WikiLeaks-ы бындурæвæрæг Джулиан Ассанж 12 азы фæстæ – авд азы Эквадоры минæварады æмæ фондз азы та бритайнаг ахæстоны  фæбадыны фæстæ сæрибар æрцыд æмæ ацыд йæ райгуырæн Австралимæ. Америкæйаг хицауад æй нымадта паддзахадыл гадзрахатæй рацæуæгыл æмæ домдтой, цæмæй йын рахæссой 175 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон. Бирæтæн Ассанж ссис æцæг хъайтар. Йæ фарсхæцынады тыххæй организаци кодтой алыгъуызон мадзæлттæ. 24-æм июны уый сæрибар æрцыд Лондоны кæрон карз режимимæ бритайнаг ахæстон Белмаршæй æмæ бадзырд саразыны фæлгæтты АИШ-ы юстицийы министрад фехъусын кодта йæ ныхмæ уголовон хъуыддаг урæд кæй цæуы, уый тыххæй.

Ассанж сразы ис АИШ-ы прокуратурæимæ бадзырд сара-зыныл (сделка), кæцыйы фæлгæтты уый хайгай, ома 18 пунктæй иуæй йæхи банымадта аххосджыныл национ хъахъхъæнынады тыххæй информаци кæй раргом кодта, уый фæдыл. Ассанж æрбаздæхт Австралимæ йæ бинонтæм.

2006 азы Ассанж йе ‘мхъуыдыгæнджытимæ сарæзта WikiLeaks-ы проект. 2010 азы ныммыхуыр кодта цалдæр дæсгай мин конфиденциалон документы, кæцытæ хауынц АИШ æмæ йе ‘мцæдисонгтæ цалдæргай азты Афганистаны, Иракы æмæ æндæр бæстæты цы операцитæ сарæзтой, уыдонмæ. Америкæйаг дипломатты телты, уыцы нымæцы сусæггаг æрмæджытæ кæй ныммыхуыр кодта, уый расайдта хъаугъа. АИШ-ы Ассанжы ныхмæ райдыдтой фæдагуырд, уæлдæр дзырдхæссыны тыххæй закъон фехалыны йæм зæрдæ кæй фехсайдта, уый фæдыл.

2012-2019 азты Джулиан Ассанж  цард Лондоны Эквадоры минæварады. Эквадор ын йæ политикон æмбæхсæндоны бартæ куы аивта, уый фæстæ йæ æрцахста бритайнаг полици æмæ йæ бакодтой Белмаршы ахæстоны, цыран арвыста фондз азæй фылдæр – 1901 боны. Аэропорты йыл сæмбæлдысты йæ фыд, йæ цардæмбал æмæ австралиаг æмбæстæгтæ. АИШ-æн йæ радтыны бар бритайнаг тæрхондон радта 2022 азы апрелы мæйы, фæлæ хъахъхъæдад балæвæрдта апелляци. Уый фæстиуæгæн 2024 азы марты мæйы Ассанжы экстрадици аргъæвдтой фæстæдæр æмгъуыдмæ. Майы мæйы Лондоны бæрзонд тæрхондон Ассанжæн бар радтой экстрадицийы тыххæй бахъаст кæнын.

АИШ-мæ йын æрбаздæхыны бар нал ис. Ассанжы адвокат Барри Поллак банысан кодта, зæгъгæ, WikiLeaks йæ куыст адарддæр кæндзæн.

Ассанж компенсаци хъуамæ бафида 520 мин доллары. Ассанж сулæфыд сæрибардзинады уæлдæф. Тæрхондоны залæй журналист рацыд æмæ иу ныхас дæр не скодта, æрмæст йæ къух атылдта журналисттæм, комментаритæ сын нæ радта

Уый тох кодта æрмæст йæхи барты сæрыл нæ, фæлæ æппæт журналистты бартыл дæр. Йæ ныммыхуыргонд æрмæджытæн уыд стыр нысаниуæг, уымæн æмæ дунейæн раргом кодта Америæйы Иугонд Штатты фыдракæндтæ Афганистан æмæ Иракы, афтæ ма æндæр бæстæты дæр. Ссæрибар æй кодтой АИШ-ы президенты бынатмæ кандидатттæ Байден æмæ Трампы æвзæрстыты агъоммæйы дебатты размæ. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, афтæмæй демократтæ фæлварынц сæхицæн очкотæ æрæмбырд кæнын.

Джулиан Ассанж ссис ныхасы сæрибардзинады сæрыл хъизæмаргæнæг æмæ символ.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.