Фыдæлты ингæнтæ!

Рох, æнæцырт, æнæбæрæг…

Ничи сæ зоны – кæм ысты,

Нæ зонын æз дæр

Æмæ сæ кæм агурон, адæм,

Нæ тæргайлыгъд фарнау?..

    Мæ сæрæн ма иу хос ыссардтон, – ыскодтон нæ фыдæлтæн иумæ сæ мæсгуыты арыд, цæф дуртæй мæ зæрдæйы рæбын зæппадз.

                                                  НАФИ

Ирыстон. Æнусты дæргъы фыдæвзарæн фæндæгтæ, удуæлдай тох сæрибары сæрыл, уæззау цард уыдысты дæ уынгæг дугты мæт æмæ катай. Дæ хæхты цъассытæй, дæ тъæпæнсæр хæдзæрттæй цал æмæ цал хатты райхъуыст сидзæргæсы хъарæг, æххормаг сабийы кæуын æмæ хъæбатыртыл зарæг.

 Фыдæй-фыртмæ ирон лæг æппæты стырдæр хæрзиуæгыл нымадта сæрибар æмæ йæ номыл цыди мæлæтмæ, уымæн æмæ сæрибар у лæгдзинад, æгъдау æмæ фарн, æнæ уыдон та мæлæт хуыздæр. …

Ручъы зылды цы растадонтæ уыди, уыдон 1920 азы апрелы райдианы схæцыдысты знаджы æфсæдты ныхмæ. Меньшевикты ‘фсад бирæ тыхтимæ бырста æфцджытæн, цæмæй сæ фæндаг сæхгæдтаид Цæ гат Кавказæй Гуырдзыстонмæ цæуæг Сырх æфсады хæйттæн æмæ Хуссар Ирыстоны рæстагонтæн.

Иры фæсивæдæй Цæгат Кавказы цы æфсæддон революцион бригад сырæзт, уый Ручъы растады хабар куы фехъуыста, уæд 1920 азы майы атындзыдта, цæмæй сын баххуыс кодтаид. Уыцы бригад 1920 азы 6 июны ныппырх кодта меньшевикты тыхты Дзауы, 7 июны рахызт Сверыл, Чъехыл, Ачабетыл Цхинвалмæ, знаджы дæрæн кæнгæйæ. Ацы тохæн разамынд лæвæрдта Хуссар Ирыстоны Ревком.

1920 азы 8 июны Хуссар Ирыстоны Революцион комитет сарæзта стыр митинг æмæ Цхинвалы расидт Советон Хицаудзинад. Гуырдзыстоны хицауад уый куы базыдта, уæд 1920 азы 12 июны Хуссар Ирыстонмæ ‘рбакалдта бирæнымæцон æфсад Герман æмæ Англисы æххуысæй. Райдыдтой æвирхъау фыдракæндтытæ. Ирæттыл кодтой комкоммæ цуан, сыгътой, мардтой æнаххос сабыр цæрджыты.

Мæ фыды фыд Цхуырбаты Мути 1920 азы уыд партизан, æмæ уæды цаутæ йæ зæрдыл бадардта, фæлæ-иу ын се ‘рымысын тынг зын уыд…

Меньшевикты гвардийы хистæр Уалико Джугъели зынджы хай бакодта Хуссар Ирыстоны хъæутæ. Сармадзантæй пырх кодта адæмы хæдзæрттæ æмæ йæхицæй ныббуц, йæхи абарста, рагон Ром чи басыгъта, уыцы император Неронимæ.

Ахæм фыдмитæ кодтой сусæгæй, æргомæй Чхенкели, Чхеидзе, Химшиашвили, Карцивадзе, Квинитадзе, Рамишвили, Жгъенти æмæ се ‘ппæтæй бæрзонддæр бадæг Жордания.

Знаджы ныхмæ удуæлдай тох кодтой растадонты къордтæ. Сæ сæргъы лæууыдысты Иры хуыздæртæ: Санахъоты Мате, Дзуццаты Арсен, Гаглойты Тъотъо, Дзаттиаты Алыксандр æмæ бирæ æндæр ирон патриоттæ. Хъыгагæн, растадонтæн нæ фаг кодта нæмгуытæ, хæцæнгарзæй дæр ифтонг нæ уы-дысты, фæлæ уæддæр знагæн аккаг ныхкъуырд лæвæрдтой. Уавæр карзæй-карздæр кодта æмæ растадонты къордтæ ахсджиаг хæс райстой сæхимæ: лигъдæтты æдасдзинад. Тыхамæлттæй урæдтой меньшевикты æфсæдты бырст, афтæмæй хъахъхъæдтой лидзæг адæмы.

Санахъоты Мате ма фæстаг хатт бацыди тохы меньшевикты æфсадимæ Ручъы хъæуы кæрон, стæй уый дæр æд къорд рацыд Цæгат Ирыстонмæ. Хæхтæ куы зониккой дзурын, абухгæ знæт цæугæдæттæ куы зæгъиккой, цал уды бацарæфтыд сæ уазал уылæнты… Хæххон бырынцъаг къахвæндæгтæ бамыр сты, æндæр куыннæ дзурынц, былæй сæхи куыд æппæрстой мадæлтæ æд хъæбултæ… Лигъдæтты æбуалгъ уавæр иттæг хорз равдыстой Коцойты Арсен йæ радзырд “Саломи”-йы, Плиты Харитон йæ поэмæ “Сæлимæт”-ы, Хъуылаты Созырыхъо йæ радзырд “Æртындæсæй иумæ”-йы, Беджызаты Чермен йæ радзырдты æмбырдгонд “Мæсгуытæ дзурынц”-ы æмæ бирæ æндæр фысджытæ.

Абон дæр æххæст бæрæг нæу, цас бабын лигъдæттæй, фæндаггон фыдбылызты, низтæй, æххормагæй…

– Цæмæн æрцыд ахæм фыдбылыз 1920 азы Хуссар Ирыл? Æрæгмæ йæм цæмæн цыд æххуыс? Уыдæттæ сты сæрмагонд фарстытæ.

Бирæ тохты фæстæ 1921 азы 5 мартъийы Цхинвалы æрфидар Советон хицаудзинад.

– Рацыдис дæсгай азтæ, фæлæ та истори сфæлхатт кодта йæ ивгъуыд.

1989-1992, 2004, 2008 азты та сæрибары сæрыл тох кæнын бахъуыд Хуссар Ирыстоны. 2020 азы 20 июны сæдæ азы сæххæст Хуссар Ирыстоны адæмы геноцидыл.

Рацæудзæн бирæ æнустæ, фæлæ никуы ферох уыдзысты ирон адæмæй сæ фыдæлты хъизæмæрттæ, сæ тугкалд.

Абон хæдбар у Хуссар Ир, тынг зынаргъæй æлхæд у сæрибар!

Уæлахиз уæд Ирыстон Мæздæджы быдыртæй Знауыры рæгътæм, дидинæг калæд æнустæм Уæрæсейы дæлбазыр!

ЦХУЫРБАТЫ Сергей

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.