Хуссарирыстойнаг дзюдоист Уалыты Герман ссис Советон Цæдисы сгуыхт тренер Якуб Коблевы номарæн æхсæнрегионалон турниры уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты горæт Сочийы. Хайад сæ райстой Уæрæсейы 10 регионæй 200 спортсменæй фылдæр.

Уалыты Герман архайдта иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+78 кг). Тренертæ Хъотайты Дмитри æмæ Касаты Ацæмæзы хъомылгæнинаг акодта æртæ тохы æмæ сæ алкæцыйы дæр фæуæлахиз. Йæ ныхмæлæуджытæ иууылдæр уыдысты Краснодары крайы минæвæрттæ. Фыццаг уал тыхджындæр уыд Дмитрий Михайловæй, дарддæр рамбылдта Арман Габриеляны æмæ финалы та фæуæлахиз Артем Семеновыл.

«Турниры хайад истой сæ регионты иууыл тыхджындæр богалтæ. Уымæ гæсгæ алы фембæлды дæр цыд карз спортивон тох. Герман рахæцыд тынг хорз. Ахæм ерысты фыццаг бынат бацахсай, уый нæ республикæйæн у стыр æнтыст æмæ кад», — банысан кодта Хъотайты Дмитри.

Грекъаг-ромаг хъæбысхæст

Новосибирскы уагъд æрцыд грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй дунеон турнир «Мемориал Аксенова. Возрождение», зæгъгæ. Ерысты хайад райстой Уæрæсе, Белоруси, Хъыргъызтан æмæ Иранæй. Турниры 60 кг уæзы категорийы æвзист призер ссис Тыбылты Георги.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.