Кæд аваритæн сæ фылдæры ничи ницы ныццæвы, уæддæр кæддæрты æрцæуы трагикон цаутæ дæр. Уымæ гæсгæ, милицийы фæндагон змæлды æдасдзинады управленийы куыст комкоммæ здæхт у аваритæ ма æруадзынмæ, шофыртимæ профилактикон куыст кæнынмæ, фæткхалджыты карзæй æфхæрынмæ. Ацы ахсджиаг фарстаты фæдыл дзырдтой афæдзы дæргъы бакæнгæ куысты фæдыл фæндагон змæлды æдасдзинады управленийы хыгъдон æмбырды.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспектортæ афæдзы дæргъы республикæйы фæндæгтыл срегистраци кодтой 201 ава-ийы, уый 2020 азмæ куы абарæм, уæд сæ нымæц бæрæг фæфылдæр, – 2020 азы æрцыдис 137 аварийы. Авариты фæстиуæгæн фæмардысты 6 адæймаджы æмæ та ам дæр сæ нымæц иу ахæмы фæфылдæр, – 2020 азы авариты фæмардис 3 адæймаджы. Кæд æмæ авариты нымæц фæфылдæр, мæлгæ дæр фылдæр акодта, уæддæр алыгъуызон цæфтæ чи райста, уыдоны нымæц та фæкъаддæр ис æмæ уый дæр хорз хабар у. Азы дæргъы авариты алыгъуызон травмæтæ райстой 31 адæймаджы, 2020 азы та сæ нымæц уыд – 43.

Фæндагон-транспортон цаутæ æрцæуыны аххосæгтæ бахынцыны фæстиуæгæн инспектортæ рабæрæг кодтой, авариты фылдæр хайы аххосджын кæй разынынц нозтджын шофыртæ. Уымæй уæлдай ма фæндагон-транспортон цаутæ æрцæуынц стыр тагъдадæй скъæрыны фæстиуæгæн. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр æмæ фæндагон-транспортон цаутæн сæ фылдæр хай кæй æрцыдысты горæт Цхинвалы – 125 аварийы. Стæй ма алыгъуызон цæфтæ дæр фылдæр хатт райсынц горæты æр-цæугæ авариты.

Статистикæмæ куы æркæсæм, уæд алыгъуызон фæткхалæн цауты нымæц дæр фæфылдæр ис, – 11 545 хатты шофыртæ фехæлдтой фæндагон фæткойтæ. 2020 азы ахæм цауты нымæц уыд 9 633. Фæлæ уыимæ иумæ нозтджын шофырты нымæц та фæкъаддæр ис, – азы дæргъы баурæдтой 380 нозтджын шофыры, 2020 азы та сæ нымæц уыд 450.

Уымæй уæлдай ма бæлвырд æрцыдысты, арæхдæр аваритæ кæм цæуынц, ахæм бынæттæ. Иууыл тæссагдæр бынатыл нымад æрцыдис Цхинвал-Дзауы фæндаджы 1-3 километр, – азы дæргъы дзы æрцыд 11 аварийы æмæ дзы фæмардис 4 адæймаджы.

Куыд уынæм, афтæмæй авариты æмæ фæткхалæн цауты фылдæр хай æрцæуы Цхинвалы. Æмæ уый диссаг дæр нæу.  Уымæн æмæ нæ республикæйы автотранспорты фылдæр хай змæлы Цхинвалы, стæй ма районтæй дæр æдзух горæтмæ фæцæуынц сæ хъуыддæгты фæдыл. Æмæ горæты уынгтæ та уынгæг кæй сты, машинæтæ уромæн бынæттæ дзы фаг кæй нæй, уый тыххæй сæвзæры æндыгъд уавæр, сæйраг уынгтыл аскъæрæн нал вæййы æмæ фæткалæн цаутæ дæр фæфылдæр вæййынц.

Бирæ шофыртæн машинæ бауромыны бынат нæ вæййы æмæ сæ фæуромынц тра-туартыл, афтæмæй зындзинæдтæ æвзарынц фистæг бæлцæттæ дæр.

Æппæт проблемæтæ хынцæгæйæ бæлвырд у, уæззау уавæры кæй сты фæндагон инспектортæ. Ныридæгæн цы аппаратон комплекс æвæрынц фæндæгтыл, «Æдас горæт» зæгъгæ, уый фидæны хъуамæ фæахъаз уа уавæр фæхуыздæр кæнынæн. Æндæр рæтты сæ ивартæ тынг бæрзонд сты æмæ шофыртæ нæ уæндынц фæткойтæ халын. Махмæ дæр иварты суммæтæ куы нæ фæфылдæр кæной, уæд нæм бирæ ницы фæхуыздæр уыдзæнис. Кæмæндæрты 100 сомы, кæнæ 200 сомы ивар ницæуыл дзурæг у, – бафиддзæнис æй æмæ дарддæр халдзæнис фæндагон фæткойтæ.

Ис нæм бирæ ахæм шофыртæ, кæцытæ бары гæххæттытæ райсыны фæстæ сæхи фенхъæлынц æцæг шофыртæ, афтæмæй та сæм фæлтæрддзинад нæ вæййы. Æмæ машинæ скъæрыны та фæлтæрддзинад у иууыл сæйрагдæр. Хорз уаид æмæ, нæ республикæйы автоскъолайы сæ хъус куы æрдариккой ацы статистикæмæ æмæ сæ дарддæры ахуыры процессмæ куы бафтауиккой фылдæр практикон сахаттæ.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.