Уыцы къуырийы ирон адæм нысан кодтой Джиуæргуыбайы бæрæгбон æмæ хъуыды дæр ничи акодтаид гуырдзиаг тыхæйисджытæ хæстон архайдтытæ райтынг кæнынмæ бафæлвардзысты, ууыл. Фæлæ цаутæ куыд равдыстой, афтæмæй Гуырдзыстоны къухдариуæгадæн Хуыцау дæр нæй. 2008 азы Олимпион хъæзтыты райдианы боны ирон адæмы ныхмæ гуырдзиаг агресси уымæн æвдисæн.

Хистæр фæлтæры минæвæрттæн сæ зæрдыл хорз лæууынц, уыцы рæстæджыты цаутæ. Уыцы бон 34 хуымæтæг лæппуйы сæ риуты æмбæрц слæууыдысты тæссаг знаджы ныхмæ. Уыдон хъавыдысты Цхинвалы ног фæтк æрæвæрынмæ, кæцымæ гæсгæ сын ирæттæ хъуамæ суыдаиккой цагъайрæгтæ, науæд та сæ Фыдыбæстæйæ хъуамæ ацыдаиккой. Уый уыд ирон адæмы ныхмæ Гуырдзыстоны радон геноциды райдайæн. 1989-2008 азты Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты сгуыхтдзинæдты тыххæй хъуамæ лæвæрд цæуа фæлтæрæй фæлтæрмæ. Стыр хъыгагæн, фæсивæды минæвæртты, студентты куы бафæрсæм 1920 азы геноциды, 1989-2008 азты Фыдыбæстæйон хæсты тыххæй, уæд сæ дзуаппытæ алыхатт зæрдæйы фæндиаг нæ вæййынц. 1920 азы геноциды æвдисæнтæй, практиконæй сæрæгасæй ничиуал баззад, фæлæ Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæ-хъайтартæ цæрынц æмæ фæллой кæнынц нæ фарсмæ. Бирæтæ нæ зонынц, сæ сыхæгтæй, сæ коллегæтæй ис кардзыдтæй нæ Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ чи сыстадис, уыдоны.

Ацы уацы уæ базонгæ кæндзыстæм 1989-2008 азты Фыдыбæстæйон хæсты активондæр хайадисджытæй иуимæ. Уый иннæ лæппутимæ Цхинвал бахъахъхъæдта гуырдзиаг агрессортæй.

Гæбæраты Виталийы (Кирюх, афтæ йæ хонынц йе ‘мбæлттæ) Цхинвалы цæрджытæй бирæтæ зонынц. Уый райгуырд 1962 азы. 1979 азы каст фæцис Цхинвалы 10-æм астæуккаг скъола. Уый фæстæ службæ кодта Советон æфсады рæнхъыты горæт Воронежы арæзтадон батальоны. Демобилизацийы фæстæ æрæздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ æмæ йæ фæллойадон кодта завод «Электровибромашина»-йы слесырæй. Хæстон архайдтытæ куы райдыдтой, уæд куыд бирæ æндæр лæппутæ, афтæ уый дæр ныууагъта йæ куыст æмæ слæууыд Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты.

«23-æм ноябрь фактон æгъдауæй у ирон адæмы ныхмæ Гуырдзыстоны гарзджын агрессийы райдайæн. Уый размæ мах, завод «Электровибромашина»-йы кусджытæ зæрдæйæ æнкъардтам хæст кæй райдайдзæн, уый. Иуæй-иутæ нæ бафæлвæрдтой, æгæрыстæмæй, дамбаца, гранаты хуызæттæ саразынмæ, æз та сарæзтон шайбæтæй цæг. Афтæ мæм каст, цыма мын уый баххуыс уыдзæн мæхи бахъахъхъæнынæн. Уæд хъуыды дæр ничи акодтаид гуырдзиаг бандитон къордтæ автоматтæ æмæ æндæр хæцæнгарзтæй ифтонг кæй уыдзысты, ууыл. Ме ‘мбæлттæ æмбырд кодтой Цхинвалы Театралон фæзуаты, æнкъардæуыд æндыгъд уавæр, иууылдæр цæмæдæр æнхъæлмæ кастыстæм. Куыд æрвылхатт, афтæ та 23-æм ноябры дæр лæппутæ æрбацыдысты фæзуатмæ, хъыгагæн, уыдонæй бирæтæ абон сæрæгас нал сты.

Райсом сымахмæ æрбацæудзысты «уазджытæ»

Мæ хистæр хо куыста посты æмæ изæры базыдта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны цæрæг ирон Цхинвалмæ йæ хиуæттæм тел æрæрвыста. Уым дзырдæуыд, зæгъгæ, райсом сымахмæ æрбацæудзысты «уазджытæ». Уый тыххæй æз загътон Дзуццаты Владимирæн (Коко), æмæ уый та йæ мад Козаты Иринæйæн. Уый фæстæ йæ фехъусын кодтой Хъуылымбегты Торезæн дæр. 11 сахат уыдаид, афтæ лæппутæй чидæр загъта, цæмæй ног хиды цурмæ ацæуæм æмæ фенæм уым цы цæуы, уый. 22-æм ноябры лæппутæ бамбæхстой областон тæрхондоны бæстыхайы ныхмæ цы æмбонд уыд, уый арматуратæ – æфсæйнаг уистæ. Афтæ нæм каст цыма уыцы «хæцæнгæрзты» фæрцы асурдзыстæм æнæхуынд уазджыты.

Уый фæстæ фæзынд рог машинæ æмæ нын загътой, зæгъгæ, «уазджытæ» æрбацæуынц. Мах тагъдыл ссыдыстæм уыцы бынатмæ æмæ сæ æцæгæйдæр федтам. Мæ зæрдыл бадардтон «Волга» машинæйæ рахызт гуырдзиаг инæлар. Уым уыдысты национ формæйы гуырдзиæгтæ, хъахъхъæнынад, гуырдзиаг спецназ æмæ афтæ дарддæр. Автобусæй нырма рахызтысты чызджытæ æмæ лæппутæ национ уæлæдарæсы æмæ уым зарыдысты, кафыдысты. Æвæццæгæн, хъуыды кодтой, зæгъгæ, сын æмдзæгъд кæндзыстæм, фæлæ сын дзуаппæн нæ лæппутæй кæцыдæр баппæрста 20 къапеччы, ома нын ногæй азарут. Мах уым уыдыстæм фыццæгтæй сæ иутæ æмæ лæппутæй кæцыдæр загъта, зæгъгæ, кæрæдзийы къухтыл ныххæцæм, æмæ сын афтæмæй сæхгæнæм горæтмæ фæндаг. Æрдæгсахатæй фылдæр нæм фæкаст æнусы хуызæн, фæлæ мах нæ бынатæй нæ фезмæлыдыстæм. Уый фæстæ нæм горæтæй цæуын райдыдта æххуыс. Галиуæрдыгæй мæ цуры лæууыд Дзуццаты Владимир (Коко), æмæ æз та уыдтæн иууыл кæройнаг. Ацы цæгы ма лæууыдысты Челдыты Георги, Цхуырбаты Къоста, Джуссойты Васили, Тасойты Инал, Джыгкайты Алан, Бестауты Бала æмæ æндæртæ. Уый фæстæ цæг стырæй-стырдæр кодта горæтæй æххуысмæ фæзынгæ лæппутæй. Райдыдтой быцæутæ. Гуырдзиæгтæ домдтой, цæмæй сæ бауагътаиккам горæтмæ. Фæлæ мах не сразы стæм.

Æрвылминут дæр нæм æххуыс цыд горæтæй. Уæдмæ фæзынд агуыритæй йедзаг уæзласæн машинæ. Мах Козаты Ростикæн (Тъбеты хъæуккаг) загътам, цæмæй схиза уæзласæн машинæмæ æмæ куы бахъæуа, уæд уырдыгæй æхса агуыритæ. Схызтысты йæм æндæртæ дæр. Нал нæ бахъуыдис ныфс цæмæй æвæрдтам, уыцы арматурæтæ. Лæппуты цæг лæууыд талынгтæм, кæрæдзи ивгæйæ», – йæ мысинæгтæ мын радзырдта Гæбæрайы фырт.

Куы йæ бафарстон, зæгъын, фыццаг минутты хæрзаг тæрсгæ дæр фæкодтат, уæд мын загъта:

«Мæлæтæй алчидæр тæрсы, фæлæ мæлæтæй æвзæрдæр та  худинаг у æмæ ирон лæг та йæ сæрмæ худинаг никуы схаста. Алцыдæр кодтам нæ зæрдæты фæсидтмæ гæсгæ. Хъуыды дæр нæ ничи акодта знæгты горæтмæ бауадзыны тыххæй», – уыд йæ дзуапп.

1989 азы 23-æм ноябрæй суанг 2008 азы 12-æм августмæ нæ адæм тох кодтой Фыдыбæстæйон хæсты сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонл. Знæгты бирæминон æрдонгты ныхмæ чи æрлæууыд хъæбатырæй, уыцы лæппутæн алыгъуызон рауад сæ хъысмæт. Бирæтæ дзы се ‘взонг цард нывондæн æрхастой Уæлахизы сæраппонд.

Гæбæраты Виталийы хъысмæт у йæ хæстон æмбæлттæй бирæты хъысмæты хуызæн. Активон хайад иста гуырдзиаг-ирон хæсты бирæ цауты. 2004 азы Цхинвалы тыхджын æхстыты рæстæджы фæцæф знаджы минæйы схъистæй. Уый фæстæ службæ кодта ополченейы. Хорзæхджын у юбилейон майданæй, горæт кæй бахъахъхъæдта, уый тыххæй та йын сахат балæвар кодта Джуссойты Альберт. Абон Виталийы кусы йæхи æрмадзы (кæд ын æрмадз схонæн ис, уæд) автомашинæты вулканизаторæй ис йæ хæдзары цур. Ис ын дыууæ лæппуйы.

Фæсныхасы бæсты: 34 азы рацыд, уыцы æндыгъд бонтæй, фæлæ абоны онг  уыцы хъайтарты тыххæй мыхуыры нæма рацыд иу чысыл брошюрæ дæр. Уый та æнæмæнгæй хъæуы саразын, уымæн æмæ рæзгæ фæлтæр хъуамæ зоной сæ хъайтарты æмæ сын уой цæвиттойнаг.

Уыцы бон Ирыстоны историмæ бацыд куыд Хъæбатырдзинад æмæ адæмы иудзинады бон, афтæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.