Дарддӕр кӕны сӕрмагонд операци Украинӕйы, бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ, цӕуы хӕст. Хӕстӕн та йӕ хъуыддаг хӕст у – иуӕй туг куы кӕла, уӕд иннӕмӕй дӕр ӕхсыр нӕ миздзӕн. Фӕлӕ цас фылдӕр туг кӕлы, цас фылдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлы Уӕрӕсе, уый бӕрц ирддӕрӕй зыны, ацы операци кӕй уыд ӕнӕмӕнг, ӕнӕаргъӕвгӕ хъуыддаг. Уымӕн ӕмӕ сӕ туг се стӕг адӕмӕн дӕр ахӕм ӕгъатыр митӕ чи кӕны, уыцы нацисттӕ ӕмӕ фашистон тыхтӕ дарддӕр цытӕ кодтаиккой, рӕстӕгыл сын сӕ рохтыл ӕрхӕцӕг куынӕ фӕуыдаид, уӕд…

Сӕрмагонд операци, ома, хӕст куыд дарддӕр кӕны, афтӕ ивынц политикон амбицитӕ дӕр. Гуырдзыстоны ныры къухдариуӕггӕнджытӕ чысыл зондджындӕр разындысты сӕ размӕйы къухдариуӕггӕнджытӕй ӕмӕ рӕстӕгыл аскъуыддзаг кодтой, Америкӕйы Иугонд Штаттӕ ӕмӕ ныгуылӕйнаг бӕстӕтӕ Уӕрӕсейы Федерацийӕн цы санкцитӕ расидтысты, уыдоны ӕвварс рахӕцӕн сын кӕй нӕй, уӕд сыдӕй кӕй амӕлдзысты… Уӕрӕсейы базарадон фӕзуат кӕронмӕ фесафын мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк Гуырдзыстонӕн нысан кӕны бынысӕфт. Уымӕн, ӕрмӕстдӕр уымӕн не сразы сты Уӕрӕсейы ныхмӕ рахӕсгӕ санкцитыл. Æмӕ, чысыл ма бахъӕуа, ма батайой фӕлмӕнзӕрдӕ адӕмы, уыцы нымӕцы махӕй дӕр бирӕ кӕйдӕрты зӕрдӕтӕ, ӕппынфӕстаг Гуырдзыстон йӕ зонд ӕрцахста, зӕгъгӕ. Афтӕмӕй та ам «зондӕрцахстӕн» йӕ тӕфаг дӕр нӕй, ис ын ӕрмӕстдӕр иу хуызы бамбарӕн: гуырдзы  равзӕрстой, сӕ туджысконды ӕнусты дӕргъы чи бахсыст, уыцы ӕнӕмӕлгӕ позици – бахъуаджы рӕстӕг бирӕгъы бын дӕр стулын. Гъемӕ йӕ ацы хатт ноджы фӕцӕхджындӕр кодтой – стылдысты арсы бын. Æмӕ нырма тулынц, нырма пайда кӕнынц уавӕрӕй, фӕлӕ арсы бын афтӕ ӕргомӕй кӕй стылдысты, уымӕ куыдфӕстагмӕ сӕ хъус тынгӕй-тынгдӕр дарын райдыдтой сӕ къӕбӕрдӕтджытӕ. Евроцӕдисы минӕвӕрттӕ фӕдисы дзӕнгӕрджытӕ цӕгъдынц ӕмӕ гуырдзымӕ къухӕй амонынц, адонмӕ ӕркӕсын хъӕуы, зӕгъгӕ, мах куыд кӕнӕм, афтӕ нӕ кӕнынц… Æмӕ сӕм райдыдтой ӕртхъирӕнтӕ кӕнын: мах куыд кӕнӕм, афтӕ куынӕ кӕнат, уӕд уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм, уӕ хъысмӕт мах къухты кӕй ис, уый. Америкӕйы минӕвар Гуырдзыстоны сӕм бынтон карзӕй бартхъирӕн кодта. Нырма уал ӕрсидт Гуырдзыстонмӕ, цӕмӕй ӕрбаиу уой Уӕрӕсейы ныхмӕ расидгӕ санкцитӕм, уымӕй дӕр ноджы фӕкарздӕргонд формӕйы, гуырдзыйӕн сӕ зӕрдыл сӕ уавӕр ӕрлӕууын кӕнгӕйӕ. Номхуындӕй: Гуырдзыстоны уӕвынад баст у Америкӕйы Иу-гонд Штаттӕ ӕмӕ ныгуылӕйнаг бӕстӕтыл, куыд финанскӕнынад, афтӕ хъахъхъӕнынады къабазы дӕр. Æмӕ сын уырнын кӕны, се ‘вварс куынӕ рахӕцой, уӕд ахӕм ӕгоммӕгӕсдзинадӕн кӕй уыдзӕн тынг уӕззау фӕстиуджытӕ.

«Америкӕ ӕмӕ йӕ иннӕ хӕлӕртты фӕрцы Гуырдзыстоны Хъахъхъӕнынадон тыхтӕ бирӕ хъо-мысджындӕр сты 2008 азимӕ абаргӕйӕ. Æмӕ махӕн тынг ахсджиаг у, цӕмӕй Уӕрӕсейы ныхмӕ равдисӕм нӕ иумӕйаг позици, цӕмӕй бандавӕм Уӕрӕсейы ӕндӕвдадыл», – фехъусын кодта Америкӕйы минӕвар Гуырдзыстоны.

Ныртӕккӕ, уавӕрмӕ абоны цӕс-тӕй кӕсгӕйӕ зӕгъӕн ис фидарӕй: Гуырдзыстоны куыд цардуагон хъуагдзинад, афтӕ нӕ хъӕуы хӕст дӕр. Фӕлӕ ацы фарсты фӕдыл тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕны Америкӕ ӕмӕ Ныгуылӕны ӕнӕразыдзинад. Æмӕ ныртӕккӕ Гуырдзыстон цы уавӕры ис, ома – тӕдзынӕгӕй цыхцырӕджы ‘хсӕн, уымӕн ӕнӕфӕивгӕ нӕй. Уымӕн ӕмӕ Гуырдзыстонӕн Уӕрӕсейы базар фесафын нысан кӕны стонгдзинад, экономикон кризис, Америкӕ ӕмӕ Ныгуылӕны хъыджы бацӕуын та – паддзахадон  мӕлӕт… Æмӕ хъуыды кӕнӕм дарддӕр. Америкӕ ӕмӕ ныгуылӕйнаг бӕстӕтӕ карзӕй куы ӕркӕсой Гуырдзыстоны гадзрахатмӕ, уӕд ын афтӕ асламӕй ныххатыр кӕндзысты, уыцы гадзрахат? Ницӕй тыххӕй. Кӕд фыртӕсӕй сӕ удтӕ тыхджын, фӕлӕ фӕлмӕнзӕрдӕ арсы бын ма сисой, уӕд сӕ бахъӕудзӕн дурзӕрдӕ сырды бын стулын – Ливи, Ирак ӕмӕ бирӕ ӕндӕр бӕстӕты туджы лӕсӕнты бын чи фӕкодта, ахӕм ӕгъатыр сырды бын.

Стыр политикӕйӕ иу чысыл иуварс куы ахизӕм ӕмӕ уавӕрмӕ хуымӕтӕгдӕр цӕстӕй куы ‘ркӕсӕм, уӕд ӕй хӕрзӕнцонӕй бамбардзыстӕм, Америкӕ Гуырдзыстоны раз, цӕмӕй арсы бын стылды тыххӕй йӕхи сраст кӕна, уый тыххӕй фыццаграды цы домӕн ӕрӕвӕрдзӕн, уый: Уӕрӕсейы хуссарварс хӕсты норст цӕхӕр басхъауын, цӕмӕй Уӕрӕсейӕн дыууӕрдӕм тох кӕнын фӕзындӕр уа. Æмӕ та уӕд цы уыдзӕн, цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы махмӕ, ӕрмӕстдӕр рагон ӕмбисонд – къамбецтӕ фӕхыл сты ӕмӕ родты сӕ быны ныцъӕл кодтой.

Махӕн цы нӕ бон у дыууӕ тыхджын хылгӕнӕджы ‘хсӕн бахаугӕйӕ, кӕм нын ис уый бӕрц тыхтӕ, цӕмӕй сыл фӕйнӕрдӕм ахӕцӕм, ныддӕрӕн сӕ кӕнӕм ӕмӕ ӕвыдӕй баззайӕм?..

О, фӕлӕ, Хуыцау мауал зӕгъӕд, цӕмӕй ахӕм цыдӕр ӕрцӕуа, фӕлӕ нӕ бон уый дӕр нӕу, цӕмӕй нӕ ахӕм цыдӕр кӕрӕдзи хӕргӕ ма ӕрӕййафа?..

Адӕм, хорз адӕм, зондджын, куырыхон адӕм, цы аразӕм, нӕ хъысмӕтмӕ ахӕм уӕлӕнгай цӕстӕй цӕмӕн кӕсӕм, цӕмӕн радтам кӕмӕндӕрты нӕ цард халыны бар?..

Æндӕрӕбон, нӕ республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады агъуысты Бибылты Анатолийӕн уыд фембӕлд. Фембӕлдмӕ ӕрбацӕуӕг адӕм дзырдтой сӕ царды уавӕртыл, сӕ зӕрдӕ цӕмӕй рухс кодта, уыдоны тыххӕй дзырдтой бузныджы ныхӕстӕ, цы домӕнтӕ, цы фӕндиӕгтӕ ма сӕм уыд, уыдон дӕр дзырдтой ӕргомӕй, скъуыддзаг сӕ кодтой зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхасы фӕрцы. Уалынмӕ, арвӕй дур ӕрхауӕгау, адӕмы ‘хсӕн февзӕрд, уӕды онг уым чи нӕ уыд, ахӕм сылгоймаг ӕмӕ, карз ӕлгъыстгӕнгӕ йӕхи ныццавта Бибылты Анатолийыл. Фембӕлдмӕ ӕрбацӕуӕг сылгоймӕгтӕ ахӕм ӕнӕнхъӕлӕджы хабарӕй рӕстӕгыл куынӕ ӕрчъицыдаиккой, уӕд ын йӕ цӕсгомы цъар ӕрыс-тъыгътаид. Йӕ дзыхӕй цытӕ хауд, уыдонӕн газеты фыссӕн нӕй, фӕлӕ йе ‘рбалӕбурды сӕр уыд: ды, дам, дӕ къух куыд ӕрфыстай, цӕмӕй мын мӕ фырты Украинӕйы хӕстмӕ акӕной… Ӕлгъиты, лӕбуры, сылгоймӕгтӕ йӕ тыхӕй уромынц. Бибылты Анатоли йӕ, хиуылхӕцгӕ, фӕлмӕн хъӕлӕсӕй фӕрсы, кӕцӕй, дам, дын арвыстон дӕ лӕппуйы, мӕ хойы хай?.. Æмӕ, дам, цыппӕрӕм ӕфсӕддон базӕйӕ, афтӕ ӕмӕ, дам, дын, уфтӕ фӕуа… Омӕ, дам, дӕ низтӕ бахӕрон, цыппӕрӕм ӕфсӕддон базӕмӕ ӕз бынтондӕр ницы бар дарын, уымӕн, дам, йӕ хицау Путин у… Куыд, дам, ӕм ницы бар дарыс, уӕдӕ, дам, сӕм цӕмӕн бамӕрдтыхай дӕ?.. Уымӕн, ӕмӕ дам, дӕ нывонд, уыцы ӕфсӕддон базӕ нӕ республикӕйы территорийыл ис, ӕмӕ сӕм бацыдтӕн  фӕндараст сын зӕгъынмӕ…

Сылгоймаджы тыхӕй куы аиуварс кодтой, уӕд Бибылты Анатоли бахатыд адӕммӕ, цӕмӕй бамбарой уыцы сылгоймаджы, мачи йӕм фӕхӕрам уа. Æз, дам, ӕй зонын, йӕхӕдӕг кӕй ӕрфӕсмон кӕндзӕн, ӕмӕ мӕ хатыр кӕй ракурдзӕн. Куыднӕ йӕ бамбӕрста, сӕрмагондӕй ӕрвыст кӕй уыд, фӕлӕ уый кой кӕнгӕ дӕр не скодта. Цӕмӕй уавӕр ноджы ма скарз уыдаид, уый тыххӕй.

Алчи цӕмӕннӕ кӕны афтӕ? Мады зӕрдӕ йӕ хъӕбулмӕ куы ӕхсайа, уӕд уымӕн нӕ дӕр закъон ис, нӕ дӕр политикӕ. Фӕлӕ ныййарӕг мады зӕрдӕрыстӕй чи пайда кӕны, уыцы мӕдты чи ардауы, уыдон Хуыцау ӕмӕ йе скӕнгӕ зӕдтӕм цы зӕрдӕйӕ скувынц?.. Афон нӕма у, цӕмӕй нӕхимӕ ахӕм фарст радтӕм: ӕвзӕрстыты рӕстӕджы ныл цы бирӕнымӕц зӕрдӕрисджытӕ разыны, уыдон стӕй цы фӕвӕййынц?..

Мӕскуы ӕмӕ ӕндӕр горӕтты чи цӕры, уыдон нӕ, фӕлмӕн дивантыл бадгӕйӕ сӕ хъӕстӕ ӕмӕ цъыфкалӕнтӕ парахат кӕнгӕйӕ, кӕрӕдзийыл кӕдмӕ ардаудзысты? Уыдонӕн, гал амӕла – дзидза, уӕрдон асӕтта – суг… Хуыцау ма зӕгъӕд, фӕлӕ не ‘нусон знӕгтӕн уый фадат куы радтӕм, цӕмӕй та нын ногӕй хӕст расидой, уӕд уыдоныл бынтондӕр ницы уӕз ӕрцӕудзӕн, хатгӕ дӕр ӕй нӕ ракӕндзысты сӕ фӕлмӕн диванты ныгъуылдӕй, фӕлӕ мах цы фӕуыдзыстӕм?..

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.