Ацы ныхæстæ кад æмæ радимæ хауынц нæ зынаргъ журнал «Мах дуг»-мæ. Йæ куыст хæтæл рæуæды кæвдæсæй райдыдта æмæ абоны бон схызт бæрзонд, рæсугъд саджы бынатмæ.

Дзырд дæр ыл нæй, стыр бæрæгбоны къæсæрыл кæй æрлæууыдыстæм. 90 азы æххæст кæны нацийы цырагъдар, йæ адæмæн рухс фæндæгтæ чи кæны, царды хостæ чи уары, сæрыстырæй алы ком æмæ алы ирон хæдзары дуар æрвыл мæй дæр цæстуарзонæй чи бахойы, уыцы зонды къуыбылой «Мах дуг»-ыл.

Плиты Грис Абайты Уасойы царды фæндæгтæм куы ракаст, йæ бакæнгæ хъуыддæгтыл йæ цæст куы ахаста, уæд къæхты бынæй ныуулæфыд æмæ загъта: «Ды цы бон фæзындтæ Ирæн, уый уæд арфæйаг æнусмæ!».

Ацы куырыхон ныхæстæ ахæссæн ис нæ абоны юбиляр журнал «Мах дуг»-мæ дæр.

Кæддæр нæ фыдæлты фынгæн уыд æртæ къахы, абоны бон та пайда кæнæм цыппæркъахыг фынгтæй. Нæ культурон фронты уыцы цыппар къахы сты: газеттæ: «Рæстдзинад» æмæ «Хурзæрин», журнæлттæ «Фидиуæг» æмæ «Мах дуг».

Сæ фæзындæй абонмæ сты Ирыстоны хуртуангæстæ, цард цæрынæн кæй у, цард сфæлдисæг кæй у, царды цалх куыд тулы, уыдæттæ амонæг. Уыдоны сæрыстырæй рахонæн ис хъазуатон зиууæттæ. Сæ куыст, сæ архайд сæ фæзындæй абонмæ здæхт у иу стыр хъуыддагмæ – Ирон хъуамæ баззайа Иронæй, хуымæтæг ирон нæ, фæлæ зондджын, хъаруджын, фердæхтджын нæртонæй.

Журнал «Мах дуг» ацы ахсджиаг фарстытæй йæхи иуварс никуы аласта, бафтыдта ма йæм иу стыр хъуыддаг – ахуыр, рухсдзинад рауæрæх кæнын. «Мах дуг»-æй рох никуы уыдысты нæ номдзыд Хъаныхъуаты Иналы ныхæстæ: «Æнæахуыр адæмæн рæсугъд фидæн никуы уыдзæн!».

Дæрзæг æмæ дыркъуым фæндæгтыл рацыд «Мах дуг», уæндонæй йæ нæ бон у схонын хъæууон дæр, хæххон дæр æмæ горæттаг дæр. Æртæ  фадыджы дæр сты æмæ уыдысты йæ рахæцæнтæ. Нæ журнал у зондамонæг, хъомылгæнæг, ирон аивады къæбицмæ фæндаггæрдæг. Нывæфтыд литературæ у царды рахæцæн зондамонæг æмæ хъомылгæнæг. Гæдиаты Цомахъæй абоны бонмæ цал зиууоны схъомыл кодта «Мах дуг», цал хосдзауы къухмæ радта цæвæг, цал рæзгæйæн зæгъын кодта – «Ахуыр кæнынмæ бæллын», цал зондджын, куырыхон ныхасы æрцыд загъд «»Мах дуг»-ы руаджы. Дзæвгар у сæ нымæц, нымайæг сæ нæ банымайдзæн. Бирæ скъæрæнты, хæцæнты стæрты бахауд нæ журнал. Зондджын, хъаруджын зиууæтты æмрæнхъ ын уыдис, ка-косындз йæ зæрдæ æмæ йæ къухы кæмæн уыд, ахæмтæ дæр.

«Мах дуг» йæ фæзындæй абонмæ цы рæсугъд рæстдзинад æвдисæг тырысайыл хæцы, уый дæлæмæ никуы æруагъта. Сæрыстыр уыд ирон литературæ æмæ æвзаджы рæзтыл æцæг хъуыдытæ чи загъта, уыдонæй. Зæрдæрыст та уыд Мамсыраты Темырболат, Хетæгкаты Къоста, Нигер, Брытъиаты Елбыздыхъо, Илас Æрнигон, Барахъты Гино, Плиты Грис æмæ æндæртыл рæстæй цъыф чи калдта, уыдонæй. Уыцы лыскъзæрдæ критиктæн сæ зыгъуыммæ митæ сæ цæстмæ дардта кæддæриддæр нæ куырыхон журнал.

Журнал «Мах дуг» у æрыгон фæлтæры хъомылгæнæг, скъолаты ахуыргæнджытæн сæ къух аразæг, зонадон кусджытæн фæндаг дæттæг, дзыллæйы ‘хсæн хæлардзинад тауæг, нациты ‘хсæн хæлардзинæдты хидтæ аразæг.

Ирон хъæзныг литературæйы рæзты фæндæгтыл чи дзура, уый нæ ахиздзæн журналтæ «Мах дуг» æмæ «Фидиуæг»-ы фæрсты. Уыдон схъомыл кодтой нæ литературон зиууæтты. Кæуылты уыд сæ тох, сæ куыст Æлборты Барис, Гæдиаты Цомахъ, Тыбылты Алыксандр, Нигер, Косирати Сæрмæт, Дзаттиаты Алыксандр æмæ æндæртæн, цæмæй Ирыстон суыдаиккой ахæм журналтæ æмæ газетты хицау.

Уыдон, æмæ нæ литературæйы хуынтæм куы акаст Нафи, уæд сæрбæрзондæй загъта: «Къоста нын радта чиныг, Елбыздыхъо та нын байгом кодта театры дуæрттæ».

Журнал «Мах дуг» райгуырд 1924 азы, колхозты арæзтадæн бындур æвæрд куы æрцыд, уæд.

Махæн абоны бон дæр кад æмæ цыты аккаг сты йæ редактортæ: Косираты Сæрмæт, Дзаттиаты Алыксандр, Боциты Барон, Епхиты Тæтæри, Дзаттиаты Тотырбег, Бæдоаты Хазыбег, Плиты Грис, Токаты Асæх, Мæрзойты Сергей, Богазты Умар, Цырыхаты Михал, Цæгæраты Максим, Хъодзаты Æхсар, Мамыкъаты Хъазбег æмæ Хетæгкаты Оксанæ. Уыдонæй алкæуыл дæр ис хицæнæй дзæвгар дзурæн. Иукъорды дзы зыдтон æввахсмæ, журнал «Мах дуг» та кæсын 1955 азæй, ирон филологийы факультеты студент куы сдæн, уæдæй абонмæ.

Бирæ хорздзинæдтæ бакастæн нæ журналы руаджы, Сæрмæтæй райдайгæйæ, зонгæ дæн æппæт редакторты сфæлдыстадон фæндæгтимæ.

Фæстаг азты журнал «Мах дуг» стыр хъуыддаг сарæзта, æрыгон райдайæг фысджытæн уæрæх дуæрттæ кæй байгом кодта, уымæй.

Журналæн сылгоймаг-редактор фыццаг хатт нысан æрцыд, райдианы мæ нæ уырныдта, ацы бæрнон куыстыл фæтых уыдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Фæлæ, табу Хуыцауæн, нæ абоны редактор разынд хъаруджын, арæхстджын, фæрæзджын. Уыдæттыл дзурæг сты журналы æрмæджытæ, йæ фæлындзинад, йæ гуырахст.

Фарн æмæ намысы фæндæгтæ амонæг

«Мах дуг»-ы редколлеги тынг архайы ууыл, цæмæй журнал уа цæсты ахадгæ, цæмæй рæза кæсджыты нымæц, цæмæй дзы мыхуыр цæуой аккаг, алцæмæй ифтонг уацмыстæ, журнал цы конкурстæ сиды хæрзгъæддзинады тыххæй, уыдон цæсты ахадгæ сты.

Журнал у литературон, аивадон æмæ æхсæнадон-политикон, стæй уæд æрвылмæйон. Политикон фарстытæн раст æмæ мидисджын дзуаппытæ вæййы журналы. Бирæ алыгъуызон æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ вæййы мыхуыр, арæх мыхуыр кæны романтæ дæр хайгай, йæ хъус бæстон дары драматурги æмæ театры хъуыддæгтæм, ирон фольклормæ.

Тынг æххуыс кæны журнал ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн, мыхуыр сын кæны сæ методикон æрмæджыты.

Стыр нысаниуæг ис журнал «Мах дуг»-ы равдыстыты цы нывтæ æрцæуы лæвæрд, уыдонæн. Уыдоны руаджы журнал кæсджытæ бæстондæр базонгæ вæййынц, юбилейтæ кæмæн ис, уыцы фысджытæ, композитортæ, нывгæнджытæ, актертæ, солисттæ, хореографтæ æмæ æндæр зынгæ адæймæгтимæ.

Къæрцхъус у нæ журнал алцæмæ дæр, рæдауæй дзуры цины хъуыддæгтыл, зæрдæрыстæй та – æнамонддзинæдтыл.

Сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæйæн аккаг фæлтæр ис йæ къухы. Йæ хæдивæг Къæлойты Альбинæ, прозæйы хайады редактор Æлборты Дианæ, поэзи æмæ драматургийы редактор Касаты Батрадз, критикæ æмæ публицистикæйы редактор Тъехты Тамерлан – сты сæ хъуыддаджы дæснытæ, сæ бæрны уæвæг хъуыддæгтæн раст аргъгæнджытæ.

Майы райгуырд «Мах дуг». Майау рæсугъд æмæ мидисджын у алцæмæй дæр. Йæ кусджытæ, йæ кæсджытæ, Иры дзыллæ Цæгатæй Хуссармæ, Скæсæнæй Ныгуылæнмæ райгонд сты «Мах дуг»-ы фæндæгтæ æмæ бакæнгæ хъуыддæгтæй.

90 азы 90 боны не сты. «Мах дуг» уал азы æвæллайгæйæ лæггад кæны йæ адæмæн, бирæ хъуыддæгтæ сарæзта Ирыстоны абон æмæ  сомбонæн. Æрлæууыд йе ‘нусы къæсæрыл, фæрнæй йыл цы бахиза, Ирыстонæн дзы сабыр, æрттивгæ цард цы фена, нæ хæрзгæнæг Уæрæсе нæ фарсмæ фидар æмæ уæндонæй цы лæууа, уый йын уарзы нæ цæст.

Амондджын бæрæгбон нын басгуыхæд, бæстыл сæрибардзинады хур цы атула, сæрибар Ирыстон æмæ Уæрæсе цы фенæм, уыйбæрц амонд нæ уæд.

Лæгты Дзуар де ‘мбал, нæ дугты куырыхон «Мах дуг»!

Йæ коллективæн нæ цæст уарзы хорз æнæниздзинад, сабырдзинады дуне, куысты фæразондзинад, хæдзары хорз хæрзиуджытæ.

Амондджын уæнт йæ хъуыддæгтæ.

                 «Мах дуг»-ы хæлар ПЛИТЫ Гацыр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.