Республикæ Хуссар Ирыстоны VIII-æм æрсидт парламентмæ депутаттæ сæвзарыны тыххæй хуыцаубоны республикæйы территорийыл райсом аст сахатыл цы 73 æвзарæн фадыг байгом, уыдонæй фыццæгæм фадыджы йæ æмбæстагон хæс сæххæст кодта бæстæйы Президент Гаглойты Алан.

Информацион фæрæзты минæвæрттимæ чысыл брифинджы рæстæджы уый банысан кодта, зæгъгæ, депутаттæм æппæт кандидаттæ æмæ политикон партитæн Централон æвзарæн къамис æвзæрстытæм бацæттæ кæнынæн сарæзта æмхуызон уавæртæ.

«Мах не ‘ппæтдæр æвдисæн уыдыстæм, æвзæрстыты агъоммæ кампани сабыр уавæрты уагъд кæй цыд. Бæстæйы хицауад хæсджын у, цæмæй æвзæрстытæ кæдфæндыдæр закъонмæ гæсгæ уагъд цæуой сабыр уавæрты. Абон  æвдисæн стæм мах, райсомæй нырмæ æвзарæн фадгуытæм куыд активонæй цæуынц æмбæстæгтæ, уымæн. Уыдон æххæст кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы хæс», – банысан кодта Президент.

Уыцы бон нæ горæты Згъудеры Уастырджийы бæрæгбон нысан кæй цыд, уымæ гæсгæ Гаглойты Алан арфæ ракодта не ‘мбæстæгтæн, зæгъгæ, уадз æмæ адæмы куывдтытæ фехъуысæд æмæ сын æххуысгæнæг уæт!

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.