Хуссарирыстойнаг дзюдоисттæ аст майданы рамбылдтой дзюдойы бындурæвæрæг Дзигоро Канойы номыл гом фестиваль «Кубок Льва»-йы, кæцы уагъд цыд Стъараполы крайы горæт Ессентукийы. Ерысты Хуссар Ирыстоны спортивон кад хъахъхъæдтой Республикон комплексон спортивон скъола æмæ Знауыры районы дзюдойы скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Республикон комплексон спортивон скъолайы минæвæрттæй сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Уалыты Герман (+66 кг) æмæ Быценты Игорь (+90 кг). Дыккаг бынæттæ бацахстой Хъуылымбегты Феликс (81кг) æмæ Плиты Ибрагим (55 кг), æртыккаг та ссис Кобесты Таймураз (73 кг). Знауыры дзюдойы скъолайы хъомылгæнинæгтæй та сыгъзæрин майданты хицæуттæ систы Джиоты Артур (38 кг) æмæ Гæбæраты Алан (+50 кг). Бронзæйон хорзæх та бафтыд Æлборты Роберты къухты (46 кг).

Спортсменты тренертæ сты Хъотайты Дмитри, Касаты Ацæмæз, Гæбæраты Инал æмæ Гæджиты Алан.

«Тынг райгонд стæм нæ спортсменты архайдæй. Ерысты иумиагæй хайад райстой 1000 спортсменæй фылдæр. Нæ хъомылгæнинæгтæй бирæты бахъуыд фæйнæ 4-5 тохы акæнын. Мæ хъуыдымæ гæсгæ нæм спортивон амонд ноджы хуыздæр куы бахудтаит, уæд сыгъзæрин майдантæ ноджы фылдæр рамбылдтаиккам», – банысан кодта Хъотайты Дмитри.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.