1992 азы 29-æм майы, Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзиаг хæстон агрессийы тæккæ тæмæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы фыццаг æрсидты депутаттæ райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад расидыны тыххæй Акт.

Хуыбылты Еленæ, Ленингоры район,  РХИ-йы Уæлдæр Советы фыццаг æрсидты депутат: «1992 азы 29-æм май, уыцы азы майы иннæ бонтæй ницæмæй хицæн кодта. Æрвылбон дæр тохтæ цыдысты республикæйы районты æмæ Цхинвалмæ бацæуæнты. Уымæ æнæкæсгæйæ, республи-кæйы политикон цард цæджджинагау фыхт. Рæстæг уыд вазыгджын, уыцы рæстæгмæ Советон Цæдис дунеон политикон картæйæ фесæфт. Æмæ мах иунæгæй баззадыстæм нæ бæллæхтимæ. Уæззау уавæры бахауд Хуссар Ирыс-тоны дæрддзæф Ленингоры район. Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы цыбыр æмгъуыдмæ иууыл фылдæр адæм кæм фæмард, уыдонæй иу уыд, 1991 азы 28 апрелы Ленингоры районы Гдулеты хъæумæ æввахс хъæды æрдузы цы стыр трагеди æрцыд, уый. Иу уысммæ гуырдзиаг абырджытæ амардтой авд æнаххос ирон нæлгоймаджы.

Æмбæрстам æй фæндвидарæй архайын хъуыд, цæмæй бахъахъхъæдтаиккам нæ паддзахаддзинад. Æмæ уæд Уæлдæр Совет Хъуылымбегты Торезы сæргълæудæй райста иунæг раст уынаффæ – Хæдбардзинады тыххæй Акт расидын. Нæ закъондæттынадон органы уыцы фыццаг æрсидты депутаттæ сæ архæйдтыты уыдысты фæндвидар, æппынæдзух æхстыты бын уæвгæйæ, сæ цардæн тæссаг уавæрты уæддæр цыдысты равзæрст нысанмæ, сæ адæмы раз егъау бæрндзинад æмбаргæйæ. Номхуындæй, уыцы азты лидерты принципиалондзинад æмæ бæрзонд патриотизм бирæбæрцæй фадат радтой 2008 азы 26-æм август æрбаввахс кæнынæн. Уæд нын æппынфæстагмæ, уæззау фæндæгтыл рацæуыны фæстæ нæ паддзахады хæдбардзинад банымадта Уæрæсейы Федераци.

Цал фæнды азы ма рацæуа, уæддæр мах хъуамæ нæ зæрдыл дарæм, карз 1992 азы сæ фæндвидар уынаффæйæ нæ республикæйæн, нæ  фæлтæрты рæсугъд фидæнæн бындур чи æрæвæрдта, уыдоны. Кæд нæ республикæйы къæлиндары фæстаг 20 азы дæр-гъы бирæ бæрæгбонтæ фæзынд, уæддæр æз нымайын афтæ, æмæ 29-æм май у сæйраг бон нæ пад-дзахаддзинад сфидар кæныны фæндагыл.

Хъуылымбегты Торез уыд, куыд 1990 азы 20 сентябры республикӕ расидыны инициатор, афтӕ ма йæ разамынадимæ 1992 азы 29 майы ист æрцыд Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад расидыны тыххæй Акт дæр».

ИСТОРИОН БОН –
РХИ-йы Парламенты фыццаг æрсидты депутатты мысинæгты

Хозиты Петр, РХИ-йы сгуыхт журналист, РХИ-йы Уæлдæр Советы фыццаг æрсидты депутат: Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады тыххæй Акт райсыны размæ уыдысты трагикон мæйтæ, бонтæ. Æниу, уый фæстæ бонты дæр нæ хæствæллад зæхх цух нæ уыд æнамонд цаутæй суанг 1992 азы 14-æм июлы онг, цалынмæ Хуссар Ирыстоны зæххмæ фидауынгæнæг тыхтæ не ‘рбацыдысты, уæдмæ.

1992 азы май уыд уазал мæй. Уалдзыгон мæйы хуызæн нæ уыд. Æмæ уый дæр бахъуыды кодтам. Æниу, уæд æрхъулагонд Цхинвалы цæрджыты климатон уавæртæ бынтондæр не ‘ндæвтой. Æрвылбон гуырдзиаг тыхæйисджытæ горæты æхстой хæцæнгæрзты алы хуызтæй. Æрвылрайсом дæр горæты цæрджытæ хъуыстой трагикон цаутæ – сæ хиуæтты, зонгæты, коллегæты амарыны æмæ цæфты тыххæй æмæ сыл хъынцъым кодтой… Горæт ссис йæхирдыгонау адæймагыл психологон эксперименттæ уадзыны полигоны хуызæн. Знæгтæн сæ нысан уыд æрмæст марын нæ, фæлæ ахæм тактикæйæ столицæйы сафтид кæнын. Номхуындæй, уыцы бонты, Присы бæрзæндты бацахсгæйæ, гуырдзиаг снайпертæ æрвылбон нысанмæздæхтæй мардтой адæмы, сæйраджыдæр сабыр цæрджыты. Адæймаджы гæнæн уыд амардтаиккой кæдфæнды дæр æмæ кæмфæнды дæр – йæ хæдзары, куысты, уынджы. Фæлæ Зары фæндагыл 33 æнæаххос бæлццоны сырдон æгъдауæй кæй амардтой, уымæн дзы æмбал нæ уыд йе ‘гъатырдзинадæй. Мæ зæрдыл лæууы, сæ фæстаг фæндагыл сæ 24-æм майы кæй фæндараст кодтой æнæхъæн горæты цæрджытæ. Уый уыд иууыл егъаудæр фыдохы церемони, мæ царды кæй федтон, уыдонæй. Делегаци æрцыд Цæгат Ирыстонæй дæр Уæлдæр Советы Сæрдар Галазты Æхсарбеджы сæргълæудæй. Йемæ ма уыд йæ хæдивæг Козаты Георги дæр. Уæд Хуссар Ирыстоны адæм, æппынфæстагмæ, Цæгат Ирыстоны сæргълæууæгæй фехъуыстой карз æмæ бирæ кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы ныхæстæ æрмæст Гуырдзыстоны нæ, фæлæ ма Уæрæсейы адресыл дæр. Уыцы рæстæджы Уæрæсе цыдæр æнахуыр дардта йæхи. Уый уыд ахæм рæстæг, Хуссар Ирыстон иунæгæй карз знаджы ныхмæ куы баззад. Республикæйæ конд цыдысты æфсæддон хæйттæ, уыцы нымæцы вертолетон хай дæр. Уыдон кæд нейтралонæй сæхи дардтой, уæддæр цасдæрбæрцæй урæдтой гуырдзиæгты. 26-æм майы гуырдзиаг нæмыгæй фæмард зынгæ ирон фыссæг Гуыцмæзты Алеш дæр.

Æмбæхсинаг нæу уый дæр, æмæ Хуссар Ирыстоны фыццаг Парламентыл æргом æмæ карзæй кæй æндæвтой Мæскуы æмæ Дзæуджыхъæу дæр. Уыцы æндæвдады нысан уыд, цæмæй Хуссар Ирыстон сразы уыдаид Гуырдзыстоны домæнтыл…

Растдæр ахæм уæззау уавæрты Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы рабадты, кæцы цыд æртæ боны дæргъы, ист æрцыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй Акт. Уый ссис юридикон факт Хуссар Ирыстоны Парламенты фыццаг æрсидты æппæт депутатты удуæлдай куысты, принципиалондзинад æмæ куырыхон позицийы фæрцы. Карз тохы ист документ ссис республикæйы дарддæры рæзты бындур».

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.