Нæ горæты Комаровы уынджы цæрæг Плиты Мурат æмæ ныр йæ  дзæнæттаг цардæмбал Гæбæраты Заретæйæн 1971 азы 21-æм январы сæ фырт  Алик куы райгуырд, уæд ма сæхицæй амондджындæр кæй æнхъæлдтой, раст сын цыма Стыр Хуыцау Аликы Ногазон лæвары хуызы бакодта, уыйау цин кодтой. Куыстуарзаг ныййарджытæ царды амæлттæ кодтой æмæ сæ дыууæ лæппу æмæ иу чызджы бафтыдтой царды раст фæндагыл. Сабыр бинонтæ цардысты æмуд æмæ хъæлдзæгæй, цалынмæ нæ «хорзмæбæллæг» сыхæгтæ ирон адæмы ныхмæ æргом хæст нæ расидтысты, уæдмæ. Знаг нæ сабыр горæтмæ лæбурдта алырдыгæй æмæ æнцойад нал дæттой горæты æмæ хъæуты цæрджытæн. Нæ сагсур лæппутæ, уыдоны нымæцы Алик дæр, слæууыдысты  сæ Райгуырæн зæхх знагæй бахъахъхъæнынмæ.

Плиты Алик каст фæцис нæ горæты 11-æм астæуккаг скъола. Скъолайы ахуыр кæныны рæстæджы уый йæхи равдыста тынг æгъдауджын æмæ зæрдæхæлар ахуыргæнинагæй. Ахуыры æмрæнхъ архайдта боксæй дæр. Уыдис ын тынг хорз æнтыстытæ. Цалдæр хатты ссис боксæй Советон Гуырдзыстоны чемпион дæр. Астæуккаг ахуырад райсыны фæстæ йæм æрсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм йе ‘мбæстагон хæс бафидынмæ. Службæ кодта Венгрийы æмæ уым дæр ирон лæджы кад дæлæмæ никуы æруагъта, никуы йæ фæхудинаг кодта. Йе ‘фсæддон разамонджытæ-иу ын йæ ныййарджытæм арæх æрæрвыстой арфæйы фыстæджытæ, Райгуырæн бæстæйæн ахæм аккаг хъæбул кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй. 1990 азы Æфсадæй æрыздæхыны фæстæ йæ Райгуырæн бæстæйы æрæййæфта тынг уæззау уавæры, тугдзых бирæгътау гуырдзиæгтæ алырдыгæй лæбурдтой Цхинвалмæ. Тынг тæссаг уыд нæ горæты ЦАРЗ-ы районы дæр. Уырдæм æнцонтæй гæнæн уыд Никозæй æрбацæуын æмæ ацы районы лæппутæ дæр æппынæдзух лæууыдысты постыты æмæ хъахъхъæдтой горæтмæ æрбацæуæн. Тугмондаг Саакашвили Гуырдзыстоны сæргъ куы слæууыд, уæд ын арт æмæ фæнык нал уыд, хъуамæ цыбыр рæстæгмæ йæхи бакодтаид Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы. Архайдта алыгъуызон методтæй, уыцы нымæцы сайæн ныхæстæй дæр, æгæрыстæмæй-иу ирон æвзагыл дæр сидт сарæзта ирон адæммæ, зæгъгæ, æз ирон адæмы бирæ уарзын æмæ, зæгъ, иумæ стыр паддзахад саразæм æмæ афтæ æндæр алыгъуызон был-дауæн ныхæстæ. Фæлæ йæ бон куы базыдта ирон адæмæй дæр æмæ абхазæгтæй дæр, уæд æндæргъуызон зарæг райдыдта æмæ æппынæдзух сабыр фынæй Цхинвалы æхстой алы æмæ алыгъуызон хæцæнгæрзтæй.

2007 азы дæр уавæр уыд карз æмæ-иу нæ хъæбатыр лæппутæ радгай лæууыдысты постыты. Плиты Алик (Сынок) дæр æппынæдзух хъахъхъæдта ЦАРЗ-мæ æрбацæуæнтæ. 2007 азы 21-æм январы уый банысан кодта йæ 35-æм райгуырæн бон. Æрхуыдта йæ хиуæтты æмæ йе ‘мгæртты. Раст æй цыма зыдта, уый йæ фæстаг гуырæн бон у, уыйау фынгтæ равæрдта æмæ рæгъытæ фæкодта, йе ‘рхонгæ уазджытимæ кæрæдзийыл фæцин кодтой. Фæлæ-иу хатгай йæ цæсгом катайгъуыз райста, фенкъард-иу æмæ дзы иу хатт афтæ дæр сирвæзт, зæгъгæ, мыййаг мæ сывæллæттæ сидзæрæй куы баззайой, уæд ма куыд уыдзысты. Æвæццæгæн, зæрдæйæ йæ адзал базыдта. Иуæй-иу адæймаг зæрдæйæ æнкъараг вæййы. Йæ гуырæн бонæй растдæр иу къуырийы фæстæ, 28 январы та Алик лæппутимæ лæууыд посты. Йемæ ма уыдысты Пæрæстаты Дима, Хъазиты Борик æмæ Гæбæраты Гена, æдæппæтæй – авд лæппуйæ. Уыд тынг уазал ирдгæ æхсæв æмæ лæппутæ радгай кæрæдзи ивтой, уый размæ пец цы æнæбары цатыры сæвæрдтой, уырдæм-иу бауадысты сæхи ахъарм кæныны тыххæй. Уыд райсомы 4 сахатмæ æввахс, афтæ сæм Никозæй сусæгæй хæцаг куыйтау схъуызыдысты гуырдзиаг фашисттæ æмæ сæ райдыдтой æхсын зæл нымæггæнæг æхсæнгæрзтæй. Уымæ гæсгæ лæппутæ уайтагъд нæ базыдтой æхсгæ сæ кæнынц уый, цалынмæ Хъазиты Борик æмæ Гæбæраты Гена нæ фæцæфтæ сты, уæдмæ. Гуырдзиаг лæгхортæ уыдысты бирæйæ æмæ сæ æхстой æнæауæрдгæйæ. Бæргæ ма рагæппытæ кодтой Плиты Алик æмæ Пæрæстаты Дима дæр, фæлæ уæдмæ Алик уæззау цæфтæ фæцис. Æртæ лæппуйæ – Плиты Алик, Хъазиты Борик æмæ Гæбæраты Генайы баластой нæ горæты рынчындонмæ. Ам лæппутæн сарæзтой фыццаг операцитæ, Аликæн йæ буар иууылдæр уыд нæмгуытæй йедзаг. Йæ уавæр уæззау кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ æртыккаг бон аластой Дзæуджыхъæуы рынчындонмæ. Ам дæр ын сарæзтой цалдæр операци, фæлæ та-иу йæ тæвд схызт. Дохтыртæ йæ рæстæгыл не сбæрæг кодтой йæ тъæнгтæ дæр хъыгдард  кæй уыдысты, уый. 28 январы фæцæф æмæ 28 февралы та йæ зæрдæ йæ кусынæй банцад. Æвæццæгæн, раст у ирон æмбисонд, зæгъгæ, дæ ныхыл цы фыст уа, уымæй дын ирвæзæн нæй, æндæра растдæр иу мæйы бæрц фæтох кодта мæлæты ныхмæ Плиты цардбæллон хъæбулы хъæддых организм, фæлæ удхæссæг тыхджындæр разынд æмæ ахаста  Аликы æвзонг уд. Йе ‘мцахъхъæн нæлгоймæгтæ сæ цардæмбæлттæн, сæ мæдтæн æмæ сæ уарзон чызджытæн 8-æм марты сæраппонд цы хуыздæр лæвар саразой, ууыл куы уыдысты, уæд Алик та мæлæтимæ тохы бацыд æмæ йæ уарзон сылгоймæгтæн сæ бæрæгбонмæ саувæлыст балæвар кодта. Уас ын йæ тæригъæд Стыр Хуыцау ма ныббарæд гуырдзиаг лæгсырдтæн.

Аликы тыххæй йæ мысинæгтæ загъта нæ горæты цæрæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ РЦИ-Аланийы сгуыхт артист Пæрæстаты Дима: «Аликимæ чысылæй фæстæмæ иумæ схъомыл стæм. Кæм федтай ахæм лæппу уыд. 1990 азты куыддæр æфсадæй æрцыд, афтæ слæууыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты. 2007 азы 28-æм январы нæм гуырдзиæгтæ сусæгæй куы схъуызыдысты, уæддæр посты иумæ лæууыдыстæм. Алик кæд уæззау цæф фæцис, уæддæр знæгты æхста йæ фæстаг тыхты онг. Мæнмæ уыд нæмыгзгъал æмæ сыл æй аскъæрдтон æмæ сæм афтæмæй æввахсæй-æввахсдæр цыдтæн. Фæлæ мæм иу рæстæджы Алик фæхъæр кодта, зæгъгæ, уырдыгæй дарддæр мауал ацу, уым гуырдзиæгтæ сты. Ахæм адæймаг уыд, æмæ цæфæй дæр махыл хъуыды кодта. Афтæ зæгъæн дæр ис, æмæ æз уый фæрцы баззадтæн сæрæгас».

Аликы тыххæй йæ мысинæгтæ загъта йе ‘мтохгæнæг Хъазиты Борик дæр: «Алик- Сынок уыд тынг хорз адæймаг, йе ‘мбæлтты тыххæй цæттæ уыд йæ цард радтынмæ. Уымæн та æвдисæн у, 2007 азы 28-æм январы цы цау æрцыд, уый дæр. Алик мæнæй уыд иу фондз азы хистæр æмæ мыл аудыдта, куыд йæ кæстæр æфсымæр, афтæ. Гуырдзиæгтæ куы схъуызыдысты, уæд фыццаг æз фæцæф дæн æмæ Алик куыддæр хабар базыдта, афтæ мæ агурæг рагæпп кодта æмæ уый дæр уыцы рæстæ-джы фæцæф. Фæлæ  цæфæй дæр аккаг фæцис гуырдзиæгтæн».

Плиты Аликы бинонтимæ куы базонгæ дæн, уæд сæм кæсынæй нал æфсæстæн. Йе ‘ртæ хъæбулы – Миленæ, Зæринæ æмæ Азæмæт каст фесты уæлдæр ахуыртæ. Ссардтой сæ амæндтæ дæр.  Дыууæ чызгæн фæзынд хъæбултæ. Аликы идæдз Лалыты Лаурæ  у тынг хорз адæймаг. Кусы 5-æм астæуккаг скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй, нымад цæуы хорз ахуыргæнæгыл. Йæ хорз куысты тыххæй хорзæхджын æрцыд паддзахадон хорзæхтæй. Лаурæ идæдзæй баззад 32-аздзыдæй æртæ æнахъом сывæллонимæ. Фæлæ сылгоймаг нæ фæцудыдта, цин кодта йæ хъæбултыл æмæ сæ афтæмæй хъомыл кодта. Бафтыдта сæ царды раст фæндагыл. Алик, ныр афтæ гæнæн куы уаид æмæ искуыцæй дæ хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбултæм куы æрбакæсис, уæд дæ цинæн кæрон дæр нæ уаид, фæлæ… Ныр дæ хъæбултæ сæхæдæг бинонты хицæуттæ сты. Схъомыл сты фыды рæвдыдцухæй. Бирæ дæ фæмысыдысты, фæлæ цард дарддæр кæны. Бæргæ куы бафсæстаис дæ хъæбулты хурæй æмæ раздæрау Лаурæимæ амондджын цард куы кодтаис, фæлæ цы загъдæуа гуырдзиаг лæгсырдтæн.

Аликы цардæмбал Лаурæйы мад Джиоты Клава дæр йе сиахсы мысы цæссыгимæ: «Мах Аликимæ кæрæдзи тынг æмбæрстам. Мæ хъæбулæн мын хорз уыд æмæ ныййарæг мады та æндæр ницы хъæуы. Хорз сиахс хъæбулæй уæлдай нæ вæййы. Фæлæ мæ хъæбул Лаурæйыл йæ хъысмæт сайдæй разылд æмæ 32-аздзыдæй идæдзæй баззад. Æмбисонд афтæ куы у, мæ фыдзæрдæйы сылыстæг дæр æвзонгæй идæдзæй ма баззайæд, зæгъгæ».

Райгуырæн бæстæйы раз йæ лæггæдты тыххæй Плиты Александр йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майданæй. Алик цалдæр азы фæкуыста РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады.

Алик, де ‘взонг уд цы Райгуырæн бæстæйы тыххæй нæ бавгъау кодтай, уый сыджыт дын хъазы пакъуыйау фæлмæн уæд. Дæ ном сæфт никуы уыдзæн. Рухсаг у!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.