РХИ-йы Парламенты Национ политикæ, зонад, ахуырад, культурæ, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл комитеты сæрдар Гæбæраты Юри радзырдта 2018 азы бакæнгæ куысты тыххæй.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй комитет йæ куыст æххæст кæны, Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци, РХИ-йы Парламенты Регламент, «Депутаты статусы тыххæй» РХИ-йы закъон, Комитеты тыххæй уагæвæрд æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны  закъондæттынадмæ гæсгæ.  «Ацы аз нæ комитет ауагъта 15 рабадты æмæ æркастæуыд  15 фарстамæ. Афтæ ма афæдзы дæргъы мах райстам 3 закъоны проекты, кæцытæм æркастыстæм, бацæттæ сæ кодтам æмæ ист æрцыдысты РХИ-йы Парламенты сесиийы», – загъта Гæбæрайы фырт.

Комитеты сæрдары ныхæстæм гæсгæ ма закъондæттынадон архайды рæстæджы уыдон бацæттæ кодтой ноджы цалдæр закъоны проекты. Уыдоны ‘хсæн сты РХИ-йы Закъоны проекттæ «Дзыллон информацийы фæрæзты паддзахадон хицауиуæгады органты куыст æвдисыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны 7 статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй», «Сæ æнæниздзинад æмæ рæзтæн зиан чи хæссы, ахæм информацийæ бахъахъхъæныны тыххæй» Информаци, информацион технологитæ æмæ информаци бахъахъхъæныны тыххæй», «Паддзахадон органты куысты фæ-дыл информацимæ райсын сифтонг кæныны тыххæй», «Документты æнæмæнгхъæуæг экземплярты тыххæй», «Библиотекæйон хъуыддаджы тыххæй».

«Ноджы ма 3 закъоны проекты  фæдыл «Театры архайд æмæ театрты тыххæй»,  «Национ культурæйы æргъадты тыххæй» æмæ «Æнæматериалон куьтурон бынты тыххæй» цæуы куыст æмæ æввахс рæстæджы хаст æрцæудзысты Комитеты рабадтмæ æмæ уый фæстæ та бавдыст æрцыдысты æркæсынмæ РХИ-йы Парламентмæ», – загъта депутат.

Уый ма банысан кодта, цалдæр хатты хуынд кæй æрцыд æмæ хайад райста Республикæ Цæгат Ирыстоны уагъдцæуæг зонадон æмæ культурон мадзæлтты. Гæбæрайы фырт куыд загъта, афтæмæй стыр хъусдард здæхт цæуы Республикæйы æмбæстæгтимæ фембæлдтытæм дæр.

«Республикæйы æмбæстæгты проблемæты сæйраг тематикæ у царды  минималон уавæртæ саразын, материалон ифтонгад, социалон къабаз хуыздæр кæнын, æнæниздзинад хъахъхъæныны фарстатæ, экономикæ, цæрæнуат æндидзын кæнын, хъæууон хæдзарад райтынг кæнын, æмбæстæгтæн куысты бынæт-тæ аразын æмæ æндæр ахæмтæ», – загъта парламентари. Уый ма куыд загъта, афтæмæй нæ республикæйы æмбæстæгты æмæ юридикон цæс-гæмтты куырдиæтты фæдыл Комитет бакодта зынгæ куыст.

Кæронбæттæны Гæбæраты Юри банысан кодта, дарддæр Комитет кæй фæнд кæны ахуырад, зонад, культурæ æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фадгуыты басгарын, закъондæттынад куыд æххæст цæуы, уый фæдыл.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон службæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.