Ирон адæм сæ хъæбатыртыл кодтой кады зарджытæ, æмæ цæрынц абон дæр. Зарæг кæй тыххæй у, уыдон та нæ цæстыты раз æрлæууынц æцæг бæгъатыртæй.

Къадзты Ремикы знаг фæстейæ мæнгардæй фехста – украинаг рæстдзæвин (снайпер) йæ сау ми бакодта Северодонецкы ацы азы сæрды райдайæны, æмæ замманайы ирон лæппу Ирыстонмæ, Горæтгæрон районы Ирыхъæумæ ласгæ мард фæцис…

Ремик райгуырд 1979 азы 4 майы Хуссар Ирыстоны Дзауы районы. Йæ ныййарджытæ цæрынмæ рацыдысты Горæтгæрон районмæ. Лæппу æнтыстджынæй каст фæци Октябрыхъæуы 1-æм астæуккаг скъола. Ацыд æфсады рæнхъытæм æмæ службæ кодта Приморьейы крайы. Уырдыгæй куы æрыздæхт, уæд кусынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы завод “Исток”-мæ. Куыста ма æндæр рæтты дæр. Уый фæстæ Цæцæны спецназы уыд контрактонæй. Хæсты фæстæ хъæдты, хæххон бынæтты цы боевиктæ æмбæхст, уыдоны куынæг кодтой. 2008 азы Хуссар Ирыстоны хæст куы райдыдта, уæд та уырдæм дæр йæхи аппæрста æмæ дæрæн кодта Хуссар Ирмæ æрбалæбурджыты.

Фæстæмæ та аздæхт Цæцæнмæ 103-æм мотоæхсæг полчы спецназы пулемет æхсæгæй. Уыцы мотоæхсæг полк ацыд Украинæйы сæр-магонд æфсæддон операцимæ æмæ æнаккаг националистты ныхмæ тох кодта. Сæ командир фæцæф, æмæ Ремикæн бабар кодтой уый хæстæ æххæст кæнын. Дыууæ мæйы бæрц тох кодта бандеронты ныхмæ, стæй йыл йæ хур баталынг…

…Дунейы дзыллæ æрбамбырд йæ ныгæнæн бон Ирыхъæуы Пушкины уынджы Къадзты хæдзармæ. Цалынмæ йын Украинæйæ йæ мард буар ластой, уæдмæ дæр Къадзты хæдзармæ мæрддзыгой адæм чыртæ-чыртæй цыдысты, фылдæр – фæсивæд. Уыдон дзырдтой Ремикы лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинады тыххæй.

Уæдæ йæ ныгæнæн бон фыдохы дæргъвæтин ныхасы ноджы ирддæрæй фæбæрæг сты Къадзты лæппуйы сгуыхтдзинæдтæ. Кадимæ йæ ба-ныгæдтой Карцайы трассæйы былгæрон уæлмæрды æфсæддон цытимæ.

Ремик йæ фæстæ цæссыгкалгæ ныууагъта йæ саударæг мад Саулохты Раисæйы, чызджытæ Алинæ æмæ Эллæйы, фырт Хетæджы, æфсымæртæ Батрадз æмæ Георгийы. Йæ фыд Русик (Рубен) афæдз æмæ æрдæджы размæ сау сыджыты хай бацис. Ныр уыцы бæсты æнусон æн-цойад кæнынц фыд æмæ фырт. Хæрзаудæн кæ-нæнт, чи сыл фæмаст кодта, уыдоныл.

Сержант Къадзты Ремик хорз фæд ныууагъта уæлион дунейы. Ахæмтæн дзæнæты вæййы сæ бынат, бинонтæй та рох никуы уыдзæн.

Сæ хæдзары 2-аг уæладзыджы хатæнтæй иуы Ремикы фæлдыст хуыссæнгарз æмæ къамы цур сты йæ хæрзиуджытæ – майдантæ æмæ риуылдаргæ нысæнттæ: “Æфсæддон æхсардзинады тыххæй”, “Цæгат Кавказы хæстон архæйдтыты архайæгæн”, “Хæсты архайджыты ветеран”, “Уæрæсейы мидæггагон æфсæдты 200 азы”, “Контртеррористон операциты архайæг”.

Республикæ Хуссар Ирыстоны ног сæвзæрст Президент Гаглойты Алан æрбацыд Къадзты бинонтæм тæфæрфæс кæнынмæ. Ремикы та схорзæхджын кодта майдан “Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг”-æй (йæ мæлæты фæстæ), лæгдзинад, хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй.

Ремик æцæг хæстон кæй уыд, хъæбатырдзинадæй – æххæст, уый тыххæй фыста мæскуыйаг журнал “На боевом посту” 2015 азы мартъийы номыры ахæм сæргондимæ: “В горах пока не до прогулок”. Ис дзы Ремикы Цæцæны хæсты ист къам.

Знаджы къухæй байсæфт ирон хъайтар лæппу. Хъæбатырæй фæмард йе ‘фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ. Нæ фæхудинаг кодта ирон лæджы ном, кад æмæ намыс.

Ирыстонæй ма Украинæйы æфсæддон сæрмагонд операцийы чи фæмард, уыдон ныр иу уæлмæрды кæрæдзи фарсмæ ныгæд сты. Æнусон цыт сын! Никуы ферох уыдзысты! Рацæудзæн рæстæг, æмæ сыл кады зарджытæ скæндзысты. Уыдон айзæлдзысты нæ Иры хæхты æмæ быдырты. Уыдонимæ – Ремикы тохы зарæг дæр!

   ГАССИТЫ Моисей

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.