Фыдæлтæй фæстæмæ ирон сылгоймæгты, уæлдайдæр та сабичызджыты уарзондæр хъазæныл нымад уыд куклæ. Уæд куклæтæ арæзтой хъæдæй, хуыдтой сæ къæцæлын чындзытæ, бахуыдтой ма-иу нымæтæй дæр, фæлæ уыдоны мидæг дæр уыд хъæдæй арæзт бындуртæ. Скодтой-иу сыл дарæс, фылдæр хатт ахæм куклæты фæлыстой ирон национ дарæсы. Ирон адæмы ‘хсæн куклæтæн нæ уыд æрмæст хъазæны нысаниуæг. Зæгъæм, алкæцы ноггуырд сабийæн дæр-иу бахуыдтой чысыл куклæ æмæ-иу æй дардтой сабийы нывæрзæны. Нымадтой, зæгъгæ, уый у йæ зæд-хъахъхъæнæг, хизы йæ фыдбылызтæй.

Дугивæнты цыдимæ куклæтæ аразын райдыдтой фарфорæй, æлыгæй, пластмассæй æмæ æндæр ахæм æрмæджытæй. Ахæм куклæтæ ныртæккæ парахатæй сты Ирыстоны магазинты тæрхджытыл, ирон национ дарæсы фæлыст куклæтæ та, хъыгагæн, сцъус сты. Фæлæ уæддæр, рагирон аивады æрмдæснытæ æмæ уыдоны фæдонты руаджы, сæ аразыны сусæгдзинæдтæ æрхæццæ сты мах фæлтæртæм æмæ та европæйаг «чындзыты» ‘хсæн магазинты тæрхджытыл арæхæй арæхдæр зынын радыдтой ирон дарæсы фæлыст куклæтæ.

Нæ республикæйы æмбæстаг, куклæтæ аразæг  Цхуырбаты Ингæ куыд зæгъы, афтæмæй ахæм куклæты фæрцы акæсæн ис нæ рагфыдæлты дугмæ, ис фенæн уыцы дуджы адæмы бакаст, куыд сæ бæрæгбонон фæлыст, афтæ се ‘рвылбонон дарæсы конд дæр. Ахæм куклæтæй ма ис спайда кæнæн цæстуынгæ æрмæджы хуызы рæзгæ фæлтæры хъомыладон хъуыддаджы.

Ирон национ дарæсы фæлыст куклæтæ Ингæ кæд афтæ раджы нæ райдыта аразын, уæддæр йæ бæллиц уыд саби ма куы уыд, уæдæй нырмæ. «Цымыдис кодтон хуыйынмæ, уарзтон хуыйæнгæрзтимæ архайын, фæлæ нырма хорз кæй нæ арæхстæн, уый тыххæй мын мæ мад бар нæ лæвæрдта, йæ хуыйæнгæрзтæм æвналын».  Ингæйæн йæ мад æмæ йæ нана арæх хуыдтой, кастис-иу сæм æмæ уый дæр цайдагъ кодта. Куыд рæзтис, афтæ кæд хуыздæр хуыйынмæ райдыдта арæхсын, уæддæр æй царды æндæр, хъæугæдæр хъуыддæгтæй нал æвдæлд æмæ йæ айрох кодта дзæвгар рæстæгмæ.

Дызæрдыггаг нæу, æрдзæй ратгæ курдиат цасфæнды ма нымæг кæнай, уæддæр ын    ахуыссæн нæй. Уымæн æвдисæн ныртæккæ Ингæйы æрмдæсныйадон архайд дæр. Бирæ рæстæджы дæргъы Ингæ йæ цард снывонд кодта йæ бинонтæн. Кæд йæ бæллиц уыд цæмæй йын уыдаид чызг, уæддæр ын Мады Майрæм схæлар кодта æртæ лæппуйы æмæ Ингæ æппæт дæр арæзта, уыдоны сæ царды фæндæгтыл слæууын кæнынæн. Иуахæмы, йæ фырттæн ногазон лæвæрттæ æлхæнгæйæ, йæ зæрдæ нæ фæлæууыд æмæ балхæдта куклæ. «Йе ‘ддаг бакастæй мын мæ зæрдæ бацагайдта æмæ йæ балхæдтон. Хæдзармæ йæ куы æрбахастон, уæд мæ зæрдæмæ нал æрцыд, райхæлдтон æй æмæ йæ райдыдтон мæхирдыгонау фæлындзын»,- зæгъы Ингæ. Уыцы куклæйæн ног дарæс бахуыйын ссис, Ингæйы миддунейы арф цы курдиат æвæрд уыд, уый дыккаг сулæфт, ногæй райгуырд хуыйынмæ йæ цымыдис æмæ йæ ныронг дарддæр кæны.

Ныртæккæ Ингæйы кусæн бынаты фенæн ис тынг бирæ – куыд цæттæ куклæтæ, афтæ сæ æрдæгарæзт хæйттæ, алыгъуызон хъуымацы гæппæлтæ æмæ æндæр ахæм æрмæджытæ, кæцытæй хатæны æвзæры кусæгон атмосферæ. Йæ нана æмæ йæ мад цы хуыйæн машинæйыл архайдтой, уый дæр ивгъуыды æвдисæнау, лæууы хатæны кæрон.

Ингæимæ ныхас кæнгæйæ æнæрахатæн нæй, йæ миддунейы кæй ис йæ райгуырæн бæстæмæ стыр уарзт. Ирыстон цы фыдбонты рацыд, уыцы рæстæджы кæд ам нæ уыд, уæддæр сæ æрымысы стыр хъыгимæ. «Ирыстон цы ‘фхæрæнты рацыд, уыдон мын мæ зæрдæйы ныууагътой арф хъæдгом. Фæнды мæ бирæ, тынг бирæ хæрзиуджытæ саразын мæ Ирыстонæн, фæлæ адæймаджы куыд фæфæнды, алцы афтæ нæ рауайы, мæ уавæртæ уый бæрц не сты æмæ архайын, мæ бон куыд у, афтæ», – загъта Ингæ.

Ингæ йæ уавæртæ æмæ йæ фæндтæ æрбаиу кæнгæйæ, сфæнд кодта, чысылæй фæстæмæ йæм цы курдиат уыд, уымæй спайда кæнын æмæ ирон æрмдæсныты аивады къæбицмæ йæ хайбавæрд бахæссын. Кæд ын нæй фаг аразæн æрмæджытæ, уавæртæ, уæддæр ссары æппæт дæр æмæ æрвылбон дæр йæ арæхстджын къухтæй райгуыры ног ирон куклæ. Алы куклæйæн дæр ын ис йæхи равзæрды истори, йæ саразыны нысан. Саразы ма сæрмагонд адæймаджы халдих куклæтæ, æлыгæй йын йæ цæсгомы формæ скæнгæйæ. Ингæ йæ куклæты кæддæриддæр фæлындзы ирон национ дарæсы, бахæссы сæм национ æууæлтæ æмæ сæ алы чысыл хайы дæр равдисы национ стиль. Æрмдæсныйы куыстыты ‘хсæн нæй фенæн дыууæ иугъуызон куклæйæн, алы куклæ дæр дзы у индивидуалон. Национ дарæсы фæлыст кæй сты æмæ сæ национ акцент ирдæй кæй зыны, уымæ гæсгæ сыл тæрхджытыл æвæрдæй цæст рахæсгæйæ адæймаджы зæрдыл æрбалæууынц ирон хъазтизæрты алыгъуызон фæсивæд.  Куклæтæ сты удæгас адæймæгты хуызæн. Уыдонæй алкæцыйы дæр Ингæ бавæрдта йæхи уды хъарм, йæ уарзондзинад æмæ сæ уымæй скодта удджынты хуызæн. Се’хсæн ис куыд чызджытæ, афтæ лæппутæ дæр, уыдон дæр фæлыст сты ирон дарæсы. Куыд сæ дарæсæй, афтæ сæ асæй дæр хицæн кæнынц кæрæдзийæ. Сæ дарæсы карст хæйттæ вæййынц гыццыл æмæ ахæм дарæс тынг зын хуыйæн у, фæлæ Ингæ нæ зивæг кæны уыдон хуыйынмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй уый нæ пайда кæны хуыйæн машинæйæ, ацы эксклюзивон куклæтæ райдайæнæй кæронмæ арæзт æмæ хуыд цæуынц æрмæстдæр йæ арæхсджын къухтæй. Уый дзурæг у, Ингæ кæй пайда кæны рагирон æрмдæсныты технологитæй.

Ингæйы тынг фæнды йæ дæсныйад рæзгæ фæлтæры ‘хсæн апарахат кæнын, уый тыххæй арæх ауадзы чызджытæн мастер-къластæ. Ацы хъуыддаджы Ингæ æмбæлы, кусæн бынат ын кæй нæй, уыцы проблемæйыл, фæлæ æппæты стырдæр проблемæйыл нымайы, цы куыст кæны, уымæн ын, аккаг аргъ кæй нæй, уый. «Кæй зæгъын æй хъæуы, ис проблемæтæ дæр, фæлæ æппæты стырдæр проблемæйыл нымайын, ацы дæсныйад апарахат кæныны хъуыддаджы æмбæлон æмбарынадыл кæй нæ сæмбæлдтæн, уый.  Ома, бирæтæ нымайынц, зæгъгæ йын нæй ахсджиаг нысаниуæг, ницы пайда у. Фæлæ уый раст нæу. Мæнмæ гæсгæ,  ам æвæрд ис цалдæр дæсныйады: цæмæй куклæйы цæсгом саразай, уый тыххæй хъуамæ рæхсай ныв кæнынмæ,   ахуыр кæныс фигурæтæ аразыныл, дарæс бахуыйынæн дæр ис йæхи сусæгдзинæдтæ. Уымæй дарддæр ма цæмæй ацы хъуыдда-джы æнтыст уа, уый тыххæй дæм хъуамæ уа фæразондзинад æмæ фæндондзинад. 

Нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæг Тыджыты Надя куыд зæгъы, афтæмæй Ингæйы куыст у ахсджиаг. «Хъыгагæн ныртæккæ не ‘хсæнады национ дарæсæй пайда цæуы æрмæстдæр кафджыты къордты, сценæйыл, кæнæ та цины хъуыддæгты. Уый фаг нæу, цæмæй рæзгæ фæлтæр зоной нæ национ дарæсы хæйттæ, кæм æмæ сæ куыд дардтой, уыдæттæ. Ахæм куклæтæ та мæнмæ гæсгæ, хъуамæ уой алы ирон хæдзары дæр, скъолаты æмæ культурон уагдæтты. Ахуыргæнинæгтæн тарадицийы урокты сахаттыл сæ пайда кæнын хъæуы, куыд цæстуынгæ æрмæг, афтæ. Уыдон сты нæ ивгъуыды æвдисæндартæ æмæ сын хъуамæ уа аккаг аргъ».

Ингæйы куклæтæ æхсæнады размæ рахæс-сыны тыххæй æвæрд æрцыдысты Арт-галлерея Аллоны, амалиуæгггæнæн центр Империалы, афтæ ма цалдæр магазины тæрхджытыл. Хайад райсы республикæйы равдыстыты. Хъыгагæн, æхсæнады нырма не ссардтой сæ бынат æмæ сын не ‘рцыд аккаг аргъ, уымæ гæсгæ Ингæйы куыст æййафы  къуылымпытæ. Уымæ нæ кæсгæйæ Ингæмæ ис бирæ перспективон фæндтæ, уыдонæй сæ иу  у куклæты фигурæтæ хъæдырмæгæй аразын райдайын. Уый тыххæй æрæджы баныхас кодта хъæдыл нывæфтыдтгæнæг Къалаты   Нариманимæ. Афтæ ма йæ куысты уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй бахатыд ацы фарстаты фæдыл æмбæлон организацитæм æмæ йæ ныфс ис, æввахс рæстæджы скъуыддзаг кæй æрцæудзысты, йæ разы цы проблемæтæ ис, уыдон.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.