Ирыстоны тыхджындæр æвзонг богалтæ æрæмбырд сты Цхинвалы. Спортивон галуан «Олимп»-ы уагъд æрцыд Уацамонгæйы ордены кавалер Гæбæраты Сосланы номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Хайад сæ райстой 120 спортсмены. Уыдон дихгонд уыдысты дыууæ кары къордыл.

Ерыстæ официалонæй байгом кæныны церемонийы хайад райстой Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Хубежты Руслан. Сосланы æмгæртты номæй раныхас кодта Бибылты Торбег. Раныхасгæнджытæ иууылдæр банысан кодтой, зæгъгæ, Сослан уыд хъæбатыр лæппу. Уый, йæ цардыл æнæауæрдгæйæ, тох кодта знаджы ныхмæ. Хъайтардзинад æвдыста æрмæст гуырдзиаг агрессортæн аккаг ныхкъуырд радтыны рæстæджы нæ, фæлæ ма хайад иста ирон-мæхъæлон хæсты, уыд Абхазы хъахъхъæнджыты рæнхъыты дæр.

Мыггаджы номæй раныхас кодта РХИ-йы сгуыхт журналист, фыссæг Гæбæраты Юри. Уый фыццаджыдæр бузныг загъта ерысты хайадисджытæн æмæ сæ тренертæн, афтæ ма, номарæн турнир сорганизаци кæнынмæ  сæ хайбавæрд чи бахастой, уыдонæн. Хъарм ныхæстæ загъта йе ‘дзард æрвады тыххæй дæр.

Ерыстæм æрбацыд  Гæбæраты Сосланы фырт Алик. Уый бузныг уыд, йæ фыды ном ын кæй нæ рох кæнынц, уымæй. Турниры организатортæ йын бакодтой зæрдылдарæн лæвар.

Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы дыккаг хайы æрæмбырд-уæвджыты раз ралæууыд ансамбль  «Звездный юг»-ы солисткæ Екатерина Данелян. Уый сæххæст кодта цалдæр зарæджы.

Уый фæстæ айхъуыстысты Ирыстон æмæ Уæрæсейы паддзахадон гимнтæ æмæ та гауызтыл райдыдтой карз спортивон тохтæ. Æвзонг спортсментæ æвдыстой хорз цæттæдзинад. Кæй зæгъын æй хъæуы, алкæйы дæр сæ фæндыд рамбулын, цæмæй сæ нæмттæ бахæссой Хуссар Ирыстоны спортивон историмæ, куыд Гæбæраты Сосланы номарæн турниры фыццаг уæлахиздзаутæ, афтæ.

Турнирмæ æрбацыд бирæ спортуарзджытæ. Се ‘хсæн уыдысты рæзгæ фæлтæры минæвæрттæ дæр. Ерысты организатортæ куыд банысан кодтой, афтæмæй фыццаджыдæр турнир уагъд цæуы уый тыххæй, цæмæй æвзонг фæлтæр зоной, сæрибар Хуссар Ирыстоны кæй фæрцы цæрынц, уыдоны нæмттæ.

Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ турниры уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæ, майдантæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Фыццаг бынатыл ацæуæг богалтæн ма лæвæрд æрцыдысты уæлахиздзауы рæттæ. Къорд хъæбысæйхæцæджы та Гæбæраты Сосланы бинонты номæй хорзæхджын æрцыдысты æхцайы премитæй. «Иууыл хуыздæр техникæ»-йы тыххæй приз лæвæрд æрцыд Плиты Дмитрийæн. «Уæлахизмæ тырнындзинады» приз райста Гергиты Тимур. «Спортуарзджыты иууыл уарзондæр»  богал та разынд Бекъойты Валери.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.