УФ-йы Федерацийы Советы делегациимæ

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан 9 июны йæхимæ райста Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы делегацийы Æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл комитеты уæнг Сергей Цековы сæргълæудæй. Уыдон Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты парламентон æвзæрстытæм цæстдарджыты хуызы.

Уæрæсейаг делегацийы сконды уыдысты сенатортæ Крым Казаноков, Витали Назаренко æмæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæтæ-хайадисджытимæ æхсæнпарламентон æмгуыстады хайады сæргълæууæджы хæдивæг Надежда Дахова.

Бæстæйы разамонæг æгасцуай æмæ бузныг загъта уазджытæн, ахæм нысаниуæгджын боны кæй æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ. Банысан кодта, æвзæрстыты агъоммæ кампани республикæйы уагъд кæй цыд сабыр уавæрты.

«Политикон партитæ æмæ иумандатонтæн хъæуы бузныг зæгъын, уыдон бæрнон ахаст равдыстой æмæ нæм практикон æгъдауæй нæ раргом сты æвзарæн закъон­дæттынады бархалæн цаутæ», – дзырдта Президент æмæ ныфс бавæрдта, æвзæрстытæ сабыр æмæ æмбаргæ уавæрты уагъд кæй ацæудзысты.

Бæстæйы разамонæг банысан кодта сæрмагонд æфсæддон операцийы раззаг рæнхъыты цы ирон лæппутæ ис, уыдоны хъайтардзинад. Æппындæр, зæгъгæ, нæ дызæрдыг кæнæм, уæлахизимæ кæй æрыздæхдзысты фæстæмæ.

Сергей Цеков куыд загъта, уымæ гæсгæ сæйраг у, цæмæй æвзæрстыты фæстиуджытæ фальсификаци  ма æрцæуой. Æмæ, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны æмæ æвзæрстыты чи нæ нымайы, уыдоны хъæуы ардæм æрцæуын, цæмæй мастер-къластæ райсой ам, бынаты.

«Æвзарæн фадгуыты бахынцыдтам хæларадон ахаст. Дарддæр зилдзыстæм куыд горæты, афтæ районты æвзарæн фадгуытыл.

Æмбæстæгтæ цахæм активондзинад равдисой, куыд æрбацæуой æвзæрстытæм, уымæй бирæ кæнгæ у. Фæлæ дызæрдыг нæ кæнæм, активон кæй уыдзысты, ууыл», – банысан кодта уый.

Фембæлды хайад райстой Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы фыццаг хæдивæг Джиоты Константин æмæ VII-æм сæвзæрст Парламенты депутат Джиоты Еленæ.

 

УФ-йы Паддзахадон Думæйы делегациимæ

Бæстæйы Президент Гаглойты Алан уыцы бон йæхимæ райста Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы делегацийы ХÆП-ы Евразиаг интеграци æмæ æмфыдыбæстæйонтимæ бастдзинæдты хъуыддæгты фæдыл комитеты фыццаг хæдивæг Тайсауты Хъазбеджы сæргълæудæй.

Бæстæйы разамонæг бузныг загъта уæрæсейаг уазджытæн, ахæм нысаниуæгджын бон нæ республикæмæ кæй æрцыдысты. Не ‘мбæстæгтæ, зæгъгæ, æвзарæн фадгуытæм цæуынц куыд бæрæгбонмæ, афтæ. Æвзарæн къамис бакуыста хорз æмæ алкæмæн дæр сарæзта æмхуызон уавæртæ.

Президент банысан кодта, Уæрæсе Хуссар Ирыстонæн ахсджиаг стратегион партнер кæй у æмæ хуссарирыстойнаг алы æмбæстаг дæр Уæрæсейы кæй нымайы йæ райгуырæн бæстæйыл. Ныфс бавæрдта, ног сæвзæрст депутатон корпус йæ уæрæсейаг коллегæтимæ æмахастытæ кæй рæзын æмæ фидар кæндзæн.

«Мах кæдфæнды дæр стæм не ‘мцæдисоны фарсмæ», – банысан кодта уый.

Тайсауты Хъазбег арфæйы ныхæстæ загъта Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володины номæй Гаглойты Аланæн. Банысан кодта, фыццаг хатт хайад кæй нæ исы æвзæрстыты æмæ сын æхсызгон у æвзæрстыты агъоммæ компани сабыр уавæрты уагъд кæй цыд.

«Ныридæгæн азылдыстæм æмæ базонгæ стæм цалдæр æвзарæн фадыджы куыстимæ. Ныфс мæ ис, æмæ æмбæлон æмвæзадыл уагъд кæй æрцæудзысты», – банысан кодта уый.

Тайсауты Хъазбег ма банысан кодта сæрмагонд æфсæддон операцийы руаджы æфсымæрон Донбассы адæмы цы ирон лæппутæ хъахъ­хъæнынц ныртæккæ, уыдоны хъæбатырдзинад. Бузныг, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны адæмæн сæ хъæбатырдзинады тыххæй. Ныфс бавæрдта, æввахс рæстæджы стыр уæлахизы цытæн дзаггарзæй кæй кувдзыстæм нæ лæппуты цæрæнбонæн.

Фембæлды хайад райстой Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы фыццаг хæдивæг Джиоты Константин æмæ VII-æм сæвзæрст Парламенты депутат Плиты Алыксандр.

 

Абхазы делегациимæ 

VIII-æм сæвзæрст Парламенты депутаттæм æвзæрстытæм цæстдарджыты хуызы Абхазæй цы делегаци æрцыд, уыдоны йæхимæ райста Президент Гаглойты Алан.

Делегацийы сконды уыдысты Экономикон политикæ, реформæтæ æмæ информацион технологиты фæдыл Абхазы парламенты комитеты сæрдары хæдивæг Бадрик Пилия, æхсæнадæмон æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты æмæ æмфыдыбæстæйонтимæ бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Ахра Пачулия, паддзахадон-барадон политикæ æмæ экономикон политикæ, реформæтæ æмæ информацион технологиты комитетты уæнг Эрик Рштуни æмæ барадон фарстаты фæдыл парламенты спикеры сæйраг уынаффæгæнæг Денис Киут.

Бæстæйы разамонæг æфсымæрон республикæйæ уазджытæн æгасцуай зæгъыны фæстæ банысан кодта, зæгъгæ, æппæт политикон тыхтæн æвзæрстыты агъоммæ кампанийы кæрæдзимæ уыд хорз ахаст. Бузныг сын загъта, æвзæрстыты хайад райсынмæ нæм кæй æрцыдысты, уый тыххæй. Абхазаг уазджытæн Гаглойты Аланы цæст бауарзта сæ бæстæйы размæцыды фæндиæгтæ.

Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны адæмтæ иумæ уæззау фæндæгтыл рацыдысты. Гаглойты Алан куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сæ фидæн иумæ аразынц нæ стратегион партнер – Уæрæсейы Федерациимæ.

Абхазы Республикæйы Парламенты депутат Бадрик Пилия банысан кодта, æхсызгон сын кæй у, Хуссар Ирыстонæн ахæм ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын цауы æвдисæнтæ кæй сты. Цы æвзарæн фадгуытæ бабæрæг кодтой, уым уыд хъæлдзæг атмосферæ.

«Æвзæрстытæ уагъд цæуынц куыд бæрæгбон, афтæ, уый æхсызгон у махæн. Уадз æмæ æвзæрстытæ кæронмæ бахæццæ уой ахæм æхсызгон зæрдæйыуагимæ. Мæ цæст уын уарзы, цæмæй адæм банкъарой, ацы æвзæрстыты фæстиуджыты фæдыл позитивон ивындзинæдтæ», – банысан кодта уый.

Фембæлды ма хайад райстой Джиоты Константин æмæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутаттæм кандидаттæ: Къуезерты Арсен æмæ Остъаты Роберт.

 

Донецкы Адæмон Советы минæвæрттимæ

Президент Гаглойты Алан йæхимæ райста Донецкы Адæмон республикæйы минæвæртты, кæцытæ хайад райстой Хуссар Ирыстоны парламентон æвзæрстыты цæстдарджыты хуызы.

Делегацийы сконды уыдысты Адæмон Советы сæрдары фыццаг хæдивæг Сергей Прокопенко, Адæмон Советы сæрдары хæдивæг Андрей Крамар, Бюджет, финанстæ æмæ фиддонты политикæйы фæдыл комитеты сæрдар Юри Афендиков æмæ Конституцион закъондæттынад, паддзахадон арæзтад æмæ бынæттон хæдуагæвæрды фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Марина Киплянок.

Донецкæй уазджытæн бæстæйы разамонæг стыр бузныджы ныхæстæ загъта парламентон æвзæрстыты хайад кæй исынц, уый фæдыл, зæгъгæ, уæ бæстæйы ахæм вазыгджын уавæртæ ис, фæлæ уæддæр æрцыдыстут Хуссар Ирыстонмæ æмæ нæ фарсмæ балæууыдыстут.

«Хуссар Ирыстонæй хæстонтæ уæхски-уæхск лæууынц Донецкы республикæйы хæстонтимæ æмæ хъахъхъæнынц нæ иумиаг æргъадтæ æмæ нæ культурæ. Уымæн æмæ мах хæсджын стæм, цæмæй кæрæдзийы фарсмæ балæууæм.

Донецк æмæ Луганскы республикæтæн уæззау рæстæджытæ куы скодта, уæдæй фæстæмæ Хуссар Ирыстон уыд уæ фарсмæ æмæ дарддæр дæр уыдзæн афтæ», – банысан кодта Президент.

Сергей Прокопенко бузныджы ныхæстæ загъта Гаглойты Аланæн йæ хъарм райсты тыххæй æмæ Донецкы Адæмон республикæйы сæргълæууæг Денис Пушилины номæй арфæ ракодта Президентæн. Банысан кодта, Хуссар Ирыстон Донецкы республикæйæн кæй у æфсымæрон паддзахад.

«Мах æфсымæрон адæм стæм, нæ хъысмæт дæр иугъуызон у. Хуссар Ирыстонæй сæрмагонд æфсæддон операцийы цы лæппутæ ис, уыдон махæн сты æцæг хъайтартæ, уыдоны сгуыхтдзинад нæ адæмы историйы баззайдзæн æнустæм. Ныртæккæ мах иумæ цæуæм нæ иумиаг уæлахизмæ.

Цы æвзарæн фадгуытæм бацыдыстæм, уым уавæр уыд сабыр, адæм цыдысты æмæ æргом хъæлæс кодтой, сæ зæрдæ сæ кæмæн амыдта, уыдонæн», – дзырдта уый.

Фембæлды хайад райстой Президенты Админист­рацийы минæвар Джиоты Константин æмæ Парламенты депутаттæм кандидат Гасситы Петр.

 

Уæрæсейы Централон æвзарæн къамисы минæвæрттимæ

Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан ма уыцы бон фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Централон æвзарæн къамисы минæвæрттимæ. Уыдон дæр хайад райстой парламентон æвзæрстыты цæстдарджыты хуызы. Делегацийы сконды уыдысты Централон æвзарæн къамисы уæнг Евгени Колюшин æмæ æвзарæн къамисы æхсæнадæмон æмгуыстады хайады фыццаг разряды специалист Таисия Райдер.

Фембæлды хайад райста Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.

Гаглойты Алан куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ нæ республикæйы парламентон æвзæрстытæ уагъд цæуынц сабыр æмæ æмбаргæ уавæрты. Бузныг загъта уазджытæн, Уæрæсейы Централон æвзарæн къамис кæй æххуыс кæны хуссарирыстойнаг коллегæтæн, уый тыххæй.

Уæрæсейы Æвзарæн къамисы уæнг Евгени Колюшин банысан кодта, Хуссар Ирыстоны парламентон æвзæрстытæ хорз организаци кæй æрцыдысты.

«Æвзæрстытæ уагъд цæуынц сабыр, æмбаргæ уавæрты, æвзарæн къамисы уæнгтæ æмæ цæстдарджытæ бакодтой стыр куыст. Махæн æхсызгон у ахæм æвзонг паддзахады фарсмæ балæууын. Америкæйæгты нæ фæнды Хуссар Ирыстоны республикæ банымайын, фæлæ уыдон бирæ хъуыддæгты хъуамæ бафæзмиккой сымах. Уадз, уыдонæн дæр бантысæт, цæмæй сымах хуызæн сорганизаци кæной сæ æвзæрстытæ», – банысан кодта уый.

Паддзахады разамонæг Гаглойты Алан делегацийы уæнгтæн бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Къæбулты Марина