Рæзинаг кæстæртæ сæ арæхстдзинад куы равдисынц, уæд ма уымæй æхсызгондæр цы хъуамæ уа хистæр кары адæймæгтæн, сомбон сын сæ хорз хъуыддæгтæ кæй дарддæр кæндзысты, уыцы ныфс сæ вæййы. Ахæм зæрдæйы уаг æвдыстой, æрæджы Цхинвалы районы Къостайыхъæуы астæуккаг скъоламæ цы ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ æрбамбырд, уыдон дæр. Уыцы бон скъолайы фыццагкъласонтæ, сæ ахуыргæнæг Гаглойты Тамилæимæ иумæ хæрзбон дзырдтой сæ фыццаг ахуыры азы кæронæн. Скъоламæ фыццаг хатт чи бакъахдзæф кæны, уый нырма къæмдзæстыгæй фæкæсы йæ алфæмблаймæ, нæ фæзоны æмæ нæ арæхсы, цы кæнын хъæуы, æппæт уыдæттæ. Ацы ран сæ алкæмæн дæр йæ фыццаг æххуысгæнæг æмæ зондамонæг вæййы йæ ахуыргæнæг. Уый фæрцы уыдон фæцайдагъ вæййынц, хи куыд дарын хъæуы, зонындзинæдтæм схизынæн сæ фыццаг къахдзæфтæ цæмæй хъуамæ райдайой. Иугæр уыдон сæ къухты æфтын райдыдтой, уæд свæййынц ахуыры раззагонтæ æмæ сæ райгонд вæййынц ныййарджытæ æмæ сæ ахуыргæнæг.

Фыццаг æнтыстытæ сын кæй ис, уый бæрæг уыд, цы рæсугъд мадзал бацæттæ кодтой æмæ равдыстой, уымæй дæр. Хъуыстысты зарджытæ, æххæст кодтой кæфтытæ æмæ сын залы уæвджытæ кодтой зæрдиаг æмдзæгъд, сæ номыл кодтой арфæйы ныхæстæ. Зæрдæмæдзæугæ уыдысты Гуырдзыбеты Георгийы «Ирон вальс», «Хонгæ», В. Шаинс-кийы зарæг «Чему учат в школе» æмæ æндæртæ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.