Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан Цæцæны Республикæйы Культурæйы министр Айшат Кадыровайы схорзæхджын кодта Хæлардзинады орденæй. Хорзæх лæвæрд æрцыд Цхинвалы Цæцæны республикæйы культурæйы бонтæ цытджын æгъдауæй гомкæныны рæстæджы.

Кадджын хорзæх лæвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Цæцæны Республикæйы адæмты ‘хсæн ахастытæ, хæлардзинад æмæ æмгуыстад рæзын кæнынмæ йе стыр бавæрды тыххæй.

«Æз бузныг дæн Алан Эдуарды фыртæй, Цæцæны Республикæйы фыццаг президент, Уæрæсейы Хъайтар Ахмат-Хаджи Кадыровы фырты чызджы профессионалон архайдæн ахæм аргъ кæй скодта. Нæ командæйы алы уæнгæн дæр стыр кад у ахæм ахсджиаг хорзæх райсын, кæцы у, нæ адæмты ‘хсæн рагæй фæстæмæ цы хæларадон ахастытæ сæвзæрд, уый бæлвырдгæнæг.

Алан Эдуарды фырты разамындæй республикæ фæдфæдылонæй рæзы æмæ стыр æнтыстытæ æфты йæ къухты æппæт ахсджиаг здæхтыты. Уый уадзы ахъуыдыгонд æддаггон политикæ, кæцы ахъаз кæны Уæрæсе æмæ æндæр бæстæтимæ фидар экономикон æмæ культурон бастдзинæдтæ æрбæстон кæнынæн.

Бузныг зæгъын Гаглойты Аланæн ахæм уæлдæр хорзæхы тыххæй! Ныфс мæ ис, азæй-азмæ нæ ахастытæ кæй фидардæр кæндзысты æмæ нæ æфсымæрон адæмтæн егъау пайда кæй æрхæсдзысты.

Зæрдиаг арфæ кæнын Айшат Кадыровайæн ахæм уæлдæр хорзæхы æмæ йын йæ лæггæдты банымайыны тыххæй! Цæцæны Республикæйы Культурæйы министрадæн ис адæмон сфæлдыстады æмæ культурон бынты егъау хъомыс, кæцы азæй-азмæ æргом цæудзæн уæрæхæй-уæрæхдæр. Ныфс мæ ис, Айшат Кадыровамæ кæй æнхъæлмæ кæсынц ног æнтыстытæ», – дзырдæуы бузныджы фыстæджы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.