Æрæджы Анахарсисы номыл национ библиотекæ поэт æмæ прозаик Козаты Исидоры 95 азы бон банысан кæнынмæ йæхи хорз кæй бацæттæ кодта, уый бæрæг уыд библиотекæмæ бахизгæйæ дæр. Мадзалы организатортæ фойейы аив равæрдтой Козаты Исидоры æмдзæвгæтæй баннертæ.

Мысæн изæр байгом кодта библиотекæйы директор Гуыцмæзты Иннæ. «Æз ын йæ ном фыццаг хатт фехъуыстон хæрзчысылæй, йе ‘мдзæвгæтыл арæзт музыкалон уацмыстæм хъусгæйæ. Сцымыдис мæ кодтой, бауарзтон сæ æмæ сæм абон дæр фæхъусын зæрдиагæй. Исидор ирон æвзаг уарзгæ дæр кодта æмæ ма йæ зонгæ дæр тынг хорз кодта», – банысан кодта Гуыцмæзты Иннæ.

Исидоры цард æмæ сфæлдыстады, йæ зонгæтæ æмæ йын бастдзинæдтæ цы зындгонд адæймæгтимæ уыдис, уыдон тыххæй мысæн изæры ноджы бæстондæр æрдзырдта библиотекæйы кусæг Къацты Ульянæ.

Поэт, прозаик, Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон та хайадисджытæм барвыста видеораныхас, цыран банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстон хъæздыг уыд сфæлдыстадон адæймæгтæй. Йæ хъуыдымæ гæсгæ уыдонæн се ‘нтыстытæ уыдаиккой ноджы фылдæр æмæ хуыздæр, фæлæ, зæгъгæ, стыр хъыгагæн, бирæтæ цардæй ацыдысты сфæлдыстады бæрзæндтæм хизын куы райдыдтой, сæ нæмттæ тынгдæр хъуысын куы райдыдтой, уæд. Мелитон куыд банысан кодта, афтæмæй уыдон ‘хсæн ис Исидор дæр.

Козаты Исидоры æмдзæвгæтыл фылдæр зарджытæ чи сарæзта, уыдонæй иу у зарæггæнæг æмæ композитор Джыгкайты Æхсар. Кæд йæхи бон нæ бацис мысæн изæрмæ æрбацæуын, уæддæр æрбарвыста фыстæг æмæ йæ мадзалы хайадисджытæн бакаст Хуссар Ирыстоны радиойы кусæг  Гасситы Аннæ.

Мысæн изæры хайадисджытæн ма Козаты Исидоры тыххæй йæ хъуыдытæ æмæ мысинæгтæ видеоисты хуызы æрбарвыста Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театры артист Токаты Зауырбег. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Исидор æрмæст хорз сфæлдыстадон кусæг нæ уыдис, фæлæ ма йæ бæстæ æмæ адæмы бирæ чи уарзта, ахæм адæймаг дæр. «Æз сæрыстыр дæн  Исидоримæ зонгæ кæй уыдтæн уымæй. Стыр аргъ ын кæнын йе сфæлдыстадæн», – загъта Зауырбег æмæ аив бакаст Исидоры фыст æмдзæвгæ.

Исидоры цард æмæ сфæлдыстады тыххæй сæ хъуыдытæ дзырдтой Биазырты Аллæ, Гæбæраты Юри, Гасситы Аннæ æмæ æндæртæ.

Уый фæстæ нæ университеты студенттæ, клуб «Аполлон»-ы уæнгтæ Къæбулты Алан, Гæбæраты Дианæ, Бæззаты Фатимæ, Æлборты Аслан, Плиты Ланæ æмæ Гæззаты Сæрмæт аив бакастысты Исидоры фыст æмдзæвгæтæ.

Гуыцмæзты Иннæ æмæ зарæггæнæг Кокион Аллæ та сæххæст кодтой Исидоры æмдзæвгæтыл фыст цалдæр зарæджы.

Мысæн изæры хайад райстой Исидоры хиуæттæ, хорз æй чи зыдта, уыдонæй цалдæр адæймаджы. Сæ иу Исидоры фырты чызг Козаты Дианæ, мадзалы кæрон раарфæ кодта мадзал чи бацæттæ кодта, чи йæм æрбацыд æмæ дзы Исидоры тыххæй йæ хъуыдытæ чи дзырдта, æппæт уыдонæн.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.