Чизоны, брытъаты комы искуы та цард сног уа…

Анахарсисы номыл Национ библиотекӕйы ирон ӕмӕ бӕстӕзонӕн хайадты кусджытӕ та радон хатт ӕрбамбырд кодтой сӕ чиныгкӕсджыты иу цымыдисон мадзалмӕ. Ацы хайадтӕ арӕх фӕуадзынц алыхуызон сфӕлдыстадон мадзӕлттӕ – мысӕн изӕртӕ фысджытӕн, презентацитӕ, конференцитӕ, бӕрӕгбонты фӕдыл мадзӕлттӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр ахӕмтӕ.

Ныры мадзал цӕхгӕр хицӕн кодта иннӕтӕй – фыццаг хатт Ирыстоны рӕсугъд кӕмттӕй сӕ иу – Брытъаты тыххӕй уыдис цымыдисон мадзал “Нӕ уарзон хӕхбӕстӕ”. Ирыстон хъӕздыг ӕмӕ фидыцджын цӕмӕй у, уый йӕ алӕмӕттаг ӕрдз, сатӕг уӕлдӕф, йӕ дӕттӕ, йӕ бӕрзонд урссӕр хӕхтӕ, йӕ къӕдзӕхтӕ ӕмӕ йӕ диссаджы кӕмттӕй. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Ирыстоны адӕймаг йӕ къах цы кӕмтты ӕмӕ хъӕуты рывӕрдта, уыдонӕй, ӕвӕццӕгӕн, иу къуым дӕр ахӕм нӕй, адӕймаджы зӕрдӕйы арф тӕлмӕнтӕ чи нӕ ныууагъта.

Мадзалы сӕйраг нысан дӕр уый уыд, ӕмӕ райгуырӕн бӕстӕйы хъӕздыгдзинӕдтӕ алы ирон, алы ӕмбӕстаг дӕр кӕй хъуамӕ зона. Уарзын ӕмӕ кад кӕнын кӕй хъӕуы райгуырӕн къуымӕн.

Брытъат ӕмӕ ма йӕ алыварс цы хӕххон хъӕутӕ ис, уыдон иумийагӕй хонынц Урстуалтӕ.

Брытъаты комы равзӕрд, йӕ цард ӕмӕ йӕ адӕмы тыххӕй мадзал бацӕуӕн ныхасӕй байгом кодта бӕстӕзонӕн хайады сӕргълӕууӕг Тъехты Ингӕ, уый бӕлвырд ӕрдзырдта Брытъаты хъӕуы историйы тыххӕй, цы мыггӕгтӕ дзы цард уыдоны ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традициты фӕдыл ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ диссаджы рӕсугъд ӕрдзы тыххӕй. Брытъат ӕрбынат кодта Дзауы районы Рукъӕй дыууадӕс километры куы бацӕуай, уӕд уым, бӕрзонд хӕхтыл.

Дих кӕны цыппар хъӕуыл: Фӕзы Брытъат, Хусуртӕ, Сау мӕсыг ӕмӕ Джыбылтӕ. Ацы цыппар хъӕуы цард иунӕг иу мыггаг – Слантӕ, ӕрвадӕлтӕ та сын сты Хуыгатӕ. Хъӕуы уыд райдиан скъола, афтӕ библиотекӕ ӕмӕ фельдшерон пункт. Ацы хъӕу зындгонд у йӕ суадӕттӕ ӕмӕ суӕрттӕй, уымӕй дарддӕр ам уыдис мыггаджы мӕсгуытӕ, афтӕ ма зӕппӕдзтӕ. Хъӕуы ис кувӕндӕттӕ. Ам цы адӕм цард, уыдон куывтой ӕмӕ сӕхи фӕдзӕхстой Хуыцау ӕмӕ йӕ зӕдтӕм. Сланты мыггаг кӕд чысыл сты, уӕддӕр Брытъаты комӕй ацы мыггагӕй рацыд бирӕ зындгонд адӕм, Ирыстонæн кадгæнæг адæм.

Уыцы бон ардæм æрбааахуыдтой профессор Плиты Гацыр, историон зонӕдты доктор, археолог Дзаттиаты Русланы æмæ Сланты мыггаджы минӕвӕртты. Райдайӕнӕй  кӕронмӕ телеэкраныл ӕвдыстой Брытъаты ком ӕмӕ чиныгкӕсджытӕн фадат уыд, уæлдайдæр комимӕ зонгӕ чи нӕ у, уыдонæн йӕ рӕсугъддзинад телеэкраныл фенын. Ныхасы рацыд профессор Плиты Гацыр, уый йӕхӕдӕг дӕр у Урстуалтӕй рацӕугӕ ӕмӕ хорз зоны у ацы комбӕстӕ. Брытъаты тыххӕй радзырдтӕ бирӕ цымыдисон цаутӕ ӕмӕ ма банысан кодта, зӕгъгӕ, ахӕм мадзал фыццаг хатт кӕй ӕрцыд ӕмӕ дарддӕр дӕр кӕй хъӕуы уадзын ахӕм изӕртӕ, “уымӕн ӕмӕ Ирыстоны бирӕ рӕсугъд ӕмӕ фенддаг кӕмттӕ ис, ӕмӕ сӕ иууылдӕр зонын хъӕуы кӕстӕр фӕлтӕрӕй райдайгӕйӕ” .

Брытъаты йӕ археологон къахӕнтӕ кодта археолог Дзаттиаты Руслан, ныхасы рацӕугӕйӕ, уый радзырдта ӕппӕт ацы хабӕртты фӕдыл, уый хорз зонгӕ у комы историимӕ æмæ уымӕн афтæ гӕсгӕ, мидисджын рауад йӕ раныхас. Уымӕй дарддӕр ма Руслан йемӕ ӕрбахаста раджы рӕстӕджы Брытъаты ист къамтӕ ӕмӕ сӕ уынын кодта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн.

Нӕ уарзон хӕхбӕстӕ

Мыггаджы номӕй йӕ мысинӕгтӕ, йӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ загъта Сланты мыггаджы хистӕр Сланты Толик. Уый райгуырд ӕмӕ схъомыл Брытъаты, хорз зоны ацы хъӕуы раздӕры цард æмæ ӕгъдӕуттӕ. Толик радзырдта ацы хъӕуы цы дзуӕрттӕ ис, уыдон афтӕ карз сты, ӕмӕ, зӕгъгӕ, уӕды рӕстӕджы, Брытъаты ма цард ӕхсидгӕ куы кодта, уӕд-иу сӕ быны исчи ӕнӕгъдау ми куы бакодта, гъе та-иу ныхас куы радта ӕмӕ-иу ӕй куы нӕ сӕххӕст кодта, уӕд-иу уыцы адӕймагӕн йе’нӕниздзинад цӕхгӕр фӕцудыдта. Ахӕм карз ахаст уыд дзуӕрттӕн.

Цард хӕхбӕсты зынвадат кӕй уыд, уый тыххӕй Брытъатӕй хуыздӕр цардагур раджы фӕлыгъдысты йӕ адӕм. Хӕххон хъӕу сындӕггай федзӕрӕг. Кӕд дзы къонаты арт дӕсгай азты размӕ банымӕг, уӕддӕр Сланты мыггаджы минӕвӕрттӕй ардӕм абоны бон дӕр ӕрбацӕуынц йӕ фыдыуӕзӕг зынаргъ ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕсивгӕ кӕмӕн у, уыдон, сӕ нымӕцы, мыггаджы кӕстӕртӕ дӕр.

Уӕлдай банысанкӕнинаг у уый, ӕмӕ мадзалы дӕр хистӕр фӕлтӕрӕй дарддӕр, кӕй уыдысты Сланты мыггаджы кӕстӕртæ дӕр. Уый та ӕхсызгон хъуыддаг у, уымӕн ӕмӕ кӕстӕртӕ хъуамӕ зоной сӕ мыггаджы равзӕрд, сӕ фыдӕлтӕ кӕцӕй рацыдысты, уый.

Ахӕм у Ирыстоны фенддагдӕр кӕмттӕй сӕ иу хӕххон хъӕу Брытъаты истори. Мадзалы кӕрон библиотекӕйы директор Гуыцмӕзты Иннӕ бузныг загъта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн ӕмӕ банысан кодта Ирыстоны кӕмттӕ ӕмӕ хъӕутӕ иууылдӕр ракойы аккаг кӕй сты, уый сӕраппонд та ӕнӕмӕнгхъӕуӕг кӕй у ахӕм мадзӕлттӕ арӕхдӕр уадзын.

“Кӕд Брытъаты цард банымӕг, уӕддӕр ныфс ис, кӕддӕр та ам,чизоны, цард сног уа ӕмӕ та Брытъатгоммӕ ӕрӕздӕха йӕ кӕддӕры фарн” ,- загъта кӕронбӕттӕны мадзалы амонӕг.

КЪÆБЫСТЫ Зӕринӕ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.