Куыд æмбырд цыдысты куырдиæттæ

2008 азы августы хæстон архайдтыты  фæстиуæгæн, нæ республикæйы цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæ, Адæймаджы бартæ хъахъхъæныны фæдыл Европæйы тæрхондонмæ 2008 азы ноябры мæймæ балæвæрд-той 3 мин куырдиаты бæрц. Ацы хъуыддагыл архайдтой куыд нæ цæгаттаг æфсымæрон республикæйы адвокаттæ, афтæ Уæрæсейы, Цæгат Кавказы прокуратурæйы кусджытæ дæр. Æппæт информаци куы æрæмбырд кодтой, уæд лæвæрд æрцыдысты Европæйы тæрхондонмæ. Цасдæр рæстæджы фæстæ адæймаджы бартæ хъахъхъæныны фæдыл Европæйы тæрхондон 1000 куырдиаты сахуыр кæныны фæстæ арвыстой æмбæлон гæххæттыты адвокаттæм, фæлæ сæ  дзуап-пытæ нæ райстой æмæ уæд уыцы куырдиæттæ растыл нæ банымадтой.

Уæрæсейы Федерацийы юстицийы министрад бирæ азты дæргъы  агуырдта фæндæгтæ, цæмæй ацы куырдиæтты хицæуттæ райсой æвæрццаг дзуаппытæ. 2011 азы уый баххуырста мæскуыйаг æртæ адвокатон фирмæйы, кæцытæ райдыдтой ацы куырдиæтты фæдыл кусын, уыцы рæстæджы куырдиæтты нымæц уыд 1,5 мины бæрц. Уыдон цыдысты  Хуссар Ирыстонмæ, æмбæлдысты куырдиæтты хицæуттыл, æмбырд кодтой бынаты бæлвырдгæнæнтæ, уыцы нымæцы видео æмæ фотоæрмæджытæ. Уыцы бæлвырдгæнæнтæ комкоммæ æвдыстой, ирон адæмы ныхмæ Гуырдзыстон цы радон агресси сарæзта, уый фæстиуджытæ. Æппæт ацы бæлвырдгæнæнтæ æрвыст цыдысты Европæйы тæрхондонмæ. Фæлæ ацы бæлвырдгæнæнтæм тæрхондон бирæ рæстæджы дæргъы йæ хъус нæ дардта.  Мæскуыйаг æртæ фирмæйæ иуы адвокаттæ куыстой æхсæнпаддзахадон домæнтыл, уыцы домæнтæй сæ иу уыд, 2008 азы Гуырдзыстон Уæрæсейы Федерацийы ныхмæ цы æхсæнпаддзахадон хъаст бадæтта, уый.

 

Хъуыддаг бацыд къуырцдзæвæнмæ

Нæ республикæйы президенты цур адæймаджы бартæ хъахъхъæныны фæдыл æххæстбарджын Тасойты Инал куыд радзырдта, афтæмæй 2008 азæй 2018 азмæ нæ республикæйы æмбæстæгтæй Европæйы тæрхондонмæ куырдиæттæ чи бавдыста, уыдон бирæ азты дæргъы æнхъæлмæ кастысты дзуапмæ. «2018 азы кæрон 1,5 мин куырдиатæй, Европæйы тæрхондоны кусджытæ, хъыгагæн, æркастысты æрмæстдæр 7 куырдиатмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы куырдиæттæм куы æркастысты, уæд сæ растыл нæ банымадтой, æмæ сын не сразы сты сæ домæнтыл. Уый фæстæ ма сæм цы куырдиæттæ баззад, уыдонмæ дæр уæлæнгай цæстæнгасæй æркастысты æмæ  уыдонæн дæр радтой æппæрццаг дзуаппытæ. Зæгъын мæ фæнды уый, æмæ ма сæм нæ æмбæстæгтæй цы куырдиæттæ ис, уыдон баззайдзысты æнæркастæй, æнæ дзуаппæй, уымæн æмæ ныртæккæ цы æндыгъд уавæр ис, уымæ гæсгæ зæгъæн ис æмæ ацы фарстатæн дзуапп никуы райсдзыстæм», – радзырдта нын Тасойты Инал.

Хуссар Ирыстон Дунеон уголовон тæрхондонмæ сæрмагонд сидт нæ бавдыста. Фæлæ, 21 августы Уæрæсейы Федераци дунеон уголовон тæрхондомæ бавдыста, Гуырдзыстоны агрессийы рæстæджы æфхæрд чи баййæфтой, уыцы æмбæстæгты куырдиæттæ. 2011 азы апрелы мæйы дунеон уголовон тæрхондон уынаффæ рахаста ацы хъуыддаг æруромыны тыххæй.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.