Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытæн (ОМОН æмæ СОБР) радтой парадон æмæ сæрмагонд уæлæдарæс. Ацы уæлæдарæс сын бахуыдта уæрæсейаг компани «Фарадей», кæцы тыхон структурæты рагæй фæстæмæ ифтонг кæны алыгъуызон уæлæдарæс æмæ къахыдарæсæй.

Милицийы спецкъордтæн сæ уæлæдарæс хицæн кæны иннæ дæлхæйтты кусджыты уæлæдарæсæй, уымæн æмæ сæ службæйон хæстæ сты спецификон, ис сæм æндæр домæнтæ. Уæлæдарæсæй алкæмæн дæр ис дарыны рæстæг, цæмæй та дын уый фæстæ ног радтой, – иу азæй суанг 6 азы онг.

Æрæджы та милицийы иннæ дæлхæйттæ ифтонг æрцыдысты уæлæдарæсæй æмæ ныр ацы проблемон фарст скъуыддзаг æрцыд кæронмæ. Дарддæр дæр Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгады ‘рдыгæй ист цæудзысты æмбæлон мадзæлттæ, цæмæй иунæг милицийы кусæг дæр хъуагдзинад ма æййафа сæрмагонд уæлæдарæсæй.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.