Нæ царды æппæт къабæзты дæр, уыдоны нымæцы культурæйы къабазы дæр ивындзинæдтæ цæуы хорзæрдæм. Нæ горæты культурон цард цахæм уыдзæн, уый тыххæй нæ уацхæссæг ныхас кæны Цхинвалы администрацийы Культурæйы ног сæргълæууæг Тасойты Игоримæ.

– Горæты къультурæйы хайады сæргъ кæй слæууыдтæ, уый тыххæй мæхи æмæ газет «Хурзæрин»-ы коллективы номæй мæ дæуæн зæгъын фæнды арфæйы ныхæстæ.

– Стыр бузныг дын. Уæхицæн дæр уе ‘нтыстытæй рухс кæнæд уæ зæрдæтæ.

– Зæгъ ма, аивады кæд æмæ кæм сарæзтай фыццаг къахдзæфтæ?

-Аивады фыццаг къахдзæф акодтон, Цхинвалы дыккæгæм астæуккаг скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уæд. Стыр бузныг дæн зарджыты ахуыргæнæг Тъехты Зауырæй. Уый йæхæдæг дæр зарыд рæсугъд æмæ æз дæр фæцайдагъ дæн уый зардыл. Мæ зарджытæ фыццыг хатт магнитон лентæйыл ныффыстон æмæ сæм мæхи бон хъусын уыд, 6 къласы ма куы ахуыр кодтон, уæд. Æппынæдзух уыдтæн скъолайы зарæггæнджыты къорды. Хайад истон  уæды областы скъолаты ‘хсæн конкурсты. Истон алыгъуызон хорзæхтæ.

– Дæ ног куысты фæдыл дæм цавæр хъуыдытæ æмæ фæндтæ ис?

– Алыгъуызон хъуыдытæ æмæ фæндтæ, фæлæ дзы сæйрагдæрыл æз нымайын, цæмæй, нæ аивадон къордты æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ базоной Ирыстонæн æддейæ дæр. Уыцы фадат нын ис, уымæн æмæ нæ фæсивæд алцæмæ дæр сты æвзыгъд. Фæнды мæ, цæмæй Ирыстонмæ æрхонон аивады фæлтæрддæр ахуыргæнджыты.

– Культурæ бæстæйы рæзт æмæ размæцыды ахсы стыр бынат. Цавæр аргъ скæнис нæ горæты культурæйы артдзæстыты архайдæн?

– Критикæ нæ кæндзынæн, фæлæ мæ фæнды, цæмæй  культурæйы артдзæстыты куысты æмвæзад фæбæрзонддæр уа.

– Горæты цал ансамбль æмæ къорды ис?

– Нæ культурон уагдæттæй сæйрагдæртæ сты фыццæгæм æмæ дыккæгæм музыкалон ахуыргæнæндæттæ, Паддзахадон хор æмæ оркестр, сывæллæтты ансамбль «Ирон», Зарæггæнджыты æмæ фольклорон къордтæ «Булæмæргъ» æмæ «Фарн». Нæ хайадмæ хауынц горæты библиотекæ æмæ аивæдты скъола. Архайыц сæ, сæ куыст бирæ чи уарзы æмæ æппынæдзух йæ дæсныйад фæбæрзонддæр  кæныныл чи архайы, ахæмтæ.

– Бантыст дын семæ базонгæ уæвын?

– Мæ куысты фыццаг бонты æз фембæлдтæн семæ, базонгæ стæм. Нæ ныхасы рæстæджы мах базонгæ стæм кæрæдзийы домæнтимæ. Нырæй фæстæмæ кусдзыстæм сæ сæххæст кæныныл.

– Нæ ансамблтæй хуыздæр æнтыстытæ кæмæн ис, республикæйæн æдде æмæ дзы исчи гастролты ацæуы?

– Мæ хъуыдымæ гæсгæ, абоны уонг сæ къухты хуыздæр æнтыстытæ ис ансамбль «Ирон», Паддзахадон оркестр «Айзæлд» æмæ æндæртæн. Уыдон цæвиттойнаг сты сæ куыст, архайд æмæ арæхстдзинадæй. Хъыгагæн республикæйæн æддейæ дзы ничима уыд.

Дæ архайды цахæм проблемæтыл сæмбæлдтæ æмæ сæ аиуварс кæныныл куыд кусдзынæ?

– Проблемæтыл дзургæ нæ кæндзынæн, хъæуы сыл кусын æмæ сыл кусдзыстæм. Уый адæм æнæмæнгæй рахатдзысты. Сæрмагонд хъусдард здахдзыстæм, нæ фыдæлтæй нæм цы аивад æрхæццæ, уый пропагандæ кæнынмæ. Уымæ гæсгæ æввахс рæстæджы ивындзинæдтæ хаст æрцæудзæнис фолклорон ансамбль «Фарн»-ы куыстмæ. Архайдзыстæм куыст фæхуыздæр æмæ фæхъæздыгдæр кæныныл.

– Ацы аз цавæр мадзæлттæм цæттæ кæнут уæхи?

– Ныртæккæ нæхи цæттæ кæнæм 9 майы – Стыр Уæлахизы бæрæгбон æмæ нæ рауагъдонты цытæн мадзæлттæм. Уый фæстæ æрæвналдзыстæм 20 сентябры Республикæ расидыны бон банысан кæнынимæ баст мадзæлттæм цæттæ кæнынмæ. Июны фæудмæ фæнд кæнæм, цæмæй скъоладзауты ‘хсæн ауадзæм фестиваль зарынæй «Цхинвал-Юрмала». Чи дзы фæуæлахиз уа, уыдон арвитдзыстæм æмæ хайад райсдзысты Юрмалайы æрвылазон эстрадон концерты.

– Æрæджы банысан кодтам Сылгоймæгты дунеон бон. Цахæм уыдзысты дæ фæндиæгтæ Ирыстоны сылгоймæгтæн?

– Иууылдæр уæд æнæниз æмæ цæрæд  сабыр арвы бын. Нырма чысыл чи у, уыдон æнæнизæй байрæзæт нæ Ирыстонæн аккагæй. Амондмæ чи æнхъæлмæ кæсы уыдон æй ссарæт рæсугъдæй. Хъæбултæ кæмæн ис, уыдон та æфсæст уæд сæ хъæбулты хорздзинæдтæй. Нæ нанаты та уæд уый бæрц амонд, цæмæй алы хатт дæр сæрыстыр уой, чи сын ис, уыдонæй.

Нæ Иры сылгоймæгтæ, уе ‘ппæты дæр 8 марты хорзæх уæд!

Гæззаты Иван  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.