Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы къухдариуæгадæй уагъд æрцыд æмбырд 2018-2019 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фарстаты фæдыл.

Паддзахады сæргълæууæг лæмбынæг æркаст горæт Цхинвал æмæ Ленингоры поселочы уынгты хæрзарæзтады фарстмæ.

Аразджыты ныхæстæм гæсгæ, цыппар уынг –  Чиайы фырты, Джыгкайы фырты, Дмитровы æмæ Нарты уынгты мæйы кæронмæ фæуыдзысты инженерон хызæгты фæдыл куыстытæ æмæ райдайдзысты асфальт кæнын. Аланты æмæ Руставелийы уынгты та хæрзарæзтадон куыстытæ райдайдзысты иу мæй æмæ æрдæджы фæстæ.

Коцты Грийы уынджы ныртæккæ уагъд цæуынц магистралон канализацион хызæгтæ баиу кæныны куыстытæ. Ахæм куыстытæ цæуынц Ленингоры дæр.

Æмбырды ма æрныхас кодтой доннымайæнтæ сæвæрыны фарстыл дæр. Президент банысан кодта, ацы фарст кæй скъуыддзаг кæндзысты адæм сæхæдæг.

«Доннымайæнтæ сæвæрыны хъуыддаг адæмæн у бархийæ, паддзахадон организациты та æвæрд цæудзысты æнæмæнг», – загъта Бибылты Анатоли, æхсæнады цы дам-думтæ сæвзæрд, уыдон аиуварс кæнгæйæ.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс – Южная Осетия»-йы сæргълæууæг Гæбæраты Алан фехъусын кодта, Инвестпрограммæйы фæлгæтты кæй цæуы электрохызæгты модернизаци, сæйраджыдæр Ленингоры æмæ Дзауы районты.

«Электроцæджындзтæ æмæ хызæгтæ ивд цæуынц æххæстæй, афтæ ма Ленингоры районы цыппар трансформаторон пункты дæр. Мах ма ивæм, Начърепайæ Къуайсамæ цы электрохахх цæуы, уый», – банысан кодта Гæбæраты Алан.

Президент æрдомдта, объекты арæзтады рæстæджы цы нормативон документаци хъуамæ уа, уыдон сты æви нæ, уый тыххæй информаци.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуарды ныхæстæм гæсгæ, 2018 азы кæронмæ цы 32 мадзалы нысангонд æрцыд, уыдонæй дыууæ объектæн кæронмæ цæттæ не сты техникон документацитæ.

Бибылты Анатоли лæмбынæг хъус æрдарын кодта, цæмæй рæстæгыл арæзт цæуа проектон-сметæйон документаци аразæг объектты тыххæй.

«2018 азы цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдонæн иу мæйы æмгъуыдмæ хъуамæ арæзт æрцæуа сæ документаци. Курæг уæ дæн, цæмæй октябры райдианмæ бацæттæ кæнат, 2019 азы цы объекттæ хъуамæ арæзт æрцæуой, уыдонæн сæ проектон-сметæйон документаци. Фыццæгæм январмæ мах хъуамæ цæттæ уæм фидæны азы Инвестицион программæ реализаци кæнынмæ», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Банысан чындæуыд, горæт Цхинвалы центры уазæгдоны арæзтад кæй цæуы графикмæ гæсгæ. Ныртæккæ аразджытæ хыгъд радтой, арæзтадæн цы 30 милуан сомы хицæн æрцыд, уыдонæй 11 милуан 400 мин сомæй кæй спайда кодтой, уый тыххæй.

Уынаффæ ма кодтой хъæбæр згъæлæнты утилизацийы фарстатыл дæр.

Президент банысан кодта, фыццаджыдæр кæй хъæуы сифтонг кæнын брæтты полигоны экологон æдасдзинад, ома, брæттæ утилизаци кæнын хъæуы иууыл нырыккондæр амал – брикет кæнынæй.

«Экологон домæнтæ сæххæст кæнын у нæ сæйраг хæс. Æмæ нæ кæд уæлдай æхцайы фæрæзтæ бахъæуа, уæд æй аскъуыддзаг кæнын хъæуы, цæмæй æрдзæн зиан ма æрхастæуа», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Æмбырды фæуды РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æрæмбырдуæвджыты зæрдыл æрлæууын кодта, æрвыл къуырисæр дæр æрбавдисын кæй хъæудзæн Инвестпрограммæ къуырион хыгъдлæвæрдтæ реализаци  кæныны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.