Фæстаг дзæнгæрæджы агъоммæ милицийы кусджытæ зилынц республикæйы скъолатыл æмæ хистæркъласонтимæ уадзынц профилактикон мадзæлттæ. Фембæлдтыты рæстæджы сæ бафæдзæхсынц, цæмæй фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбонон мадзæлтты сæхи æнæуагæй ма дарой, ма нуазой карз нозтытæ æмæ ма ма скъæрой автомашинæтæ дæр. Кæннод сæм цавæр æфхæрд æнхъæлмæ кæсы æмæ йын цахæм фæстиуджытæ уыдзæнис, уый фæдыл сын лæмбынæг æрдзырдтой.

Æрæмбырдуæвджытæй бирæтæ афтæ æнхъæлдтой, ома автомашинæ скъæргæйæ фæндагон фæткойтæ куы нæ халай, уæд барсæттæгыл нымад нæ цæуыс. Фæлæ сын милицийы кусджытæ бæлвырдæй загътой, зæгъгæ æнæххæст кары сывæллон автомашинæ куыддæр аскъæра фæндагыл, афтæ нымад у фæткхалæгыл æмæ йæ инспектор фæивар кæндзæнис. Уымæй уæлдай ма ивар æрцæудзæнис машинæйы хицау дæр.

Иумийагæй уавæр хынцгæйæ Мидхъуыддæгты министрад сиды рауагъдонтæм, цæмæй антиæхсæнадон митæ кæнын сæ сæрмæ ма бахæссой æмæ сæхи равдисой æгъдауджынæй. Уыдис нæм, хъыгагæн, ахæм цаутæ дæр, æмæ-иу ахæм бæрæгбонты æрцыдис уды зиæнттæ дæр авариты фæстиуæгæн. Уымæ гæсгæ цалдæр азы размæ карзæй æфхæрын райдыдтой фæткхалджыты, кæцытæ сæ автотранспорт раттынц æнахъомтæм. Ахæм мадзæлттæ райсыны фæстиуæгæн азæйазмæ къаддæр кæнынц фæткхалæн цаутæ, æнахъом шофыртæ дæр арæх нал бахауынц милицийы къухтæм. Фæлæ, гæнæн уæвгæйæ, ахæм цаутæн бынтондæр бынат мауал хъуамæ уа.

Ныййарджытæ та хъуамæ ныффæдзæхсой сæ сывæллæттæн, цæмæй ма баназой карз нозт æмæ сæ мачи сбада шофыры бынаты.

ДЖИОТЫ Александр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.