Ацы аз Хетæгкаты Къостайы азæй расидт кæй æрцыд, уый цытæн алыгъуызон мадзæлттæ уагъд цæуы республикæйы культурон æмæ ахуырадон уагдæтты. Нæ уацхæссæг уыд Цхинвалы цалдæр астæуккаг скъолайы æмæ ацы фарсты фæдыл ныхас кодта скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы     ахуыргæнджытимæ.

– Куыд зонæм афтæмæй ацы аз у Къостайы аз. Йæ райгуырдыл та æххæст кæны 160 азы. Цахæм æнкъарæнтæ дæм æвзæрын кæнынц ацы дзырдтæ æмæ хъуыдытæ?

ЗАССЕТЫ Зарæ, Цхинвалы 9-æм астæуккаг скъолайы директор, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг.

– Æнæ уыцы æмгъуыдтæ дæр æмбæлы, цæмæй Къостайæн æрвылбон æмæ æрвылуысм дæр кæнæм стыр аргъ æмæ кад. Уымæн æмæ Къоста нæ адæмæн æрмæст литературон æвзаг нæ равзæрста æмæ сфидар кодта, фæлæ æндæр хъуыддæгтæй дæр бæрæг уыд, йæ адæмыл тынг æнувыд кæй уыд, уый. Къостамæ дард ирон хъæутæй дæр цыдысты æххуысмæ æмæ сын æххуыс кодта, семæ скъуыддзаг кодта бирæ æмæ алыгъуызон ахсджиаг фарстытæ.

Къоста йæ «Ирон фæндыр»-æй уæд йæ раттæг адæмы разæнгард кодта сæ бартæ бахъахъхъæнынмæ. Абон та нæ тынгдæр разæнгард кæны ирондзинад æмæ иудзинадмæ.

Ацы аз Къостайы азæй расидт кæй æрцыд, уый тыххæй не скъолайы ауагъд æрцыдис цалдæр мадзалы. Ауагътам, Къостайы уацмыстæм гæсгæ, ахуыр-гæнинæгты нывты равдыст. Фæндзæмкъласонтæй уæлæмæ ауагътам конкурстæ Къостайы фыст æмдзæвгæтæ аивдæр бакæсынæй. Ныртæккæ цæттæ кæнæм йæ уацмыстæм гæсгæ инсценировкæтæ. Уагъд цæудзысты Октябры мæйæ азы фæудмæ.  Цы сарæзтам æмæ ма цы сараздзыстæм, уыдон иуылдæр æххæст кæнæм зæрдæйы фæндиаг æнкъарæнтимæ.

– Къоста йæ адæмы æгæрон уарзтæй кæй уарзта ууыл, ныр æнусæй фылдæр ничи дызæрдыг кæны. Куыд хъуыды кæныс, ирон адæм сæхæдæг та, куыд уарзтой æмæ уарзынц Къостайы?

ТЕДЕТЫ Нанули, 12-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг.

– Ирон адæм Къостайы æгæрон уарзтæй кæй уарзтой æмæ уарзынц, уый бæрæг у уымæй дæр æмæ саби скъоламæ дæр нæма бацæуы, афтæмæй фæзоны Къостайы ном, кæм райгуырд, йе ‘мдзæвгæтæ. Уый та дзурæг у ууыл æмæ Къостайы ном æмæ кад алы ирон хæдзары дæр æвæрд кæй сты бæрзонд æмвæзадыл. Йæ гуырæнбон æмæ Къостайы аз кæй у, уый тыххæй не сколайы дæр азы райдианæй фæстæмæ ауагътам цалдæр гом урочы. Ахуыргæнинæгтæ кастысты «Ирон фæндыр»-мæ хаст чи æрцыд, уыцы æмдзæвгæтæ. Гом уроктæ ма ауагътам йæ конд нывты тыххæй дæр. Ныртæккæ та цæттæ кæнæм йæ уацмыстæм гæсгæ арæзт спектакль. Æвдыст æрцæудзæнис йæ гуырæнбоны хæдразмæ.

– Куыд хъуыды кæныс, дунейы адæмты ‘хсæн та цахæм кад æмæ аргъ ис Къоста æмæ йæ уацмыстæн?

ДЖЫГКАЙТЫ Риммæ, 11-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг.

– Дунейы адæмты ‘хсæн Къостайæн цахæм бынат æмæ нысаниуæг ис, уый тыххæй мæ бон уадиссаг бирæ зæгъын нæу, фæлæ фехъуыстон æмæ зонын Къостайы æмдзæвгæтæ бирæ æвзæгтыл мыхуыр кæй æрцыдысты, уый. Къостайы сфæлдыстадæн стыр кад кодтой раздæры Советон Цæдисы республикæты. Йæ гуырæнбон-иу ын банысан кодтой цытимæ, фæлæ уæды хъомысджын паддзахады фехæлдимæ фесæфтысты бирæ хорз традицитæ. О, фæлæ Къоста æмæ йе сфæлдыстадон бынтæн абон дæр хорз кад æмæ аргъ кæнынц Уæрæсе æмæ Цæгат Кавказы республикæтæ.

Къостайы райгуырды 160 азы боны цытæн не скъола дæр ауагъта æмæ ма нырæй фæстæмæ дæр ауадз-дзыстæм къорд мадзæлттæ. Скъолайы сарæзтам «Костайы къуым». Хаст æм æрцыдысты Къостайы фыст æмæ Къостайыл фыст чингуытæ, зындгонд авторты æмдзæвгæтæ æмæ публицистикон æрмæ-джытæ.

– Цахæм сомбон æнхъæлмæ кæсы Къостайы кад æмæ номмæ?

ДЖИОТЫ Мананæ,  10-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг.

– Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Костайы кад нырæй фæстæмæ рæздзæнис ноджы хуыздæр. Уымæн æмæ Костайæн йæ лæггæдтæ ирон адæмæн, æмæ æрмæст ирон адæмæн нæ, фæлæ ма æндæр адæмтæн дæр бирæ сты. Ныр стæм хæдбар паддзахад, никæй дæлбар стæм æмæ нæ аразинæгтæ араздзыстæм, нæхи куыд фæнды, афтæ.  Къостайы аз кæй у æмæ йæ райгуырдыл 160 азы кæй æххæст кæны, уый сæраппонд не скъола дæр ауагъта цалдæр мадзалы. Уыцы нымæцы «Къоста – Ирыстоны сæууон стъалы», «Къостайы уарзон сылгоймæгтæ» æмæ æндæртæ. Нæ ахуыргæнинæгты иу хай хайад райстой Дзауы поселочы Къостайы цырт бакæныны рæстæджы.  

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.