3-æм июлы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы сæргълæудæй уагъд æрцыд æмбырд. Куыд зонæм, афтæмæй паддзахады сæргълæууæг ис дыууæкъуырион карантины йæ резиденцийы, Дзауы. Уырдыгæй онлайн-режимы фæрцы уый дæр хайад райста æмбырды.

Боны фæткы уыд ахæм фарстатæ куыд:

1) 2020-2022 азтæн Инвестицион программæ куыд реализаци цæуы.

2) Гуфта-Къуайсайы фæндаджы 3-аг этапы арæзтад.

3) Арæзтадон æрмæджытæ рæстæгыл æрласын.

4) Цæгат  Ирыстонæй дарддæр дæр цы кусджытæ цæудзæн, уыдонæн æнæмæнг кæй у дыууæкъуырион карантин, республикæмæ æрцыды фæстæ.

Æмбырды хайад райстой, Инвестицион программæйы цы 52 мадзал ис, уыдоныл цы арæзтадон фирмæтæ кусы, уыдон минæвæрттæ.

Æмбырды РХИ-йы сæргълæууæг цымыдис кодта куыд хардз цæуынц, Уæрæсейы Федераци Инвестпрограммæйæн цы фæрæзтæ рахицæн кодта ацы азæн, уыдон. Уый фæдыл  Финансты министр Хæбæлаты Азæ афтæ загъта: «2020 азы Инвестицион программæйæн цы 1,5 миллиард сомы рахицæнчындæуыд,  уыдонæй спайда кодтам абоны онг æрмæстдæр 3%, ома, 42,5 милуан сомы. Ацы аз та нывæзтмæ гæсгæ хъуамæ суммæйæ æмткæй хардз æрцыдаид 9 проценты».

Уый фæдыл Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, фæрæзтæй пайда кæныны æвзæр темптæ баст сты ныры онг Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы  Федерацийы ‘хсæн социалон æмгуыстады фæдыл бæрæг аххосæгтæм гæсгæ Æхсæнхицауадон къамисæн фембæлд кæй нæ уыд, уый. Фæлæ апрелы мæйы онлайн-режимы рабадты рæстæджы къамис цы фарстатæ аскъуыддзаг кодта, уыдоны фæстиуæгæн ныр куыст йæ бынатæй фезмæлдзæнис æмæ алцы дæр хъуамæ ацæуа нывыл. Дзырдта, зæгъгæ, карантинмæ нæ кæсгæйæ фæтагъддæр хъæуы Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтадыл. Кæронмæ ахицæн хъæуы Инвестпрограммæйы фæлгæтты ноджыдæр цы мадзæлттæ арæзт хъуамæ æрцыдаиккой ацы аз, уыдон.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.