Фыссæг у нацийы историйы уаз чиныг азфыссæг, сæ хъуыддæгты айдæн, сæ удварн æмæ монон культурæйы цыртдзæвæн.

Фыссæджы руаджы адæмты цардыуаг свæййы æнусон, æмдзу кæны фæлтæртимæ азæй-азмæ, раргом кæны æнæхъæн цард – æгас дуне  æмæ дзы  чиныгкæсæг йæ мондæгтæ суадзы,  тæвд боны рæсуг хæххон суадоны донбаназынау.

Ахæм фидар рæхыстæй баст у Соттиты Нестъоры чызг Риммæйы аивадон сфæлдыстад дæр йæ раттæг адæмы удварн æмæ цардуагимæ. Адæймаг ын йæ чингуытæй искæйы куы райдайы кæсын, уæд зæрдæ байдзаг вæййы алыгъуызон рæсугъд монцтæй æмæ сæрыстырдзинадæй. Чиныгкæсæджы раз цæхæртæ акалы Ирыстоны æгъуыстаг æрдз, йæ бæрзонд хæхтæ æмæ бурдидинæгджын фæзтæ, стæй йæ нацийы буц литературон хотыхдарты цард æмæ сфæлдыстад. Бирæкъабазджын æмæ бирæвæрсыг у Соттионы сфæлдыстад – поэзи, прозæ, публицистикæ, критикæ, тæлмацтæ алы национ литературæйы минæвæртты сфæлдыстадæй, эссетæ æмæ афтæ дарддæр.

Риммæ Ирыстоны хæххты хъæбысы райгуырд 1939 азы Мызуры æмæ уымæн ахсы йæ аивадон сфæлдыстады æрдзы тематикæ ахсджиаг бынат. Нывæнды хæхты рæсугъддзинадыл, сæ æгъуыстаг нывтыл, Иры зæххы бæркадыл.

 

Мæ ирон зæхх

«Цæй диссаг у фыццаг хуры скаст хæхты,

Куы сæрттивы цъæх уыгæрдæнты ртах!

Сæууон уддзæф куы аныдзæвы рæгътыл,

Куы расимы зæлдаг хуымты уæрæх!

Æмзæл зарæг уæлвонг хосгæрстæй

Суадæттæ йын бахъырнынц фæлмæн,

Кæмфæнды уон, æдзухæй дæу фæмысын,

Мæ ирон зæхх – мæ цардамонды сæр».

 

Риммæйæн уыцы æгъуыстæджы миниуджытæ балæвар кодтой йæ куырыхон ныййарджытæ. Йæ фыд Нестъор Уæллаг Мызурæй Ногирмæ куы æрлыгъд, уæд паддзахад лигъдæттæн рахицæн кодта зæхх цæрæнуæттæн æмæ йыл ном сæвæрдтой – Ногир. Нестъор æмбæрста ахуыры нысаниуæг фидæны царды æмæ сфæнд кодта скъола саразын 1920 азы æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Кæд æмæ скъола дзуапп нæ лæвæрдта æппæт ахуырадон домæнтæн, уæддæр  хъæубæсты цинæн кæрон нал уыд.

Чысыл фæстæдæр Нестъор æмæ йе ‘мбæлттæ – патриоттæ сфæнд кодтой ног скъола саразын æмæ 1927 азы Ногиры йæ уæрæх дуæрттæ байгом кодта дыууæуæладзыгон скъола, кæцы абон дæр кусы æмæ йæ рауагъдонтæ та сты дæнцæгæн хæссинаг канд се ‘гъдау æмæ ахуырдзинадæй нæ, фæлæ ма сæ æхсæнадон куыстæй дæр æнæхъæн республикæйы, йæ саразджытæн та у Цыртдзæвæн.

Риммæйæн йæ уацмыстæ мыхуыргонд цыдысты скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæдæй фæстæмæ. Ногиры скъолайы къулын газет «Уадындз, уадындз,   цæй ныззарæм»-ы фæзынд йæ фыццаг æмдзæвгæ. Уæдæй фæстæмæ райдыдта йе сфæлдыстадон хъæздыг æмæ мидисджын фæндаг. Соттион курдиатджын æмæ хæдбындур сфæлдыстадон адæймаг кæй уыд, уый бæрæг у цы бынæтты куыста, уымæй дæр: газет «Ленины тырыса», «Рæстдзинад», «Социалистическая Осетия», «Молодой коммунист», журнал «Ногдзау»-ы хистæр редакторæй. Ацы бæрнон бынæтты Соттионæн бахсыст йе сфæлдыстадон курдиат. Йæ уацмыстæ мыхуыргонд цыдысты куыд Цæгат Ирыстоны мыхуыры органты, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр, уымæн ссис Риммæ зындгонд æмæ уарзон фыссæг йæ Ирæн.

2004 азы Риммæйæн рацыд йæ чиныг «Удæй удмæ», 2005 азы – «Порог предков» («Фыдæлты къæсæр»).

Соттионы фæлмæн зæрдæ æмæ фыс-сæн сис райхъал кодтой сабийы фынæй монцтæй дæр, йæ чиныгæй «Магуса Гæдила» (2007 аз). Уыцы æмдзæвгæйыл фыссæг лæмбынæг бавнæлдта сывæллæтты æнкъарæнтæм æмæ сæ алывæрсыгæй сабухын кодта.

Риммæ тынг дæсны уыд тæлмац кæнынмæ дæр мадæлон æвзагæй уырыссаг æвзагмæ. Бантыст ын ратæлмац кæнын Æгънаты Гæстæны роман «Темыры кæстæр чызг» (мыхуыры рацыд), Джусойты Нафийы романтæ «Фыдæлты туг» æмæ «Сырдоны цæссыгтæ», фæлæ рухс нæма федтой.

Соттион тынг стыр æмæ ахсджиаг куыст бакодта ирон адæмæн сфæлдыстады хæзнатæ чи æмбырд кодта Ирыстоны алы къуымты, удуæлдай куыст чи фæкодта, уыцы зындгонд рухстауджыты æнæбын фæллæйттæ æрæмбырд кæнын æмæ сæ фидæны фæлтæртæн ныууадзын, кæд æмæ ахæм куыст домы канд зонындзинæдтæ нæ, фæлæ ма æвæджиау физикон тых дæр.

Уыцы рухстауджытæ уыдысты  Æмбалты Цоцко æмæ Зæнджиаты Бæбу. Сæ дыууæ дæр уыдысты ирон адæмы сæрхъызойтæ, национ стыр гоймæгтæ. Риммæ сын æрæмбырд кодта, алы архивты фæкъахта афтæмæй ацы зындгонд адæймæгты аивадон фæллæйттæ æмæ сæ рахаста адæмы размæ аив фæлгонцæй хицæн чингуытæй – Æмбалты Цоцко «Æмбалты Цоцко «Удварны хæзнатæ» 2009 аз); Зæнджиаты Бæбу «Уæсиат» (Завещание) – 2018 аз.

Ацы чингуыты Риммæйы сфæлдыстадон уидæгтæ цæхæртæ акалдтой æмæ Сæнайы цъуппыл абадтысты сæ нысаниуæг æмæ актуалондзинадæй. Уымæн æвдисæн ирон адæмы зынгзæрдæ хъæбул Джыккайты Шамилы хъуыды: «Адæммæ хорз лæгтæ куы вæййы, уæд уыцы адæм фæрныг вæййынц. Æвзæр йæ хорзæй нæ раппæлдзæн. Фæлæ Риммæ хорз адæймаг у, хорз лæджы хъуыддæгтæ адæмы размæ рахаста æмæ йын стыр бузныг зæгъæм. Риммæ у сæдæ лæджы æмдых æмæ нæм цалынмæ ахæм сæрæнгуырд чызджытæ ис, уæдмæ нын тас нæу сæфынæй».

Шамил куырыхон поэт æмæ ахуыргонд лæг уыд æмæ аккаг аргъ скодта Соттионы бындурон куыстæн, Æмбалты Цоцкойыл фыст чиныг «Удварны хæзнатæ»-н.

Риммæ Цоцкойы фæллæйттæ куы бабæстон кодта, уæд та æрæвнæлдта Зæнджиаты Бæбуйы – иннæ рухстауæджы сфæлдыстадон бынтæм. Уыдон  дæр æрæмбырд кодта æмæ абон ирон чиныгкæсæджы раз ис йæ уаз куыст – «Уæсиат».

Ацы чиныгæн та рецензи ныффыста академик Джусойты Нафи æмæ зæгъы: «Соттионæй ирон литературон æхсæнад хъуамæ иттæг бузныг уа, нæ курдиатджын адæмæн зæрдылдаринаг тæлмацгæнæджы – Зæнджиаты Бабуйы аивадон бынтæ кæй æрæмбырд кодта æмæ равæрдта иу чиныджы сконды сæ разæй сын Ардасенты Хадзыбатыры зæрдиаг æмæ уæздан фыст уац кæй бафтауын кодта, уый тыххæй».

Фæрнджын сылгоймаг уыд Соттион, ныууагъта арф фæд ирон аивадон литературæйы историйы. Йæ æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ нæрынц æмæ нæрдзысты Иры хæхты æмæ кæмтты æнусты.

ДЖУСОЙТЫ Клавæ, профессор

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.