Хусссар Ирыстоны æхсæнады консолидаци æмæ Уæрæсейы регионтимæ æмахастыты райрæзт

 

Паддзахады разамонæджы бынатмæ кандидаты программæ политтехнологтæ фæаразынц азгай. Фыццаг аз – сæйраг нысантæ æмæ командæ сбæлвырд кæнынæн; дыккаг аз æмæ æртыккаджы æрдæг – æнтыстджынæй конкретон хъуыддæгтыл бакусынæн; æртыккаг азы кæрон æмæ цыппæрæмы райдиан – æхсæнадæн куысты хатдзæгтæ равдисынæн æмæ ног æвзæрстон кампанимæ бацæуынæн. Ивгъуыд азы сæйраг цауты анализ нын дæтты бар зæгъынæн – уыцы график æххæстгонд цæуы.

Инаугурацийæ рацыдис иу аз æмæ, куыд вæййы, афтæ адæм цыдæр диссаджы ивддзинæдтæм æнхъæлмæ кастысты. Паддзахады сæргълæууæгæн та уыдис йæхи хъуыдытæ, йæхи архайды пълан. Кæцыдæр пълæнттæ къухы бафтыдысты, иуæй-иу фæндтæ та нæ. Уым диссагæй ницы ис – азгай цы риссаг фарстатæ тымбыл кодтой, уыдон цæстыфæныкъуылдмæ æрбæстон кæнынæн иу аз æгæр гыццыл рæстæг у. Фæлæ куыд уынæм, афтæмæй Гаглойты Алан тырны республикæйы цард фæхуыздæр кæнынмæ.

Иу æвзæрстытæ иннæты ивынц æмæ та алы ног президенты дæр бахъæуы, йæ размæ чи уыди, уый рæдыдтытæ раст кæнын. Ацы хатт Гаглойты Аланæн баззадис уæззау политикон «бынтæ» – раздæры разамынад референдумы фæдыл цы уынаффæ райста, уый аххосæй. Уæ зæрдыл æрлæууын кæнынæн – раздæры президенты барамындмæ гæсгæ 2022 азы 17 июлы Хуссар Ирыстоны хъуамæ уагъд æрцыдаид Уæрæсейы Федерацийы фæлгæтты бацæуыны фæдыл референдум. Æвæстиатæй хъуыдис уыцы фарстайыл бакусын, уымæн æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй плебисцит ауадзыны пълæнтты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы разамынады фæрсгæ дæр ничи бакодта. Консультациты фæстæ дыууæ фарсы дæр сразы сты, зæгъгæ, Бибылты Анатолийы барамынд ныхмæлæуд кæны Уæрæсейы Федерацийы æмæ Хуссар Ирыстоны республикæйы æхсæн Ӕмцæдисондзинад æмæ интеграцийы фæдыл 2015 азы 18 мартъийы бафыст бадзырдимæ.  Референдум аргъæвтой, уымæн æмæ уæрæсейаг фарс дырыс æгъдауæй бамбарын кодта, зæгъгæ, ахæм кардиналон уынаффæйы рæстæг нæма æрцыд – æмцæдисон паддзахæдты æмахастытæ та бирæвæрсон сты æмæ сæ дарддæр фидар кæнын хъæуы.

Гаглойты Аланы фыццаг президентон аз:

Гаглойты Аланы фыццаг кусæгон визит Уæрæсейы Федерацимæ уыдис 2022 июны мæйы. Кæимæ фембæлд, уыцы официалон адæмы æхсæн уыдысты УФ-йы президенты администрацийы разамонæджы хæдивæг Дмитри Козак æмæ фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров. Президенты балцты графикы уыдысты Цæгат-Кавказаг федералон зылды республикæтæ дæр – Цæгат Ирыстон æмæ Хъæрæсе-Черкес. Рашид Темрезовимæ бадзырдта хъæууон хæдзарад, сæудæджерад æмæ туризмы æмгуыстады фарстатыл. 2022 азы 29 ноябры президент Гаглойты Алан æрцыд горæт Симферополмæ. Ам сæмбæлдис уæрæсейаг регионы сæргълæууæг Сергей Аксеновимæ. Æмцымыдисон темæтыл æрныхас кодтой.

2023 азы 16 мартъийы Мæскуыйы сæмбæлдысты Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æмæ Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин. Дыууæ паддзахады лидертæ баныхас кодтой экономикæ æмæ æфсæддон фадгуыты æмгуыстады фæдыл. Путин бафиппайдта, æмахастытæ кæй рæзынц алывæрсон æгъдауæй, сæрмагондæй загъта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны зæххыл ис уæрæсейаг æфсæддон базæ, йæ арæнтæ та йын  хъахъхъæнынц уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ æмæ уыцы структурæтæ æнтыстджынæй æмгуыст кæнынц. Уыимæ ма дыууæ президенты æрныхас кодтой республикæйы хотыхджын тыхты нымæц фæфылдæр кæныныл дæр.

Æмцæдисон æмахастыты фидардзинады æвдисæн сси сæрмагонд æфсæддон операци. Уыцы темæйæн президенты кусæгон пълæнтты хицæн бынат ис. Гаглойты Алан хъуыддагæй равдыста, телевизион репортажтæ æмæ бæрнон службæты докладты фæрцы уавæр базонынæн фаг кæй не сты.  2022 азы ноябры бабæрæг кодта СӔО-йы бархионты æмæ уæрæсейаг 4-æм базæйы æфсæддонты. Фронмæ æввахс горæт Мелитополы бæстæйы сæргълæууæг базонгæ сæ царды уавæртимæ, бацымыдис кодта, цавæр хъуагдзинæдтæ æвзарынц, балæвар сын кодта бастдзинад æмæ цæстдарæн техникон фæрæзтæ, хъарм дзаумæттæ, электрогенератортæ, агъуыст хъармгæнæн прибортæ, хостæ æмæ халцæгтæ. 2023 азы мартъийы мæйы та сæм ногæй фæуазæг ис æмæ та 4-æм æфсæддон базæйы æфсæддонтæн, батальонтæ «Алани» æмæ «Шторм»-ы бархионтæн Мелитополмæ æрласта ног гуманитарон æххуысы парти.

Паддзахады сæргълæууæг ауды сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтыл дæр. Уыдонмæ фæкæсыны тыххæй Гаглойты Аланы инициативæмæ гæсгæ арæзт æрцыд æхсæнадон организаци. Цæмæй æфсæддон конфликты зонæйы иунæг хуссарирыстойнаг дæр æвæгæсæгæй ма баззайа, уый тыххæй бахæс кодта СӔО-йы архайджыты номхыгъдон базæ саразын æмæ  иудадзыг æгъдауæй статистикон нымад кæнын – хъуамæ рохы мачи уа.

Гаглойты Аланы фыццаг президентон аз:

Æрæджы Цæцæны Хуссар Ирыстоны Культурон бонты фæлгæтты бæстæйы сæргълæууæг сæмбæлд Рамзан Кадыровимæ. Дыууæ лидеры æхсæн уыдис бæстон ныхас æмгуыстады тыххæй.

Республикæйы Хицауады сæргълæууæг Джуссойты Константин фæлтæрдджын хæдзарадон кусæг у æмæ йæ разамынадæй Хицауадæн ис æнтыстджын куысты алы фадат дæр. Æрмæст, хъуамæ алы министрад, алы ведомство дæр скуса сахаты механизмау, ома, хорз фæстиуджытæ равдисыны сæраппонд.

Уæрæсейы Федерацимæ йæ фыццаг кусæгон балцы рæстæджы Гаглойты Алан сæмбæлдис Уæрæсейы экономикон райрæзты министримæ. Уыцы фембæлды фæстиуæгæн августы мæйы 2022-2025 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты Паддзахадон программæйы реализацийæн ахъаз кæныны  фæдыл фидыды документыл сæ къухтæ æрфыстой РХИ-йы Хицауад æмæ УФ-йы Экономикон райрæзты министрад. Республикæйы экономикæ æрфидар кæнынæн ныртæккæ ис дæсгай бизнес-проекты.  УФ-йы Внешэкономбанк æмæ Россельхозбанк куыддæр уыцы проекттæ финанскæныны фарстатыл разыдзинад бафыссой, афтæ сыл кусын райдайдзæн Хицауад. Продукци æмæ лæггæдтимæ, бизнес-проекттæ ма «ратдзысты»  ног кусæн бынæттæ дæр.

Республикæйы районты хуыйæн фабрикæ БТК-4 рæхджы байгом кæндзæн ног цехтæ, ООО «Южный сад» та йæ фæткъуыйы дыргъдонты фæзуат   рауæрæх кæндзæн. Бирæ адæмæн фæзындзæн бакусыны фадат.

2025 азы онг реализацигонд уыдзæн республикæйы хъæуты газификацийы фарста – документтæ цæттæ сты, Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгад семæ разы у.

Гаглойты Аланæн бантысти социалон-экономикон фадыджы эффетивон цы методтæ нæ разындысты, уыдонæн сæ логикæ фæивын. Экономикон ивддзтинæдты æрдз ахæм у æмæ адæмы цардыл æваст нæ разынынц. Адæймаджы та фæфæнды куыд тагъддæр, афтæ хуыздæр уыдон йæхи царды банкъарын. 2022 азы ноябры мæйы уæрæсейаг коллегæты рæзыдзинæд райсгæйæ, Гаглойты Алан бахæс кодта Хицауадæн, æртаджы аргъ фæкъаддæр кæнын æмæ уыцы хъуыддаг бахæссæн ис Президенты æнтыстыты номхыгъдмæ.

Уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æмахастыты ахсджиаг бындурон бынат ахсы Ӕхсæнбарадон (МПК) къамисы архайд, уымæн æмæ къамисы фæлгæтты фæцæуынц лыггонд цыбырæмгъуыдон æмæ дæргъвæтинæмгъуыдон финансон фарстатæ. МПК-йы XXI-æм æмбырды 2023 азы 8 февралы Мæскуыйы фидаргонд æрцыд Хуссар Ирыстонæн 2023 азы уæрæсейаг финансон æххуысы бæрц – 5,5 миллиард сомы.  Инвестпрограммæйы фæрцы арæзт æрцæудзысты цæрæн хæдзæрттæ, Цхинвалы горæты инфраструктурæ фæхуыздæр уыдзæн, реконструкцигонд уыдзысты горæты магистралон уынгтæ.

Зæххытæй рационалон æгъдауæй пайда кæныны фарста ахсджиаг у республикæйæн. Фæлæ уавæры анализ куыд равдыста, афтæмæй æмбæстæгтæн радихгонд зæххытæм бирæтæ нæ зилынц, нæ сæ пайда кæнынц. Æмæ уымæ гæсгæ ныртæккæ цæуы куыст экономикæйы агросæудæджерадон комплексы эффективондзинад фæфылдæр кæныныл. Хицауады разæнгард архайды фæрцы фæзынди фадат уæлæмхас инвестицитæн.  Премьер-министр Джуссойты Константин ацы азы райдианы баныхас кодта «Российский сельскохозяйственный банк» æмæ «Росагролизинг»-имæ хъæууонхæдзарадон инвестицион проектты тыххæй. Уæрæсейаг бангтæ цæттæ сты 2 миллиард сомы бæрц кредиттæ радтын Хуссар Ирыстоны республикæйы территорийыл бизнес-проекттæ чи реализаци кæны, уыцы амалиуæггæнджытæн.

Перспективон у Цæгат Кавказы регионтимæ экономикон æмгуыстад. Уымæн æвдисæн РХИ-йы архайд I-аг Кавказаг инвестицион равдысты Минводы. Экономикон форумы фæлгæтты сæ продукци уым бавдыстой ГУП «Багиатский наливочный завод», ООО «Высокогорная кельская пивоварня», ООО «Винодельня Иронсан», сæрмагонд сæнаразæны, соустæ, кæрдæджыты цай æмæ ма арæзтадон фадыджы хъæугæ хæххон дурты хуызтæ. Республикæйы туристон потенциал дæр уым  æвдыст æрцыд.

Кавказаг инвестицион равдысты хуссарирыстойнаг делегаци Гаглойты Аланы разамынадæй фембæлд цæгаткавказаг регионты сæргълæуджытимæ, эксперттимæ, бизнесы минæвæрттимæ. Бадзырдты мидис ныфс дæтты, цыбыр рæстæгмæ реализацигонд кæй æрцæудзысты, уымæй.

Экономикон æмæ социалон райрæзты  пълæнттæ царды ауадзынæн æнæмæнг хъæуы æхсæнады æмбарынад, разыдзинад, консолидаци.

Номхыгъдæй æхсæнадон æмбарынад саразын Президент нымайы йæ сæйраг хæсыл – паддзахады бындурон демократон принциптæ, куыд закъон æмæ уагæвæрд, граждайнаг æхсæнады райрæзт приоритетонæй хъуамæ баззайой. Къæбысты Георгийы ахæстонæй суæгъд сси рæстдзинады уæлахизы æвдисæн. Дзабиты Иналы амарыны фæдагуырды фæлгæтты Генералон прокуратурæ байгом кодта уголовон хъуыддæгтæ экс-министр Наниты Игорь æмæ экс-прокурор Дзæгъиаты Уырызмæджы ныхмæ. Хуссар Ирыстоны рæсттæрхоны историйы фыццаг хатт раздæр æвналæн кæмæ нæ уыдис, уыцы «зæххон хуыцæуттæ» сæ хъуыддæгты тыххæй закъоны раз дзуапп дæтдзысты. «Алы æмбæстаг дæр, президентæй райдайгæйæ, цы фæнды стыр бынаты кусæд, кæй фæнды хæстæг уæд, иууылдæр хъуамæ закъоны раз уой æмбар-æмхæсджын. Æмæ кæд искæй нæ фæнда кæнæ искæмæн йæ бон нæ уа йæ куыст æххæст кæнын, уæд мах дæр æмбæлон кадрон уынаффæтæ райсдзыстæм. Алкæмæн дæр ис æдас царды бар. Закъон халынæн ныхкъуырд дæтдзыстæм» – ацы ныхæстæй Гаглойты Алан бамбарын кодта, бæстæйы сæргълæууæджы куысты сæйраг хъуыддагыл цы нымайы, уый.

Фароны сæрдæй райдайгæйæ, Парламент нал у æхсæнадон æндыгъдады центр. Парламентон партитæй алкæцыдæр раздæрау йæхи хъуыдыйыл хæст у, фæлæ 2020-2022 азы кризистæ ивгъуыды баззадысты.  Паддзахадон бюджет исыны рæстæджы цы ныхмæлæудтытæ хъуыды кæнæм, уымæй хъауджыдæр ацы хатт бюджет диссаджы конструктивон æгъдауæй  ист æрцыд. Фракцитæ æмæ партиты æхсæн æнæразыдзинæдтæ куыннæ фæзыны, фæлæ компромиссты фæрцы лыггонд æрцæуынц.

Ныртæккæ æвзонг политикты рæзынадæн байгом фæндаг. Ног политикон иугондтæ, ног политикон партитæ нæм фæзынд. Афтæ зæгъæн ис, æмæ Гаглойты Алан паддзахадон ног элитæйы райрæзты бындур æвæры. Иуæй-иу политикон партитæй «ферох»-иу ис хыгъд бадæттын æмæ сæм сдзурын дæр ничи уæндыдис. Ныртæккæ афтæ гæнæн нал ис – иууылдæр æмхæсджын, æмбар сты закъоны раз. «Ныхас»-æй, ома, президентон партийæ райдайгæйæ, хицæн бартæ никæмæн ис.

Иу аз рацыдис. Бирæ у уый æви чысыл, уæддæр кæронбæттæн хатдзæгтæ аразынмæ бавналæн уыдзæн, уæлдæр куыд фыстам, афтæмæй президентон æмгъуыды цыппæрæм азы райдианæй. Абон та уал куыд уынæм, афтæмæй Президент Гаглойты Алан архайы æхсæнады æмбарынады, æмгуыстады рæзтыл. Мæскуы æмæ уæрæсейаг регионтимæ уæрæх кæны кусæгон ахастытæ. Зонæм æй, уырны нæ, нæ Президенты æнтыстджын куыст хорзырдæм фæзындзæн алы бинонты цардыл дæр. Æвæлмас уæвыны бар никæмæн ис, кæд æцæгдæр Ирыстон нæ уарзон хæдзар у, уæд.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.