10 ноябры барадхъахъхъæнæг органтæ сæ профессионалон бæрæгбон кæй нысан кæнынц, уый фæдыл бæстæйы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгадимæ æмæ сын цытджын æгъдауæй раарфæ кодта. Президент йæ раныхасы банысан кодта, фæстаг азты фыдракæндты нымæц бæрæг кæй къаддæр кæны, уыцы тенденци, æмæ уый та нысан кæны, зæгъгæ, милицийы кусджытæ сæ функционалон хæстæ бæрзонд æмвæзадыл кæй æххæст кæнынц. Уыимæ ма иумæ бæстæйы сæргълæууæг æрæмбырдуæвджыты зæрдыл æрлæууын кодта, æрæджы цы трагикон цау æрцыд, уыцы хъуыддаг æмæ бахахх кодта, Мидхъуыддæгты министрады куысты кæй ис проблемæтæ æмæ сæ кæй хъæуы æвæстиатæй скъуыддзаг кæнын.

«Нæй гæнæн æмæ не ‘хсæнады бынат уа ахæм фыдракæндтæн, уæлдайдæр та – Мидхъуыддæгты министрады кусджыты хайадистæй. Уыцы хъуыддаг æвзæрырдæм æндавы æгас барадхъахъхъæнæг органтыл, уымæн æмæ адæм, сымахæй ныфс бавæрыны бæсты, бынтондæр нал æууæндынц милицийы кусджытыл. Дарддæр хъæуы архайын, цæмæй адæмы æууæнкдзинад раздахæм фæстæмæ æмæ уын рагацау зæгъын, уый тыххæй кæй хъæуы бирæ саразын», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрады уæлдæр ахуыргæнæндæтты цы курсанттæ ахуыр кæнынц Хуссар Ирыстонæй, уыдон æнæмæнгæй дарддæр хъуамæ кусой нæ барадхъахъхъæнæг органты рæнхъыты æмæ спайда кæной сæ зонындзинæдтæй сæ профессионалон архайды.

«Фыдракæнд раргом кæныны тыххæй физикон тыхæй спайда кæнын æнæмæнг хъуыддаг нæу. Милицийы кусæджы хæс у фыдгæнæджы æрцахсын æмæ йын йæ фыдракæнд раргом кæнын. Фæлæ нæй гæнæн æмæ зæрдæхсайгæ æмбæстаг æнæхъуаджы æфхæрд баййафа милицийы къухтæй, кæнæ та йыл ноджы фыддæр ми æрцæуа, æрæджы цы æрыгон лæппу фесæфт, уыйау. Æнæмæнг хъæуы серьезон аналитикон куыст бакæнын, цæмæй ахæм цаутæн дарддæр нæ царды бынат мауал уа. Не ‘мбæстæгтæ милицийы кусджытæй тæрсгæ ма хъуамæ кæной, фæлæ сын уа сабырад», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Кæронбæттæны бæстæйы сæргълæууæг цытджын æгъдауæй схорзæхджын кодта цалдæр кусæджы. Милицийы Экономикон фыдракæндтæ ма æруадзыны управленийы сæргълæууæг Санахъоты Сослан хорзæхджын æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты сгуыхт кусæг»-ы номæй. Уымæй уæлдай ма «Милицийы булкъон»-ы цинтæ райстой милицийы Наркотикты ӕрзылд контроль кӕныны управленийы сæргълæууæг Уалыты Руслан, слестгæнæн управленийы хистæры хæдивæг Козаты Олег æмæ Экономикон фыдракæндтæ ма æруадзыны управленийы хистæры хæдивæг Дудайты Дмитри.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.