РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли инвалидон велоколяскæ балæвар кодта 8-аздзыд Плиты Маратæн, кæцы рынчын у хромосомон патологийæ.

Уый размæ лæппуйы мад Санахъоты Залинæ бахатыд паддзахады сæргълæууæджы химæисæнмæ, цæмæй йын баххуыс кæной коляскæ балхæныны хъуыддаджы.

Велоколяскæ æлхæд æрцыд хæрзаудæн фонд «Аланийы иудзинад»-ы æхцайы фæрæзтæй,   кæцыйæн йæ иунæг  бындурæвæрæгу Бибылты Анатоли.

Президент бабæрæг кодта горæт Цхинвалы, Таболы фырты уынджы цæрæг  Плиты бинонты.

Санахъоты Залинæ йын бузныджы ныхæстæ загъта йе ‘ххуысы тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уый размæ сæ бинонты проблемæтæ никæй тыхсын кодтой æмæ сын ничи æххуыс кодта.

«Сымах фæрцы адæмæн фадат фæзынд сæ ахæм уавæры уæвæг сывæллæтты тезгъо кæнынмæ ракæнын. Стыр бузныг дын, Анатоли Ильяйы фырт. Ацы коляскæ мæ лæппуйæн фæлæггад кæндзæн 15 азы онг», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæг йæ рады ныфс бавæрдта, дарддæр дæр æнæмæнгхъæуæг æххуыс кæй кæндзæн ацы бинонтæн.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æрæджы Плиты бинонтæн лæвæрд кæй æрцыд фатер Хъайтарты уынджы ног арæзт микрорайоны. Уый размæ бинонтæ астæй цардысты дыууæхатæнон фатеры. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.