Интернеты социалон хызæджы сцырын сты «Ирыстоны ирвæзынгæнджытæ» æмæ сæ цъыфкалæн ныхæстæн кæрон нал ис. Хъаугъа кæнынц цалдæр адæймаджы æмæ цыфæнды хорз       хъуыддаг куы уа, уæддæр æй афтæ æрзылдтытæ кæнынц сæ мæнгæвзæгты руаджы æмæ йæ къахджын-къухджынтæй рахæссынц адæмы размæ.

“Æндæр бæстæтимæ абар-гæйæ, интернеты æндæвдадæн Хуссар Ирыстоны æгæр стыр нысаниуæг лæвæрд цæуы. Социалон хызæджы цы дискусситæ вæййы, уыдоны гъæд вæййы тынг ныллæг, ницы мидис дзы вæййы,” – зæгъы нæ горæты цæ-рæг Гæззаты Маринæ.

Интернетæй пайдагæнгæйæ, æнæуаг митæ чи кæны, уыдон фæстаг рæстæг республикæйы сарæх сты.

Хъуамæ дзы ма уой адæймаджы кад æмæ намыс æфхæрæн æмæ дызæрдыггаг ныхæстæ, экстремистон нысаниуæг кæмæн ис æмæ быцæумæ чи расайдзæн, ахæм фыстæджытæ.

“Махæн, ирæттæн, нæ менталитет у æндæр, кæцыйæн, мæнмæ гæсгæ, стыр нысаниуæг ис. Æддагæттæ нæ республикæйы цæрджыты рæстмæ   нæ зонынц, æмæ хызæгты комментаритæм гæсгæ, аргъ кæнынц нæ адæмæн. Мах кæрæдзи фаугæ æмæ æфхæргæйæ, нæ фыдæлтæн  кад кæнынæн дæр нал стæм”, – загъта Цыбырты Дианæ. “Зæгъæм, адæм тыхстхуызæй фæфæрсынц Фейсбукы цытæ фыссынц, уыдон æцæг сты? Социалон хызæг иуæй-иу адæмæн фадат дæтты, хицауиуæгад цы информаци сусæг кæны æмæ æхсæнадон хъуыдыйыл чи бандавдзæн, ахæм информаци фехъусын кæнынæн дам-думты хуызы. Хуссар Ирыстоны хæдбар информацион фæрæзтæ кæй нæй, уый  нын фадат  дæтты негативон æмæ æнæраст информаци адæмы рæгъмæ хæссынæн.”

Ирон адæм хъуамæ сæ зæрдыл æдзухдæр дарой, мингай адæмтæ сæм фæйнæрдыгæй кæй кæсынц æмæ æгас ирон адæмæн уымæ гæсгæ  кæй аргъ кæнынц. 

Сæфтмæ нæ абон тæрынц, æнæуаг ныхас æмæ æнæгъдау митæ худинаг кæмæ нал кæсынц, ахæмтæ. Уыдон барвæндонæй, кæнæ та æнæрхъуыдыйæ, халынц ирон адæмæн сæ рæбинаг цæджындз – нæ фыдæлтыккон царды æгъдау.  Ирон адæмы фарн хистæрæй кæстæрмæ цæуы, æмæ фидæны нæ кæстæртæ уыцы фарн махæй агурдзысты. 

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.