Поэзи æмæ прозæйы проект «Дзырд»-ы конкурс цæуы Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы. Ацы конкурсмæ куырдиæттæ исын райдыдтой январы мæйы. Кастингы фыццаг этап цыди дыууæ къуырийы дæргъы. Сæ тыхтæ кастингмæ бавзарынмæ æрцыдысты скъолайы ахуыргæнинæгтæ, кæцытыл ма хъуамæ цæуа 17 азæй фылдæр.

Конкурс «Дзырд»-ы хайад райсынмæ æрбацыдысты нæ республикæйы районты æмæ дæрддзæф хъæуты ахуыргæнинæгтæ, сæ нымæц схызт дыууæ сæдæмæ æввахс, проектмæ  та равзæрстой æрмæст 36 хайадисæджы.

Проекты уагæвæрдмæ гæсгæ сывæллæттæн уыд хæс хъуамæ бакастаиккой цыфæнды уацмыс, прозæ кæнæ æмдзæвгæ.

Ацы проекты автортæ сты Бестауты Юлия æмæ Мамиты Григори.  Æвзонг хайадисджытæн аргъ кæнынц жюрийы уæнгтæ Паддзахадон телеуынынад «Ир»-ы журналисттæ æмæ фæрсæрдыгæй æрбахонгæ уазджытæ. Телеуынынады ацы проект райдыдта февралы мæйы, ахæсдзæн æртæ мæйы. Уæлахиздзауты фехъусын кæндзысты ирон æвзаг æмæ литературæйы бон – 15-æм майы. Ацы алæвæрд ПТРК «Ир» февдисынц æрвыл хуыцаубон.

                       УАЗÆГТЫ Марфæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.