«Комавтодор»-ы кусджытæ æрæвнæлдтой Гром æмæ Цъинагары хъæуты ‘хсæн фæндаджы цалцæг кæнынмæ.  «Фæстаг рæстæджы цы тæрккъæвдатæ ныууарыд, уыдон раластой цъыфзæйтæ, разиан кодтой асфальтæн æмæ дзы машинæтæ æдæрсгæйæ нал цыдысты. Лæсæн бынæттæ йæ рæстæджы фидар æрцыдысты бетонон къултæй, æвæрд дзы æрцыд стыр диаметр бетонон хæтæлтæ дæр. Фæлæ уыдон байдзаг сты бæлæсты къалиутæ æмæ змисæй, уымæ гæсгæ-иу фæндаг фæцис лæсæн сыджыты бын. Мах æнхъæлмæ кастыстæм, боныгъæдтæ кæд фæхуыздæр уыдзысты æмæ кæд бавналдзыстæм фæндагцалцæггæнæн куыстытæм. Фæлæ дарддæр нал æнхъæлмæ кæсдзыстæм, уымæн æмæ адæм тыхсынц», – зæгъынц «Комавтодор»-ы пресс-службæйы.

15 километр дæрддзæгæн у фæндаг Громæй-Цъинагармæ. Ацы фæндаг раздæр дæр зынвадат уыд, афтæмæй та Цхинвалæй Цъинагармæ Ленингоры трассæйыл цы фæндаг цæуы, уымæй æртæ хатты къаддæр у.

Фæндаг саразынмæ рагæй бæллыдысты Цъинагары зонæйы цæрджытæ. Хицауады раз рагæй æвæрдтой уыцы фарст, фæлæ фæрæзтæ кæй нæ фаг кодта, уымæ гæсгæ æргъæвд цыд азæй-азмæ. Фæндаг аразынмæ бавнæлдтой 2019 азы. Йæ арæзтадæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты хицæн æрцыд  255  милуан сомы.

Ныртæккæ фæндаджы аварион бынæттæ аиуварс кæныныл кусынц, цæуынц фидар зæйцæуæн бынæттæ дæр, афтæ ма, кæм хъæуы, уыцы бынæтты ныппардзысты хæтæлтæ. Ныртæккæ  Цъинагармæ машинæтæ цæуынц Ленингоры районыл. Фæндагыл цæугæйæ иуæрдæм хъæуы дыууæ сахаты æмæ æрдæг, ацы фæндагыл цæугæйæ та рæстæг хардз цæуы зынгæ къаддæр. Уымæ гæсгæ цъинагайрæгтæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц, ацы фæндаг та кæд æрбайгом уыдзæн, уымæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.