«ИРОН АДÆМОН МЕДИЦИНОН ТЕРМИНОЛОГИ»

Æрæджы мыхуыры рацыд Дзабиты Зарбеджы чиныг «Ирон адæмон медицинон терминологи», кæцыйыл чиныгкæсæг сæмбæлд æхсызгонæй. Чиныгмæ хаст æрцыд 1100 медицинон терминæй фылдæр.

ХИПУ-йы профессор Хуыгаты Илья чиныджы фыццаг фарсыл афтæ фыссы: «Ацы темæ ирон æвзагзонынады куыстгонд нæма уыд.  Куыст дихтæ кæны сæргай, æмæ алы сæры дæр лæмбынæг æзæрст цæуынц иу кæнæ иннæ низы медицинон терминтæ, дæтты сын арф анализ æмæ ма уыдонæн цæмæй хос кодтой, уый дæр цæуы афыстгонд. Терминты бары æндæр æвзæгтимæ. Куыстмæ цы дзырдтæ хаст æрцыд, уыдонимæ сты, цы зайæгойтæй сын хос кодтой, уыдон дæр. Ацы зайæгойты æмæ низты нæмттæ дæр рох кæнын байдыдтой æмæ сæ автор ногæй рахаста адæмы рæгъмæ. Уæлдай цымыдисагдæр та уый у, æмæ чиныгкæсæджы кæй зонгæ кæны ирон адæмон медицинæйы историимæ суанг аланты рæстæгæй фæстæ-мæ».

Чиныджы  автор, Дзабийы фырт та йæ разныхасы фыссы: «Ацы куысты сæйраг хæс у, ирон адæмон медицинæйы терминологи бабиноныг кæнын, уымæй дарддæр, ирон адæм ивгъуыд заманы цы хостæй пайда кодтой, алы æмæ алы низты ныхмæ цы амæлттæ агуырдтой, уыдон зæр-дыл æрлæууын кæнын. Нæ фыдæлты хостæй ма абон дæр бирæ цæмæйдæрты пайдагонд цæуы, уæлдайдæр та кæрдæджытæй. Ацы куыстæн æрмæг æмбырд кæнын райдыдтон 1967 азы. Йæ райдианы хос кæныны амæлттæн ницы нысаниуæг лæвæрдтон, сæйрагыл нымадтон дзырдтæ æмбырд кæнын, фæлæ фæстагмæ бамбæрстон: уый уыд рæдыд хъуыддаг. Æрмæг æмбырд кæныны рæстæджы стæм ахæм хъæу баззад Цæгаты дæр æмæ Хуссар Иры дæр, æз кæм нæ уыдтæн. Куыстмæ бахастон фосæн хос кæныны амæлттæ, стæй уыдонимæ баст терминологи.  Хаст æм цæуынц, цы зайæгойтæй хос кодтой, уыдон нæмттæ дæр. Æдæппæтæй сты 1100 бæрц. Бирæ хосæн бæзгæ кæрдæджытæй сæмбæлдтæн, ахæмтыл, йæ ирон ном кæмæн не ссардтон. Уыдон куыстмæ хаст нæ цæуынц. Развæлгъау бузныг зæгъын, раст фиппаинæгтæ мын чи скæна, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр».

Чиныгмæ хаст æрцыдысты 100 зайæгойæ фылдæры нывтæ хуызджынæй, афтæмæй, кæрдæ-джытæй хос кæнынмæ чи цымыдис кæна, уыдонæн сæ базонын уыдзæн æнцондæр. Чиныджы кæронæй лæвæрд цæуы дзырдуат, кæцы стыр пайда фæуыдзæн не ‘мбæстæгтæн. Лæмбынæгæй дзы фыст ис иу кæнæ иннæ низæн кæрдæджытæй куыд хос кæнын хъæуы, уый тыххæй. Афтæ ма дзы ис информаторты номхыгъд дæр.

Ацы чиныг уæлдай тынгдæр фæпайда уыдзæн, низтæн арæх кæрдæджытæй чи хос кæны, уыдонæн. Стыр куыст бакодта Дзабиты Зарбег ацы чиныг рауадзыныл æмæ йын хъæуы бузныджы ныхæстæ зæгъын.  Чиныгæн балхæнæн ис нæ горæты чингуыты магазин «Чингуыты дуне»-йы.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.