22 ноябры Хуссар Ирыстоны адæм фæстаг хæрзбон загътой Сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг ирон лæппу – Тедеты Владикæн.

Владик уыд 4-æм Æфсæддон базæйы службæгæнæг. Дыууæ хатты фæцæф æмæ та-иу адзæбæх ис. Фæстаг хатт фæцæф йæ къахы зæвæт, кæронмæ йын нæма сдзæбæх, афтæмæй та ноябры фыццаг бонты ацыд йæ Æфсæддон хайад кæм уыд, уырдæм. Бинонтæ цардысты ахæм ныфсимæ, зæгъгæ, йын Хуыцау æххуыс кæны,  æмæ сæм тагъд сæ хъайтар æрыздæхдзæн сæрæгасæй. Фæлæ… Цхинвалмæ Тедеты Владикы мард буар æрластой къуырисæры, 19-æм ноябры.

Фæстаг хæрзбон зæгъынмæ æрбацыдысты бирæ адæм, се ‘хсæн уыд РХИ-йы Президент Гаглойты Алан.

Тедеты мыггаджы хистæр траурон митинджы загъта «Ацы хъæбатыр лæппуйы зыдтон йæ райгуырдæй  фæстæмæ. Уæздандæр æмæ æгъдауджындæр лæппуйæн гæнæн нæ уыд. Йæ райгуырæн бæстæ бирæ кæй уарзта, уый алчидæр зоны. Йе ‘мбæлттæн бæззыд æмгарæн, хистæртæн та кæстæрæн. Нæ лæппутæй нырма бирæтæ ис сæрмагонд æфсæддон операцийы æмæ сын уадз, Владик уымы бæстæй арфæ кæнæд, цæмæй сæ бинонтæм, сæ Ирыстонмæ æрыздæхой сæрæгасæй».

Тедеты Владикы командир та митинджы загъта: «Тедейы фырт фæмард Донецкы карз тохты рæстæджы. Ахæм æфсæддон уыдис æмæ цы фæнды хæслæвæрд ын ма бакодтаис, алы хатт дæр æй æххæст кодта цæсгомджынæй. Цы æмбæлттимæ иумæ тох кодта, уыдонæн кæддæриддæр уыд цæвиттойнаг. Ахуыр сæ кодта хæцын, тохты рæстæджы йæ разæй никæй уагъта. Æрæджы ныццыд йæ радон улæфтæй. Фронты раззаг хахмæ ацыд, хъыганæн, уый разындис йæ фæстаг тох. Нал æрыздæхт уыцы тохæй, фæмард хъæбатырæй. Иумæйаг тыхтæй нæ бон ссис йæ мард ын йæ Райгуырæн бæстæмæ æрласын».

Хæстоныл цыд 36 азы. Кæугæйæ баззадысты ныййарæг мад, æфсымæр, дыууæ хойы æмæ йæ цардæмбал.

Президенты Барамындмæ гæсгæ Тедеты Владик хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майданæй  йæ амæлæты фæстæ.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.