РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмбырд ауагъта подрядон организациты сæргълæуджытæн. Йæ раныхасы уый æрдзырдта, уыдон æбæрн ахаст кæй дарынц куыстмæ, æмæ, уый тыххæй кæй фæзыны зындзинæдтæ объектты афоныл эксплуатацимæ раттыны хъуыддаджы æмæ карзæй æрдомдта, цæмæй фæтагъддæр кæной арæзтцæуæг объектты куыстытыл.

Аразджытæ дæр сæ рады Президентæн радзырдтой сæ проблемæты æмæ сæ разы цы ныхдуртæ æвзæры, уыдоны тыххæй.

Ленингоры ног скъолайы арæзтадыл уынаффæгæнгæйæ рабæрæг подрядон организацийы къухдариуæггæнæг Беппиты Иналæн кæй фæзын скъола афоныл эксплуатацимæ раттын, куыстытæ баззадысты графикæй фæстейæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй æппæт куыстытæ дæр хъуамæ баконд æрцыдаиккой ноябры мæйы кæронмæ.

«Ам нырма кæронмæ хъуамæ арæзт æрцæуа скъолайы спортивон фæзуат, лидзæн фæндаг, баскетболон æмæ волейболон фæзуæттæ. Арæзт нæма æрцыд хъармгæнæн системæ, уымæ гæсæ агъуыст мидæгæй у уымæл æмæ ахæм уавæрты та нæй ифтонггæрз-тæ дзы сæвæрæн æмæ йæ сифтонг кæнын», – загъта Беппиты Инал.

Президент Бибылты Анатоли равдыста йе ‘нæразыдзинад.

«Бынатмæ арвитын хъæуы уæлæмхас кусæгон тыхтæ, цæмæй объект рæстæгыл фæуа арæзт. Æз разы нæ дæн ахæм куыстыты темптæй. Арæзтад æдзух хъуамæ уа цæстдарды бын, контроль цæуа йæ арæзтадыл. Бацархайут техникæ æмæ кусæгдых фæдывæр кæныныл. Кусут æхсæвæй-бонæй», – загъта Президент.

Президент Бибылты Анатоли ма байхъуыста Ленингоры поселочы зæххы бын коммуникацитыл цы куыст цæуы, уымæ. Аразджыты хъуыды бахынцгæйæ, Президент бахæс кодта, цæмæй уым дæр фæфылдæр кæной кусæгдых. Аразджытæ ныфс бавæрдтой, æппæт куыстытæ дæр бæстон кæй æрцæудзысты 20 боны æмгъуыдмæ.

«Ныртæккæ уым кусынц дыууæ бригадæйы. Ис ахæм фæнд, цæмæй арæзтадон куыстытæ 20 боны æмгъуыдмæ фæуой», – загъта «Водоканал»-ы генералон директор Зассеты Сергей.

Президент йæ рады банысан кодта, цæмæй æппæт куыстытæ дæр арæзт цæуой куысты график хъахъхъæнгæйæ æмæ рæстæгыл, банысангонд æмгъуыдты, лæвæрд æрцæуой эксплуатацимæ. Президент ма загъта, йæхæдæг иу къуырийы фæстæ ногæй кæй æрцæудзæн æмæ йæхи цæстæй кæй фендзæн арæзтадон куыстытæ  куыд цæуынц, уый.

Йæ бакæнгæ куыстыты тыххæй арæзтадон фирмæ «Мегаполис-Т»-йы сæргълæууæг Джуссойты Константин дæр ныфс бавæрдта йæ бæрны уæвæг Паддзахадон университеты комплекс æмæ медицинон-социалон центр арæзт кæй фæуыдзысты азы кæронмæ, уымæй.

«Университеты агъуысты ныридæгæн цæуынц æфснайæн куыстытæ, хаст æм цæуынц хъæдын дзаумæттæ, хæрзарæзт цæуы йæ алыварс территори», – загъта Джуссойы фырт.

Медицинон-социалон центры тыххæй та подрядон банысан кодта, зæгъгæ, куыстытæ уым цæуынц æнæкъуылымпыйæ. «Дыууæ агъуыстæн дæр æмбæрзт æрцыдысты сæ сæртæ, цæуы дзы мидæггагон куыстытæ æмæ рæхджы æрывналдзысты фасадон куыстытæм. Уыцы объект дæр эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн азы кæрон  загъта Джуссойты Къоста.

Æмбырды ма Президент Бибылты Анатоли æрдзырдта нæ горæты Герцены, Гуыбаты æфсымæрты æмæ Сомихæгты уынджы арæзтадыл æмæ банысан кодта, цæмæй ацы уынгты æппæт куыстытæ дæр бакæной 10-æм декабрмæ.

Паддзахадон драмон театры арæзтадыл дзургæйæ, фирмæ «Эверест»-ы минæвар Руслан Файтыхов радзырдта, цы куыстытæ дзы æххæст цæуынц, уыдоны тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ куыст цæуы зилгæ сценæ, рухсытæ æмæ вентиляцион системæйыл.

Æмбырды фæстæ Президент бабæрæг кодта æмæ йæхи цæстæй федта куыстытæ куыд æххæст цæуынц Паддзахадон драмон театры, уый.

Æрмæгыл бакуыста Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.