Гуырдзыбегты Георгийы райгуырдыл  сæххæст 110 азы

Ирон музыкалон, сæйраджыдæр та зарæджы аи-вады рæзтмæ аккаг бавæрд чи бахаста, йæ нуарджын уацмыстæй йæ фæхъæздыгдæр кæныныл æвæллайгæйæ чи фæкуыста, уыдон нымæцмæ ахæссын хъæуы Гуырдзыбегты Никъалайы фырт Георгийы дæр. Уый зындгонд у, куыд зарджыты сфæлдисæг композитор, афтæ æмæ Ирыстоны йе сфæлдыстадон бынтæй сси уæрæх популярон æмæ зындгонд.

Цæгатирыстойнаг композитор райгуырд 1910 азы æмæ йе сфæлдыстадон фæндаг æгасæйдæр кодта йæ сæйраг горæты, ам уымæн бантыст йæ хуыздæр уацмыстæ сфæлдисын. Зæгъын хъæуы уый, æмæ композиторæн йе сфæлдыстадон æнтыстытæ уæлдай æнтыстджындæр кæй уыдысты 1951 азæй суанг 1965 азмæ. Уыцы рæстæджы уый разамынд кодта Цæгат Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамблæн æмæ ацы сфæлдыстадон коллективы историйы номимæ баст сты йæ архайды дзæвгар кадджын фæрстæ. Георгийы фыццаг уацмыстæ рухс куы федтой, аивадуарзджытæм куы фæхæццæ сты, уæд сын фæндаг ссардтой сæ зæрдæтæм æмæ сæм хъусынæй не ‘фсæстысты. Цæвиттон, Æппæтцæдисон радио уагъта конкурс радиомæхъусджыты ‘хсæн ахæм номимæ «Уæ цæстæнгас», зæгъгæ, æмæ дзы Георгийы уацмыс «Песня о родном крае» нымад æрцыд æппæты хуыздæрыл. Уымæй дарддæр ма Дарчиты Дауыты фыст зарæг «Дзыллæты амонд»-ыл музыкалон æгъдауæй бакуыста Гуырдзыбегы фырт Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты бæрæгбоны цытæн æмæ тынг фæцыд аивадуарзджыты зæрдæмæ. Зарæг райдайы афтæ:

   «Дидинæг калы нæ бæстæ,

    Рай, зæрдæ, рай æмæ рай!

   Афтæ йæ чи скодта уагæр,

   Дзыллæты фарнæн домбай?»

  Иу иннæйы фæстæ гуырдысты композиторы фыст зарджытæ. Уыдонæн сæ тематикæ у æндæр æмæ æндæр, сæ айзæлд у райгуырæн къуымыл, йæ истори, фæллойыл хæст адæймæгтыл, æмзæххон композиторты фæлгæндзтыл. Уыдон ‘хсæн зынгæ бынат ахсынц æмбæстагон мидисыл амад зарджытæ, идейон æмæ аивадон æгъдауæй хæрзгъæд сты зарджытæ «Балладæ Къостайыл», «Коммунисттæ», «Хæлардзинад», «Хохаг чызг» æмæ æндæртæ. Къаддæр нысаниуæг нæй йæ лирикон зарджытæн дæр, куыд «Чызджы лирикон», «Ды мæнæн дæ иунæг», «Чызджы сагъæстæ», «Терк», «Ирон вальс», «Мады зарæг» æмæ æндæртæ. Композитор цæуыл фæнды ма фысса, уымæн алы зарæг дæр йемыдзаг у ирд, цардæгас цаутæй æмæ хъусæгæн хæссынц оптимизм æмæ ныфс. Гуырдзыбегты Георгийы сфæлдыстадмæ ма бафтауын хъæуы уый, æмæ дзы кæй рантыст ахæм зарæг-кафты сюитæтæ, куыд «Нартæ», «Королева полей», «Бæрæгбон колхозы», «Нæхи Къоста». Композитор ма ноджыдæр сфæлдыста ахæм зарджытæ, куыд «Цины зарæг», «Æгас цу, бон», «Уарзонмæ», «Чызджыты зарæг», «Хохаг лæппуйы зарæг», «Милая мама», «Песня о дружбе», «Мой Иристон», «Город любимый мой», «Ты у меня одна», «Песня садонских шахтеров» æмæ æндæртæ. Композиторæй цы зарджытæ рантыст, уыдонæн ныхæстæ ныффыстой поэттæ Цæгæраты Гиго, Айларты Чермен, Гулуты Андрей, Цæгæраты Максим. Уæлдай æнтыстджындæр Георгийæн йе сфæлдыстад рауад, йæ чызг Иринæимæ æмкуыст-кæнынад куы кодта, уæд, æмæ йын фыст æрцыд дзæвгар зарджытæ. 1960 азы композитор Е. Ко-лесников бацæттæ кодта чиныг «Зарджыты æмбырдгонд ирон скъолатæн» æмæ дзы Георгийы зарджытæй дæр ис цалдæр. Композиторы æвæллайгæ куыстæн æрцыд æмбæлон аргъ, лæвæрд ын æрцыд Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы аивæдты сгуыхт архайæджы ном, хорзæхджын æрцыд Фæллойадон Сырх Тырысайы орденæй.

Гуырдзыбегты Георги цардæй ахицæн 1967 азы. Композитор цы диссаджы зарджытæ ныууагъта йæ радтæг адæмæн, уыдонимæ цæрдзæн йæ дзыллæйы зæрдæты.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.