Раздæр, Советон Цæдисы рæстæджы адæмы цард бирæ цымыдисондæр æмæ сыгъдæгдæр уыд. Уæд Интернетæн йæ кой дæр нæ уыд æмæ адæм алыгъуызон чъизидзинæдты тыххæй нæ кастысты æмæ нæ зыдтой, уый хыгъд сын чиныг уыд фыццаг бынаты. Чиныгæн чи нæ аргъ кодта, ахæм бинонтæ стæм уыдысты. Уырыссаг æмæ фæсарæйнаг классикты чингуытæ рафыссыны рæстæджы-иу адæм, æгæрыстæмæй, æнæхъæн æхсæвтæ дæр сбон кодтой рады лæугæйæ. Иннæ ахæм-иу чингуытæ уæйгæнæн магазины дæр рады слæууыдысты, цæмæй сæ искæцы зынгæ авторы чиныг фæуыдаид. Уыцы рæстæджы библиотекæтæм æмæ кæсæн залтæм дæр фылдæр адæм цыдысты. Кæсæн залы-иу уыйас адæм уыд æмæ-иу дзы бынат дæр нал уыд. Ацы æвæрццаг миниуджытæ хорзæрдæм æндæвдтой адæмы, уыцы нымæцы хуссарирыстойнаг цæрджыты  культурон æмвæзадыл дæр. Куыд уыд уый гæнæн æмæ уыцы рæстæджы  журналтæ «Работница», «Крестьянка», кæнæ сывæллæтты журнал «Мурзилка» ма истаиккам.

Хъыгагæн, абон уыцы хорз традицитæ аззадысыты ивгъуыды. Адæм раздæрау нал фыссынц газеттæ æмæ журналтæ. Уымæн ис куыд субъективон, афтæ объективон аххосæгтæ дæр. Абон библиотекæты баивтой телеуынынад, Интернет, DVD-плейертæ. Раздæр кæд сывæллон телевизормæ каст дыууæ-æртæ сахаты бæрц, уæд ын ныр та йæ ныййарджытæ  бар куы радтой, уæд кæсдзæн æнæхъæн боны дæргъы дæр. Иннæ ахæм чиныджы бæстæ, уыдон алыгъуызон литературæ кæсынц планшетты руаджы, кæцы сын æвзæрырдæм æндавы се ‘нæниздзинадыл.

Рæзгæ фæлтæр Интернеты уацары кæй бахауд уый бæрæг у уымæй дæр, æмæ 5-æм апрелы, хуыцаубоны изæры Цхинвалы Интернет цалдæр сахаты бæрц кæй нал куыста, уый уайтагъд бандæвдта скъоладзуатыл, хæдзæртты сæ ницыуал урæдта, рахызытысты уынгмæ æмæ сæ хъæлдзæг хъæлæба хъуыст цасдæр рæстæджы. Футболæй дæр хъазыдысты талынджы. Æппындæр нæ дызæрдыг кæнын, иннæ уынгты дæр афтæ кæй уыдаид, ууыл. Афтæмæй карантины нормæтæ хæлд æрцыдысты.

Æрæджы мын иу сылгоймаг рахъаст кодта, æппынæдзух йæ хъæбулы хъæбул планшеты руаджы кæй фæрсы æмæ Интернетæй кæй пайда кæны, уый аххосæй йæ цæстытæ фæрыстысты æмæ йæ дохтырмæ бакодта. Иу æвзонг сылгоймаг та, кусгæ кæй кæны, уымæ гæсгæ йæ бахъæуы йæ дыууæ лæппуйы – 6 æмæ 8-аздзыдты иунæгæй хæдзары ныууадзын. Уыдон æппынæдзух архайынц Интернеты, нæ дзы фæллайынц. Фæлæ йæм мæм  иу бон тарстхуызæй кæугæйæ æрбацыдысты куыстмæ, тæрсæм, дам, иунæгæй хæдзары. Куыд рабæрæг афтæмæй, уыдон Интернеты бахызтысты цахæмдæр сайтмæ, цыран федтой æгъатыр нывтæ æмæ тынг фæтарстысты. Ацы хабар тынг бандæвдта сывæллæтты психикæйыл æмæ цасдæр рæстæджы хæдзары иунæгæй нал лæууыдысты, сæ иуы бахъуыд дохтыры æххуыс дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм æгъатыр æмæ тæссаг нывтæм кæсгæйæ, сывæллæттæ сæхæдæг дæр æгъатыр кæнынц. Ныййарджытæ хъуамæ бамбарой, сывæллæттæн гæнæн кæй нæй æмæ цалдæргай сахаттæ æрвитой компьютеры раз, хъазты  фигурæйы  кæй амардта, ууыл цин кæнгæйæ. Экраны раз бирæ сахаттæ æрвитгæйæ, сывæллæттæн фæнизджын вæййы сæ рæзгæ организм, уæлдайдæр та сæ нуæрттæ æмæ цæстытæ. Сывæллон агресси æмæ тасдзинадæй дарддæр райсы тынг тæссаг информаци дунейы сконды тыххæй. Сæ зондахасты ныффидар вæййы дунейы хæларзæрдæдзинад кæй нæй, фæлæ æрмæстдæр хæрамдзинад, ахæм хъуыды.

Ныййарджытæ хæсджын сты, цæмæй сæ сывæллæтты бахъахъхъæной Иитернеты æндæвдадæй æмæ сæ æнæхъæн суткæты дæргъы ма уадзой экранмæ кæсын. Уый бæсты  сæ сывæллæтты хъуамæ цайдагъ кæной спортыл, шашкитæ, шахматтæй хъазыныл. Ныййарджытæй бирæтæ нæ царды спортæн цы стыр нысаниуæг ис, уый æмбаргæйæ, сæ сывæллæтты бакæнынц спорты алы хуызтæм, куыд зæгъæм, уæгъдибар хъæбысхæст, футбол, теннис æмæ афтæ дарддæр. Ахæм ныййарджыты нымæц фылдæр куы уаид, уæд уый хорзæрдæм бандавид рæзгæ фæлтæры хъомыладыл. Уымæй дæр абон нæ республикæйы ис æппæт уавæртæ дæр спорты алы хуызты архайынæн, куыд спортивон галуан «Олимп»-ы, афтæ  спортивон скъолаты дæр.

Советон Цæдисы цæрджыты æнæниздзинад бирæ хуыздæр уыд ныртæккæйы рæстæгимæ абаргæйæ. Абон дæр ацæргæ адæймæгтæй бирæтæ фæразондæр сты ныртæккæйы иуæй-иу æвзонг адæймæгтæй. Уый уымæн афтæ у, æмæ уæды рæстæджы иуæй экологи дæр сыгъдæгдæр уыд, стæй хæлц та гъæдджындæр, афтæ ма сывæллæттæ сæ сæрибар рæстæг æрвыстой хæдзæртты кæртыты алыгъуызон хъæзтытæй хъазгæйæ. Раздæр-иу сывæллæттæ тырныдтой сæ уроктæ тагъддæр сахуыр кæнынмæ, цæмæй-иу сæ сæрибар рæстæг арвыстаиккой кæрты хъазгæйæ. Хъыгагæн, уый абон афтæ нал у.

Сусæггаг нæу уый, æмæ абон рæзгæ фæлтæр кæй бахаудтой Интернеты уацары. Интернет сын баивта алыгъуызон цардуагон процесстæ. 10-15 азы размæ дæр ма Интернетæй афтæ парахатæй нæ пайда кодтой. Æмæ афтæ куы аххæсса, уæд 20-30 азы фæстæ адæм æппындæр уынгмæ нал хиздзысты æмæ кæрæдзиимæ лæгæй-лæгмæ нал ныхас кæндзысты. Сывæллæттыл Интернет æндавы æппæрццагæй, мингай порносайттæм кæсгæйæ, видеоты æнæ нормативон лексикæмæ хъусгæйæ. Хицауад систематикон æгъдауæй фæлвары ацы проблемæ æрбæстон кæныныл, æгæрыстæмæй, бакодтой реестр дæр, фæлæ уæддæр æппæт информацимæ бахизæнтæн сæхгæнæн нæй.

Интернет æвзæрырдæм æндавы сывæллæтты ахуырыл дæр. Алыгъуызон темæтыл, уыцы нымæцы математикæйæ дæр, Интернетæй цæттæ куыст райсгæйæ, сывæллæттæ нæ бацымыдис кæнынц, æгæрыстæмæй, йæ мидисмæ дæр. Æппынæдзух цæттæ хæслæвæрдтæ сфысгæйæ, сывæллон нал ферæзы, хъуыды кæнын нал фæзоны æмæ уый аххосæй уымæн фæзын вæййы уроктыл хæслæвæрдтæ аразын. Уымæ гæсгæ ныййарæг хæсджын у, цæмæй йæ сывæллоны ма уадза Интернетæй цæттæ куыстытæ исын. Афтæ куынæ уа, уæд сывæллонæн йæ хъуыдыкæнынад æмбæлон никуы уыдзæн.

Ныртæккæ нæ республикæйы коронавирусы тыххæй карантин баконд куы æрцыд, уæд ахуырдзау фæсивæды æфсон фæуыдзæн, зæгъгæ, скъоламæ нæ цæуæм, уынгмæ цæуыны бар дæр нын нæй æмæ æнæхъæн бонты цы хъуамæ аразæм. Уымæ гæсгæ ныййарджытæ фылдæр хъусдард хъуамæ аздахой сæ сывæллæттæм æмæ сæ ма уадзой дæргъвæтин рæстæджы Интернетæй æмæ  телефонтимæ архайын. Семæ хъазой шашкитæй, шахматтæй æмæ афтæ дарддæр. Хъуамæ зоной æнæхъæн боны дæргъы йæ сывæллон цы архайдта, уый тыххæй. Сывæллæттæ  фылдæр рæстæг Интернеты ма хъуамæ æрвитой, фæлæ кæсой чингуытæ, аразой сæ хæслæвæрдтæ, скъоламæ нæ цæугæйæ, кусой сæхиуыл æмæ ахуыр кæной сæ уроктæ. Науæд сын нæ бантысдзæн дæргъвæтин карантинты аххосæй ахуыры программæ кæронмæ сахуыр кæнын. РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрад ныртæккæ архайы ахуыргæнинæгтæн дистаницон æгъдауæй уроктæ уадзыныл. Ныридæгæн ахуырдзаутæн лæвæрд æрцыд хæслæвæрдтæ Фæлæ ацы ахсджиаг хъуыддаг саразын сæ къухты куыд бафтдзæн æмæ йын цахæм фæстиуджытæ уыдзæн, уый та рæстæг фенын кæндзæн.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.