15-æм февралы горæты тæрхондоны æвзæрстой резонансон уголовон хъуыддаг, кæцыйы азымджын цæуы Сиукъаты Георги. Уый фæдагуырды æрмæджытæм гæсгæ ивгъуыд аз 15-æм апрелы Театралон фæзуаты кардæй ныццавта не ‘мбæстаг 38 аздзыд лæппу Уалыты Сосланы (Цугрийы). Фæцæф ын кодта кардæй йæ къахы агъд æмæ уый фæстиуæгæн Уалыйы фырт рынчындоны амард уыцы бон. Уалыты Сослан гуырцæй рынчын, фæлæ фæлмæнзæрдæ æмæ æнæхъыгдард кæй уыд, уый тыххæй йын тæригъæд кодтой æмæ йæ уарзтой, чи зыдта, уыдон се ‘ппæт дæр.  Йæ амæлæты азымджын уæвæг Сиукъаты Гео-рги та у раздæры «Вагнер»-ы хайадисæг, кæцы æрцыд сæрмагонд æфсæддон операцийæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй у бирæ хорзæхты хицау йæ хъæбатыр архайды тыххæй. Фæлæ рынчын лæппумæ йæ къух кæй систа æмæ уый аххосæй кæй бабын, уый никæйы зæрдæмæ фæцыд. Уымæ гæсгæ нæ горæты адæм тынг цымыдис кæнынц Цхинвалы горæты тæрхондон цы тæрхон рахæсдзæн, уымæ.

Тæрхонгæнæг у Кокойты Оксанæ æмæ ацы рабадт у дыккаг. Фыццаг рабадты фæсидтысты куыд æвдисæнтæ, афтæ тагъд æххуысы дохтыр æмæ медицинон хотæм. Тæрхондоны фыццаг рабадты уыд Уалыты Сосланы мад Ангелинæ дæр  æмæ дзы Сиукъаты лæппу ракуырдта хатыр.

15-æм февралы та тæрхондон байхъуыста Сиукъаты Георгийы адвокат Бæззаты Аланы куырдиатмæ. Уый тæрхондонæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй æргом аздахын хъæуы тагъд æххуысы кусджытæ цæфы афоныл кæй нæ басгæрстой, йæ хæлаф ын кæй нæ алыг кодтой æмæ афоныл цæфæй цы туг цыд, уый кæй нæ баурæдтой, уымæ. Рынчындонмæ йæ куы баластой, уæд та реабилитацион мадзæлттæ кæй нæ сæххæст кодтой. Тæрхонгæнæг æрдомдта, цæмæй йын йæ размæ рахæссой уыцы бон Уалыты Сосланыл цы дзаумæттæ уыд, уыдон. Сиукъаты Георги æмæ йæ адвокат азым хæссынц медицинон кусджытæ афоныл кæй нæ баххуыс кодтой рынчынæн, афоныл æххуыс куы æрцыдаид, уæд, зæгъгæ, фервæзтаид мæлæтæй.

Тæрхондоны радон рабадт уыдзæн 22-æм февралы 15 сахат æмæ 30 минутыл. Сиукъаты Георгийы ахст та адарддæр кодтой æртæ мæймæ.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.