Советон æмæ уый фæстæ та уæрæсейаг киноаивады ирæттæй сæ нæмттæ кæмæн сæрттывтой, уыдон афтæ бирæ не сты, уæлдайдæр та киноактеры дæсныйад бинонты хистæрæй кæстæрмæ лæвæрд куы цæуа. Ам ской кæнын æмбæлы Бестауты бинонты – фыд Владимир æмæ йæ чызг Татьянæйы тыххæй. Владимир советон киноаивады архайдта, экранæй ныхас куы нæма хъуыст, ома, æгомыг кинойы рæстæджы. Уый æрмæст киноактер нæ уыд, фæлæ зындгонд каскадер дæр. Татьянæ у театр æмæ кинойы архайæг – Уæрæсейы Федерацийы адæмон артисткæ.

Абон нæ ныхасы сæр сты Беройты бинонтæ – фыд Беройты Вадим, йæ цардæмбал Эльвира Бруновская, йæ чызг Ленæ æмæ Ленæйы фырт Егор.

Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист Беройты Вадим райгуырд 1937 азы Цæгат Ирыстоны Хуымæллæджы хъæуы. Йæ фыд уыд дохтыр, мад та – ахуыргæнæг. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы фыд командæ кодта санитарон батальоныл æмæ йæ ар-выстой горæт Львовмæ. Фæстæдæр уырдæм акодта йæ бинонты дæр æмæ афтæмæй фæиппæрд сты сæ райгуырæн Ирыстоны зæххæй. Вадим ахуыр кодта музыкалон скъолайы. Фæцис каст астæуккаг скъола дæр æмæ араст Мæскуымæ æмæ æнцонæй бахауд Театралон аивады паддзахадон институтмæ (ГИТИС). Æвзонг лæппуйæн ам йæ курдиат уайтагъд райхæлд æмæ йæ каст куы фæцис, уæд æй кусынмæ райстой Моссоветы номыл театры труппæйы сæйраг скондмæ. Беройы фыртыл уайтагъд баууæндыдысты сæйрагдæр ролты ахъазын. Фæлæ уый фæндыд хъазын кинойы дæр. Уырдæм та йæ фæхоныныл нæ тагъд кодтой. Æрмæстдæр фондз азы фæстæ «Азербайджанфильм»-ы сисгæ драмæ «Теле-фонисткæ»-йы ахъазыд чысыл эпизод. Æмæ-иу кæд экраныл фæзынд, уæддæр фильм-спектаклты. Раст у, ахъазыд ма ахæм кинонывты, куыд «Наш дом» æмæ «В огне брода нет», фæлæ иттæг популярон ссис киноныв «Майор Вихрь»-ы рацыды фæстæ, цыран хъазыд сæйраг ролы. Уый уыд йе стъалыйы сæрттывд, йе стыр æнтыст. Уæд, æцæгæйдæр, æрбалæууыд йæ рæстæг киноаивады. Фæлæ байрæджы. Уæдмæ йæ игæр фæнизджын, кино исыны рæстæджы фæрынчын рæуджыты судзагæй дæр, уыимæ ма карз нозтыл дæр фæцайдагъ, фæлæ уæддæр театры сценæ нæ уагъта, æгæрыстæмæй, йæ бон цæуын дæр куы нал уыдис, уæд дæр. Бирæ йæ уарзтой йæ коллегæтæ, йæ хæлæрттæ æмæ кæддæриддæр уыдысты йæ фарсмæ.

Вадимы зын уавæрмæ цæссыгкалгæйæ каст йæ цардæмбал Эльвирæ æмæ йæ бон цы уыд, уымæй йын æххуыс кодта, цыд йæ уавæры. Иумæ ахуыр кодтой театралон институты. Уыдон уыдысты æрмæст ахуыры азтæ нæ, фæлæ сæ кæрæдзийы зæрдæтæм фæндаг агурыны азтæ дæр æмæ, сæ дипломтæ райсгæйæ, сæ цард баиу кодтой. Афтæ сиу сты сæ ахуыр, сæ цард æмæ сæ куыст дæр. Фæзындис сын чызг – Ленæ æмæ кæд сæ æввахс хиуæттæй дæр цалдæрæй семæ, афтæмæй  къуындæг уавæрты цардысты коммуналон хæдзары, уæддæр хъæстаг нæ уыдысты. Фæстæдæр сын куыстæй радтой дыууæхатæнон фатер.

Вадим бирæ уарзта йæ чысыл бинонты. Йæ цардæмбалимæ-иу гастролты куы ацыд, уæд-иу сæ чызджы ныууагътой йæ æнамæ æмæ-иу æй мысыд, фыста-иу æм фыстæджытæ. Фыд ын цахæм уарзт лæвæрдта, ахæм уарзтæй йæ уарзта чызг дæр.

Фæлæ схосгæнæн кæмæн нæй, уыцы низ – игæры цирроз – йæ кæнон кодта. 1972 азы декабры кæрон уæззау уавæры бахауд рынчындонмæ æмæ дзы нал раздæхт сæрæгасæй, йæ Ног азыл нал сæмбæлд… амард 35-аздзыдæй.

БЕРОЙТЫ АКТЕРОН ДИНАСТИ

Ленæ дæр аскъуыддзаг кодта йæ ныййарджыты фæндагыл ацæуын. Уый дæр ссис Моссоветы  номыл театры артисткæ. Уый дæр нæ хуыдтой кинойы  хъазынмæ. Хисæрмагонд царды йæм амонд тынг нæ бахудт. Æртæ хатты уыд мойдзыд. Фыццаг дыууæ мойæ йын ис фæйнæ фырты æмæ уыдон дæр дарддæр кæнынц бинонты династи. Фæлæ ам нæ ныхасы сæр у Егор, уымæн æмæ киноаивады фæндагыл цæугæйæ, уымæн йæ къухты бафтыд стыр æнтыстытæ, кæд ыл нырма 45 азы дæр нæма цæуы, уæддæр. Уый ссис уæрæсейаг æмæ ирыстойнаг киноуарзджыты уарзондæр актертæй сæ иу.

Ленæйæн Егор уыд, актер Вадим Михеенкоимæ цæргæйæ сын чи фæзынд, уыцы лæппу. Михеенко арæх ивта йæ куысты бынæттæ, бæрндзинад нæ хаста бинонты раз, фараст хатты ракуырдта ус æмæ сæрыстыр уыд уымæй. Егоры бахъуыд йæ фыдыл йæ къух сисын æмæ йæ мады мыггагыл йæхи ныффыссын.

БЕРОЙТЫ АКТЕРОН ДИНАСТИ

Лæппу хъомыл кодта хæдæфсармæй, бакастæй уыд уындджын, йæ номдзыд дадайы æнгæс. Хорз арæхст ныв кæнынмæ æмæ йæ æна æмæ йæ мады фæндыд, цæмæй ныллæууыдаид нывкæнынады фæндагыл. Уырныдта сæ, стыр нывгæнæг дзы кæй рауайдзæнис. Фæлæ скъола каст фæуыны фæстæ Егор равзæрста Мæскуыйы Шепкины номыл театралон ахуыргæнæндон. Йæ бон уыд театралон институтмæ дæр бацыдаид, фæлæ йæ нæ бафæндыд, цæмæй йæ райстаиккой йæ зындгонд дадайы номы тыххæй.

Ахуыргæнæндон каст фæуыны фæстæ æрыгон лæппу кусынмæ бацыд Мæскуыйы аивадон академион театрмæ. Йæ театралон биографи райдыдта зындгонд спектакль «Борис Годунов»-æй. Йæ хуыздæр куыстыты ‘хсæн сты «Ромео и Джульетта», «Обыкновенная история» æмæ æндæр зындгонд спектаклтæ.

Йæ кинематографон карьерæ дæр, йæ дадайæ хъауджыдæр, райдыдта æнтысгæйæ. Йæ фыццаг ролтæй фæстæмæ уый хонын райдыдтой сæ киноты хъазынмæ. Йæ ролтæ та уыдысты алыгъуызæттæ æмæ фæлгæндзтыл кусгæйæ, æвдыста сæ характерты сын радæттыны стыр дæсныдзинад. Афтæ фылдæрæй фылдæр кодтой, Егор цы кинонывты хъазыд, уыдоны нымæц. Се ‘хсæн сты «Посвящение в любовь» «Гражданин начальник», «Семейные тайны», «Железнодорожный роман», «Дикий табун», «Турецкий гамбит», «Спасибо деду за победу» æмæ æндæртæ – æдæппæт 50 куысты бæрц. Æмæ йын йæ æрыгон кар хынцгæйæ, фидарæй зæгъæн ис, йæ сæйраг æнтыстытæ нырма разæй кæй сты. Ныртæккæ дæр критиктæ Егоры тыххæй æмхъæлæсæй дзурынц, зæгъгæ, уæрæсейаг кинематографы йæ фæзынд у ахсджиаг цау. Нымайынц æй зондджын, курдиатджын æмæ серьезон актерыл. Уыимæ ма у театралон режиссер дæр.

Уæлдай стырдæр æнтыст Беройты Егорæн æрхаста киноныв «Турецкий гамбит». Цæмæй ацы киноныв ист æрцыдаид, уый тыххæй бакæнын хъуыд иттæг стыр хæрдзтæ. Уымæ гæсгæ йæ аразджытæн сæ нысан уыд, цæмæй йын уыдаид æнтыст. Æмæ йын цæмæй æнтыст уа, уый тыххæй та актертæ хъуамæ хорз хъазой. Æрцагуырдтой, фæхуыдтой Беройы фырты дæр æмæ нæ фæрæдыдысты.

Йе сфæлдыстадон царды ахсджиаг  цау ссис фынддæссерион киноныв «Гражданин начальник»-ы ахъазын дæр.

Махæн, Хуссар Ирыстоны цæрджытæн, уæлдай цымыдисондæр æмæ æхсызгондæр уый у æмæ актер æвæлмас ахаст кæй нæ равдыста нæ зæххыл æрцæугæ трагикон цаутæм æмæ кæй ахъазыд киноныв «Август. Восьмого»-йы.

Актеры арæх фæхонынц телеуынынадмæ алыгъуызон телешоутæм. Цалдæр хатты хайад иста телешоу «Ледниковый период»-ы. Ихыл кафынæй дæр йæ дæсныдзинад æвдыста ахæм номдзыд фигуристкæтимæ, куыд Екатерина Гордеева æмæ Татьяна Навкаимæ. Навкаимæ ихыл кафгæйæ, уыдон бацахстой фыццаг бынат. Комментатортæ банысан кодтой Егоры стыр куыстфæразондзинад – уый уыцы рæстæджы куыста киноисæн фæзуатыл дæр, хъазыд киноныв «Нереальная любовь»-ы.

Æнтыстджын у Егор йе сфæлдыстадон царды, гъай-гъайдæр. Уæдæ цахæм у йæ хисæрмагонд царды та? Куыд зæгъынц, афтæмæй йын уыд æмбæстагон æмкъай, ома, официалонæй æмкъайады нæ уыдысты. 2001 азы Уæрæсейы телеуынынады фыццаг каналы пресс-конференцийы рæстæджы сæмбæлд æмæ базонгæ йæ абоны цардæмбал Ксения Алфероваимæ. Уый у номдзыд  актрисæ Иринæ Алферовайы æмæ болгайраг дипломат Бойко Гюровайы чызг. Йæ дыккаг фыд та уыд, Иринæйæ къаддæр зындгонд чи нæ уыд, уыцы актер Александр Абдулов. Александры уый нымадта, куыд йæхи фыд, афтæ. Ксения Алферова у телеамонæг, нæу ын æцæгæлон киноаивад дæр. Егоримæ ахъазыдысты киноныв «Московские окна»-йы æмæ фæстæдæр актер куыд загъта, афтæмæй иттæг стыр æхцондзинад райста йæ цардæмбалимæ кинойы хъазынæй. Æмкъæйттæн 2007 азы райгуырд чызг æмæ йыл ном сæвæрдтой Евдокия.

Егор æмæ Ксения кæнынц хæрзаудæн архайд дæр. Лæууынц «Я есть!», зæгъгæ, ахæм хæрзаудæн фонды сæргъ æмæ æххуыс кæнынц, сæ рæзты фæстейæ чи зайынц, ахæмтæ æмæ æндæр рынчын сывæллæттæн. Стæй æрмæст уыдонæн нæ – сæ фарсмæ балæууынц, хистæр карæй царды зын уавæрты чи бахауынц, ахæмтæн дæр.

Зындгонд актер зоны æмæ аргъ кæны йæ дадайы ‘рдыгæй йæ уидæгтæн. Бирæ уарзы Ирыстоны æмæ йын ам чи ис, уыцы хиуæтты æмæ сæ хаттæй хатт абæрæг кæны. Кæд йæ фыд украинаг уыд æмæ Кавказы никуы цард, кæд йæ мад дæр никуы цард Кавказы, уæддæр Егор йæхи сæрыстырæй хоны кавказаг «ирон хæбизджынтæ йæ зæрдæмæ тынг кæмæн цæуынц æмæ бæхыл бадын чи  уарзы».  Ахæм ныхæстæ йын, кæй зæгъын æй хъæуы, зæгъын кæны, цæстæй уынгæ дæр кæй нæ фæкодта, уыцы дадайы (Егор куы райгуырд, уымæй фондз азы раздæр амард Вадим) æмæ уый фыдæлты туг.

Егор нырма æрыгон у, фæлæ йын бирæ бантыст. Уадз æмæ нын дарддæр дæр нæ зæрдæтæ рухс кæнæд ног æмæ ног ролтæй.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.