмблай ныртæккæ цæуы хæрзарæзт районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады тыхтæй. 

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы мемориал у районы цæрджытæй чи фæхъуыд, уыдонæн кад кæнын æмæ мысынæн. Уымæн æмæ уыдон сæ цард рауæлдай кодтой Хуссар Ирыстоны адæмы рæсугъд æмæ сæрибар фидæны сæрыл.

Ацы мемориал саразыны идея фæзынд йæ рæстæджы районы администрацийы сæргълæууæг Гæбæраты Иналмæ. Районы цæрджытæ дæр стыр разыимæ сæмбæлдысты ацы хъуыдыйыл. Йæ саразыны хъуыддагмæ егъау хайбавæрд бахастой цæрджытæ æмæ уæды рæстæджы бæстæйы къухдариуæгад дæр.

1989 азæй 2008 азмæ Знауыры район дæр уыд хæстон архайдтыты бæстыастæу æмæ уымæн рохгæнæн нæй. Ацы мемориал æвдисæн у фидæны фæлтæртæн, цæмæй ма рох кæной нæ хъайтарты æмæ зоной сæ истори.

Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты номыл цырт æвæрд æрцыд поселочы астæу, Мады Майрæмы аргъуаны фарсмæ.

Мемориалы проект бацæттæ кодта Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Багаты Феликс.

Гом та æрцыд 2020 азы. Уæд йæ алфæмблай территори схæрзарæзт кæнын нæ бафтыд къухты. Ныртæккæ районы ног къухдариуæгады бахæсмæ гæсгæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ уæхскуæзæй æрæвнæлдтой арæзтадон куыстытæм. Ацы куыстытæ хъуамæ кæронмæ конд æрцæуой 8 ав-густмæ. Ныридæгæн кусджытæ схæрзарæзт кодтой мемориалмæ бацæуæнтæ, планы ма сын хаст ис рухсгæнæнтæ æмæ чысыл фонтантæ саразын. Уый фæстæ та йæ алфæмблай ныссадздзысты цъæх садзæнтæ æмæ æрæвналдзысты цырт ахорынмæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.