Хицауады сæрдар Джуссойты Константин комментари скодта арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Южный сад»-ы филиалы хæрзаудæн акцийæн.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, «Южный сад» йæ уæвынæй фæстæмæ йæхи равдыста, куыд æнтыстджын æмæ, социалон æгъдауæй, аграрон куыстуат.

«Ахсджиаг у, куыстуат республикæйы цæрджыты æрмæст уæлæмхас куысты бынæттæй  нæ ифтонг кæны æмæ фиды хъалонтæ, фæлæ ма йæхимæ исы социалон хæстæ, æмæ тыллæджы иу хай  дæтты хæрзаудæн нысанæн. Уый тыххæй сын бузныг», – загъта хицауады сæргълæууæг.

Джуссойты Константин бузныджы ныхæстæ загъта куыстуаты къухдариуæгад æмæ кусджытæн æмæ сын йæ цæст бауарзта æнтыстджын куысты фæндиæгтæ.

Арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Южный сад»-ы филиал у республикæйы хъæууон хæдзарады фадыджы иууыл егъаудæр, æмæ динамикон æгъдауæй, рæзгæ инвестицион проекттæй сæ иу.

Зæрдыл лæууын кæнæм, «Южный сад» РХИ-йы регистраци кæй æрцыд 2019 азы.

Уагæвæрдмæ гæсгæ 2022 азы райдианмæ инвестицион хуызы дыргъдæтты рæзтмæ æхцайы бавæрдтытæ уыдысты 431 милуан сомы.

Проектмæ гæсгæ дыргъдæттæ арæзт цæуынц цыппар этапы 500 гектары территорийы фæзуатыл. Куыстуаты кусы 100 адæймагæй фылдæр. Сæ куыстмызд у 34 мин сомы онг.

Æрвылазон хæрзаудæн акцийы фæлгæтты «Южный сад» республикæйы социалон æмæ ахуыргæнæн уагдæттæн лæвар кæны 50 тоннæйæ фылдæр фæткъуытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.